СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИБЛИЙЫ ЦАРД ӔМӔ МӔЛӔТЫ ТЫХХӔЙ ЦЫ ФЫСТ ИС?
Библийы цард ӕмӕ мӕлӕты тыххӕй цы фыст ис?
Библийы Райдианы чиныгӕй нӕ бон у базонын, фыццаг адӕймаг Адамӕн Хуыцау цы загъта, уый: «Цӕхӕрадоны алы бӕласӕй дӕр хӕр, цас дӕ хъӕуы, уыйбӕрц. Фӕлӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй ма бахӕр. Цы бон дзы бахӕрай, уыцы бон амӕлдзынӕ» (Райдиан 2:16, 17). Уыцы фӕдзӕхст бӕлвырдӕй ӕмӕ хуымӕтӕгӕй ӕмбарын кодта, Адам Хуыцаумӕ куы хъуыстаид, уӕд кӕй нӕ амардаид, фӕлӕ Едемы цӕхӕрадоны кӕй цардаид.
Хъыгагӕн, ӕнусон цард равзарыны бӕсты Адам Хуыцауы фӕдзӕхст ницӕмӕ ӕрдардта, ӕмӕ йын йӕ бинойнаг, Евӕ, хӕрӕн кӕмӕй нӕ уыд, уыцы бӕласы дыргътӕй куы радта, уӕд дзы бахордта (Райдиан 3:1–6). Ӕгоммӕгӕс кӕй разынд, уый цӕмӕ ’ркодта, уый абон нӕхиуыл ӕвзарӕм. Апостол Павел уый афтӕ бамбарын кодта: «Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд» (Ромӕгтӕм 5:12). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы «иу адӕймаг» уыди Адам. Фӕлӕ тӕригъӕд цӕй мидӕг уыд ӕмӕ мӕлӕтмӕ цӕмӕн ӕркодта?
Адам тӕригъӕд ракодта, Хуыцаумӕ зонгӕ-зонын кӕй нӕ байхъуыста кӕнӕ йӕ закъоны сӕрты кӕй ахызт, уымӕй (1 Иоанны 3:4). Тӕригъӕды тыххӕй цы тӕрхон ӕмбӕлы, уый у мӕлӕт, Хуыцау Адамӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Цалынмӕ Адам ӕмӕ йӕ фидӕны байзӕддӕгтӕ Хуыцауы фӕдзӕхст ӕххӕст кодтаиккой, уӕдмӕ, тӕригъӕд цы у, уый нӕ зыдтаиккой ӕмӕ мӕлӕт никуы бавзӕрстаиккой. Хуыцау адӕмы афтӕ не сфӕлдыста, цӕмӕй мӕлой, фӕлӕ цӕмӕй цӕрой – суанг ӕнустӕм.
уд кӕй хонынц, уый ӕмӕ у ӕнӕмӕлгӕ. Фӕлӕ сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ афтӕ уайы, ӕмӕ Хуыцау Адамы сайгӕ кодта. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Кӕд мӕлӕты фӕстӕ адӕймагӕй цыдӕр фӕхицӕн вӕййы ӕмӕ ӕндӕр ран фӕцӕры, уӕд тӕригъӕд мӕлӕтӕй фыст не ’рцӕуы. Хуыцау та загъта, тӕригъӕд мӕлӕтмӕ кӕй ӕркӕндзӕн. Библийы фыст ис: «Хуыцауӕн йӕ бон... нӕу фӕсайын» (Дзуттӕгтӕм 6:18). Ӕцӕгӕй та сайгӕ Хӕйрӕг акодта, Евӕйӕн афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, «нӕ, нӕ амӕлдзыстут» (Райдиан 3:4).
Дзырд дӕр ыл нӕй, «мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр», Библийы куыддӕриддӕр фыст ис, афтӕ. Фӕлӕ адӕймаг куы амӕлы, уӕд ма дзы исты цӕргӕйӕ баззайы? Гӕнӕн ис, бирӕтӕ зӕгъой, зӕгъгӕ дзы баззайы,Уымӕ гӕсгӕ ӕвзӕры фарста: кӕд ӕнӕмӕлгӕ уды тыххӕй ахуырад мӕнг у, уӕд адӕймагыл мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы?
БИБЛИ АЛЦЫДӔР ӔМБАРЫН КӔНЫ
Библийы Райдианы чиныджы кӕсӕм: «Йегъовӕ Хуыцау сыджытӕй скодта адӕймаджы ӕмӕ йын йӕ фындзыхуынчъыты баулӕфыд цард, ӕмӕ адӕймаг сси цӕрӕг уд» (Райдиан 2:7). Дзырдбаст «цӕрӕг уд» ратӕлмац кодтой дзуттаг дзырдӕй, не́феш, зӕгъгӕ, ӕмӕ комкоммӕ нысан кӕны «удӕгас».
Библи бӕлвырдӕй ӕмбарын кӕны: Хуыцау адӕймаджы афтӕ не сфӕлдыста, ӕмӕ йӕ мидӕг ӕнӕмӕлгӕ уд уа. Алы адӕймаг дӕр у «цӕрӕг уд». Уӕдӕ Библийы цасфӕнды ма агурай, уӕддӕр дзы никуы ссардзынӕ дзырдбаст «ӕнӕмӕлгӕ уд».
