БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД
Бейсболӕй тынгдӕр ницы уарзтон!
-
РАЙГУЫРД: 1928 АЗ
-
БӔСТӔ: КОСТА-РИКӔ
-
РАЗДӔР: СӔЙРАГДӔР ЫН УЫД СПОРТ ӔМӔ УАРЗТА ӔХЦАЙЫЛ ХЪАЗЫН
МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД
Ӕз райгуырдтӕн ӕмӕ схъомыл дӕн наулӕууӕн горӕт Лимонмӕ ’ввахс, уый ис Коста-Рикӕйы скӕсӕнырдыгӕй. Мӕ ныййарджытӕн уыди аст сывӕллоны, ӕмӕ ӕз уыдтӕн ӕвдӕм. Мӕ фыд амард, аст азы мыл куы цыд, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ нӕ нӕ мад иунӕгӕй хъомыл кодта.
Бейсбол алкӕддӕр тынг уарзтон. Гыццылӕй фӕстӕмӕ спорт мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд. Хистӕр кълӕсты куы ахуыр кодтон, уӕд иу командӕйы хъазын райдыдтон. Цалдӕр азы фӕстӕ мын, Никарагуайы сӕйраг командӕтӕй иуӕн спортсментӕ чи агуырдта, иу ахӕм лӕг загъта, цӕмӕй сӕ командӕйы хъазын райдыдтаин. Уӕд мыл цыди 20 азӕй гыццыл фылдӕр. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг мӕ рынчын мадмӕ кастӕн, ӕмӕ мӕ нӕ фӕндыд Никарагуамӕ ацӕуын, ӕмӕ не сразы дӕн. Фӕстӕдӕр та мӕ Коста-Рикӕйы сӕйраг командӕмӕ фӕхуыдтой. Уым ӕрӕмбырд кодтой хуыздӕр спортсменты алыхуызон командӕтӕй. Ацы хатт сразы дӕн. Сӕйраг командӕйы хъазыдтӕн 1949 азӕй 1952 азмӕ. Цалдӕр хъазты ахъазыдтӕн Кубӕйы, Мексикӕйы ӕмӕ Никарагуайы. Ӕз уыдтӕн бейсмен, ӕмӕ хорз хъазыдтӕн – 17 хъазтӕй иуы дӕр нӕ фӕрӕдыдтӕн. Адӕм-иу мын мӕ ном кӕй хъӕр кодтой, уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди!
Хъыгагӕн, ӕнӕгъдау цард дӕр кодтон. Кӕд мын уарзон уыди, уӕддӕр ӕдзух мӕхи ӕндӕр чызджытимӕ ирхӕфстон. Стӕй ма фыднозт дӕр кодтон. Иухатт афтӕ барасыг дӕн, ӕмӕ дыккаг бон куы райхъал дӕн, уӕд ӕй хъуыды дӕр нал кодтон, хӕдзармӕ куыд ӕрбацыдтӕн, уый! Уарзтон доминойӕ ӕхцайыл хъазын, ӕмӕ-иу лотерейтӕ ӕлхӕдтон.
Уыцы рӕстӕг мӕ мад Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сси, ӕмӕ-иу ӕй фӕндыд, цӕмӕй-иу мын йӕ дины тыххӕй радзырдтаид. Фӕлӕ мӕнӕн мӕ хъуыдытӕ иууылдӕр спортыл уыдысты. Тренировкӕты рӕстӕг-иу мын ӕххормаг дӕр нӕ уыд – ӕрмӕстдӕр-иу хъазтыл хъуыды кодтон! Бейсболӕй тынгдӕр ницы уарзтон!
Фӕлӕ мыл 29 азы куы цыд, уӕд мӕхи тынг ныццавтон, хъазты рӕстӕг пурти ӕрцахсынмӕ куы хъавыдтӕн, уӕд. Куы сдзӕбӕх дӕн, уӕд командӕйӕ ацыдтӕн. Фӕлӕ уӕддӕр бейсбол бынтон нӕ ныууагътон – нӕ хӕдзармӕ ’ввахс иу командӕйы тренерӕй кусын райдыдтон.
БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА
1957 азы мӕ фӕхуыдтой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты конгресмӕ. Конгресс цы стадионы уыд, уым раздӕр бейсболӕй хъазыдтӕн. Ӕвдисӕнтӕ куыд ӕгъдауджын сты, уымӕ кӕсгӕйӕ ахъуыды кодтон, куыд тынг хицӕн кӕнынц, бейсболы рӕстӕг-иу адӕм сӕхи куыд дардтой ӕмӕ-иу цытӕ кодтой, уымӕй. Конгрессы цы федтон, уый мӕ сразӕнгард кодта, цӕмӕй Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдтаин.