Кӕд Библийы афтӕ фыст нӕй, ӕмӕ адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд ис, уӕд бирӕ динтӕ ӕндӕрхуызон цӕмӕн дзурынц? Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп ссарӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм, рагон Египеты цӕуыл ӕууӕндыдысты, уымӕ.
МӔНГ АХУЫРАД АПАРАХАТ
Н. э. размӕ 5 ӕнусы цӕрӕг грекъаг историк Геродот загъта, зӕгъгӕ, «адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд кӕй ис, ууыл фыццаг ӕууӕндын райдыдтой» египетӕгтӕ. Рагон Вавилоны цӕрджыты дӕр уырныдта, адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд кӕй ис. Н. э. размӕ 332 азы Македойнаг Алыксандр Ӕввахс Скӕсӕн куы бацахста, уӕдмӕ грекъаг философтӕн уыцы ахуырад зындгонд уыди, ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ апарахат ӕгас Грецийы паддзахады.
Библийы никуы ссардзынӕ дзырдбаст «ӕнӕмӕлгӕ уд»
Н. э. фыццаг ӕнусы дыууӕ зындгонд дзуттаг сектӕйы, ессейтӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дзырдтой, зӕгъгӕ, дам адӕймаг куы амӕлы, уӕд йӕ уд цӕргӕйӕ баззайы. Иу энциклопедийы фыст ис: «Адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд кӕй ис, ууыл дзуттӕгтӕ ӕууӕндын райдыдтой, грекъаг философи сӕм кӕй фӕхӕццӕ, уый тыххӕй, сӕйраджыдӕр та Платоны философийы тыххӕй» (The Jewish Encyclopedia). Дзуттаг историк Иосиф Флавий цард фыццаг ӕнусы, ӕмӕ уый дӕр дзырдта, уыцы ахуырад Сыгъдӕг Фыстады кӕй нӕй, фӕлӕ йыл «грекъӕгтӕ кӕй ӕууӕндынц», ӕмӕ цӕуыл ӕууӕндыдысты, уыдон нымадта таурӕгътыл.
Грекъӕгты ахуырад дарддӕр парахат кодта, ӕмӕ, йӕхи чырыстон чи хуыдта, уыдон дӕр уыцы мӕнг ахуырадыл ныххӕцыдысты. Историк Йона Лендеринг загъта: «Платон дзырдта, зӕгъгӕ, кӕддӕр нӕ уд хорз бынаты уыд, фӕлӕ ныр та цӕры фыддунейы. Уыцы философи ӕнцонтӕй ахъардта чырыстон дины». Афтӕмӕй «чырыстон» аргъуан ныххӕцыд ӕнӕмӕлгӕ уды тыххӕй мӕнг ахуырадыл, ӕмӕ абон йӕ сӕйраг ахуырӕдтӕй иу у.
«РӔСТДЗИНАД [УӔ] ССӔРИБАР КӔНДЗӔН»
Фыццаг ӕнусы апостол Павел фӕдзӕхста: «Пехуымпар-ныхас бӕлвырд дзуры, кӕй ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕджытӕ, ӕмӕ иуӕй-иутӕ уырнындзинады фӕндагӕй ахаудзысты, уымӕн ӕмӕ хъусдзысты, адӕймаджы зонд чи зыгъуыммӕ кӕны, ахӕм пехуымпар-ныхӕстӕм ӕмӕ хӕйрӕджыты ахуырӕдтӕм» (1 Тимофеймӕ 4:1). Куыд раст сты ацы ныхӕстӕ! «Хӕйрӕджыты ахуырӕдтӕй» ӕнӕмӕлгӕ уды тыххӕй ахуырад ӕрмӕст иу цӕвиттон у. Уыцы ахуырад Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу, ӕмӕ йӕ уидӕгтӕ цӕуынц рагон мӕнг динтӕ ӕмӕ философитӕй.
Фӕлӕ нын Чырыстийы ныхӕстӕ удӕнцой хӕссынц: «Базондзыстут рӕстдзинад, ӕмӕ уӕ рӕстдзинад ссӕрибар кӕндзӕн» (Иоанны 8:32). Библийы рӕстдзинад бӕлвырдӕй куы базонӕм, уӕд сӕрибар уыдзыстӕм, Хуыцауы чи ӕгад кӕны, уыцы ахуырӕдтӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕй. Ӕппӕт уыдӕттыл фидар хӕцынц, дунейы цы динтӕ ис, уыдонӕй бирӕтӕ. Хуыцауы Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый ма дӕ ссӕрибар кӕндзӕн, мӕнг дин мӕлӕты тыххӕй цы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ ахуырӕдтӕ амоны, уыдонӕй. (Кӕс рамкӕ « Чи амард, уыдон кӕм сты?».)
Не Сфӕлдисӕг адӕймаджы афтӕ не скодта, цӕмӕй зӕххыл ӕрмӕст 70 кӕнӕ 80 азы цӕра ӕмӕ стӕй та искуы уӕлӕрвты ӕнустӕм цӕра. Райдианы йӕ фӕнд уыд, цӕмӕй адӕм йӕ коммӕгӕс сывӕллӕттау ам, зӕххыл, ӕнустӕм цардаиккой. Уымӕй бӕрӕг у, Хуыцау адӕмы куыд тынг уарзы, уый ӕмӕ йӕ фӕнд ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзӕн (Малахи 3:6). Ныфс нӕ уадзынц псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29).