Библийӕ-иу цы базыдтон, уый мӕ дисы ӕфтыдта. Зӕгъӕм, Йесо Чырысти загъта, фӕстаг бонты йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕгас дунейы дӕр кӕй хъусын кӕндзысты (Матфейы 24:14). Стӕй ма базыдтон, ӕцӕг чырыстӕттӕ ӕхца бакусыны тыххӕй кӕй нӕ хъусын кӕнынц, уымӕн ӕмӕ Чырысти загъта: «Лӕвар райстат – лӕвар дӕттут» (Матфейы 10:8).
Библийы ахуыры рӕстӕг-иу цы базыдтон, уый-иу абарстон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ’хсӕн цы уыдтон, уыимӕ. Ӕмӕ мӕм диссаг касти, куыд зӕрдиагӕй архайдтой, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕгас дунейы дӕр хъусын кодтаиккой. Уыдтон ӕй, Йесо чырыстӕттӕн цы бафӕдзӕхста, уый кӕй ӕххӕст кӕнынц. Ӕмӕ Марчы 10:21 стихы Йесойы ныхӕстӕ куы бакастӕн, цу мӕ фӕдыл, зӕгъгӕ, уӕд мӕ бафӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суыдаин.
Фӕлӕ цӕмӕй мӕ цард аивтаин, уый тыххӕй хъуыди рӕстӕг. Зӕгъӕм, бирӕ азты дӕргъы алы къуыри дӕр лотерейӕ хъазыдтӕн, ӕмӕ-иу уыцы иу нымӕцыл сӕвӕрдтон, афтӕ мӕм каст, ӕмӕ уӕд рамбулдзынӕн. Фӕлӕ Библийӕ базыдтон, Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуынц, «Амонды хуыцауыл» йӕ ныфс чи дары ӕмӕ зыд чи кӕны, ахӕм адӕм (Исай 65:11; Колоссӕгтӕм 3:5). Мӕхицӕн фидарӕй загътон, кӕй нал хъаздзынӕн. Ӕмӕ стӕй хуыцаубоны рамбылдта, ӕз-иу цы нымӕцыл сӕвӕрдтон, уый! Адӕм мыл худтысты, уымӕн ӕмӕ уыцы къуыри нӕ хъазыдтӕн, ӕмӕ мын дзырдтой, цӕмӕй дарддӕр дӕр хъазыдаин. Фӕлӕ уӕддӕр ӕз не сразы дӕн, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ никуыуал хъазыдтӕн.
Конгрессы донаргъуыд цы бон райстон, растдӕр уыцы бон сӕмбӕлдтӕн ноджыдӕр иу фӕлварӕныл, ӕмӕ уый фӕрцы сбӕрӕг, мӕ «удыхъӕд ногмӕ раивтон», ӕви нӕ (Ефесӕгтӕм 4:24). Уыцы изӕр гостиницӕмӕ куы ’рбаздӕхтӕн, уӕд мӕм мӕ дуары раз ӕнхъӕлмӕ каст мӕ раздӕры уарзон. «Мӕ зынаргъ Сэмми, цы хорз уаид, ацы изӕр иумӕ куы арвитиккам!» – загъта мын уый. Фӕлӕ йын ӕз фидарӕй загътон, нӕ, зӕгъгӕ. Стӕй йын бамбарын кодтон, ныр Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрын (1 Коринфӕгтӕм 6:18). «Цы загътай, цы?» – бадис кодта уый, ӕмӕ райдыдта, Библи ӕнӕгъдаудзинады тыххӕй цы дзуры, ууыл худын. Загъта ма мын, цӕмӕй та ногӕй ӕмбӕлын райдыдтаиккам. Фӕлӕ ӕз мӕ къомнӕтмӕ бацыдтӕн ӕмӕ дуар сӕхгӕдтон. Абон сӕрыстыр дӕн, 1958 азы Ӕвдисӕн куы сдӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы уагӕвӕрдты сӕрты кӕй никуы ахызтӕн, уымӕй.
АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН
Библимӕ гӕсгӕ кӕй цӕрын, уый мын цас арфӕдзинӕдтӕ ӕрхаста, уый тыххӕй мӕ бон чиныг ныффыссын уаид. Зӕгъӕм, ныр мын ис бирӕ хорз ӕмбӕлттӕ, цӕмӕн цӕрын, уый ӕмбарын ӕмӕ ӕцӕг амондджын дӕн.
Ныр дӕр уарзын бейсбол, фӕлӕ мын ныр царды сӕйрагдӕр нал у. Бейсболӕй куы хъазыдтӕн, уӕд уыдтӕн зындгонд ӕмӕ мӕм ӕхца уыди. Фӕлӕ уыдӕттӕ рӕстӕгмӕ сты. Йегъовӕ мӕ хӕлар кӕй у, ӕмӕ мын ӕгас дунейы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕй ис, уый та уыдзӕн ӕнустӕм. Библийы фыст ис: «Дуне дӕр фӕивгъуыйы ӕмӕ йӕ монцтӕ дӕр, Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый та цӕрдзӕн ӕнустӕм» (1 Иоанны 2:17). Ныр ӕппӕты тынгдӕр уарзын Йегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ адӕмы!