Астрологтӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕ фидӕн ӕргом кӕнынц?
АСТРОЛОГИ
Астрологи хауы дӕсны фӕрсынмӕ. Астрологимӕ гӕсгӕ, адӕмы цардыл тынг ӕндавынц стъалытӕ, мӕй ӕмӕ планетӕтӕ. Астрологтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, адӕймагӕн йӕ удыхъӕд ӕмӕ йӕ фидӕн кӕнгӕ сты, йӕ райгуырды рӕстӕг планетӕтӕ ӕмӕ стъалытӕ цы бынӕтты уыдысты, уымӕй.
Астрологи фӕзынд рагон Вавилоны, фӕлӕ йыл абон дӕр бирӕтӕ ӕууӕндынц. Цымӕ астрологтӕ цы дзурынц, ууыл ӕууӕндӕн ис? Нӕй. Мӕнӕ цӕуылнӕ.
-
Планетӕты ӕмӕ стъалыты ахӕм тых нӕй, цӕмӕй, астрологтӕ куыд зӕгъынц, афтӕ тынг ӕндавой адӕмыл.
-
Фидӕны тыххӕй цы фӕзӕгъынц, уый арӕх бӕлвырд нӕ вӕййы, ӕмӕ йӕ кӕмӕфӕнды дӕр вӕййы ахӕссӕн.
-
Абон астрологтӕ стъалытӕм гӕсгӕ цыдӕр базоныныл куы фӕархайынц, уӕд сыл фендавы, раджы заманты адӕм цы хъуыдыйыл хӕст уыдысты, уый, зӕгъгӕ, планетӕтӕ зилынц зӕххы алыварс. Ӕцӕгӕй та планетӕтӕ зилынц хуры алыварс.
-
Алыхуызон астрологтӕ уыцы иу адӕймагӕн йӕ фидӕны тыххӕй алыхуызон цыдӕртӕ фӕзӕгъынц.
-
Астрологтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй адӕймагӕн йӕ удыхъӕд базонӕн ис, зодиакы нысӕнттӕй кӕцымӕ хауы, уымӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та, иу бон чи райгуырд, уыдонӕн уыцы иу миниуджытӕ нӕ вӕййы. Адӕймагӕн йӕ райгуырды бон йӕ удыхъӕдмӕ ӕппындӕр ницы бар дары. Астрологтӕ, адӕймаг ӕцӕгӕй цавӕр у, уымӕ нӕ фӕкӕсынц, фӕлӕ сӕхимӕ гӕсгӕ раст цы у, уыдӕттӕ фӕдзурынц. Цымӕ сӕ ныхӕстыл ӕууӕндӕн ис?
ДӔСНЫ ФӔРСЫН
Рагзамантӕй фӕстӕмӕ адӕм цӕуынц дӕсныфӕрсджытӕм. Дӕсныфӕрсджытӕй иуӕй-иутӕ пайда кодтой цӕрӕгойты ӕмӕ адӕймаджы хуылфыдзаумӕттӕй кӕнӕ-иу дӕсны фарстой, уасӕг хоры мыггӕгтӕ куыд уидзы, уымӕ гӕсгӕ. Иннӕтӕ та дӕсны фарстой цайы сыфтӕй кӕнӕ къофийы гагатыл. Абон та адӕймаджы фидӕн «базоныны» тыххӕй пайда кӕнынц къамтӕй, хъултӕй ӕмӕ ӕндӕр ахӕм дзауматӕй. Цымӕ дӕсныты фӕрцы ӕцӕгдӕр ис базонӕн, фидӕны цы уыдзӕн, уый? Нӕ, ӕмӕ цӕуылнӕ, ууыл дӕр ахъуыды кӕнӕм.
Хабар афтӕ у, ӕмӕ уыцы иу хъуыддаг базоныны тыххӕй алыхуызон дӕсныфӕрсӕн мадзӕлттӕй куы спайда кӕнай, уӕд алыхуызон дзуаппытӕ фехъусдзынӕ. Суанг ма уыцы иу мадзалӕй куы спайда кӕнай, уӕд дӕр дын иу дӕсныфӕрсӕг иу цыдӕр зӕгъдзӕн, иннӕ та – бынтон ӕндӕр цыдӕр. Дзырдӕн, адӕймаг дыууӕ дӕсныфӕрсӕджы уыцы иу цӕмӕйдӕр куы бафӕрса ӕмӕ йын уыцы иу къамтӕй куы фӕрсой, уӕд хъуамӕ сӕ дзуапп дӕр иухуызон уа. Фӕлӕ арӕх афтӕ нӕ вӕййы.
Дӕсны куыд фӕфӕрсынц ӕмӕ цӕмӕн фӕфӕрсынц, ууыл ныр бирӕтӕ дызӕрдыг кӕнын райдыдтой. Ацы хъуыддаджы ныхмӕ чи у, уыдон фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, къамтӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм дзауматӕ сты сайӕнтӕ. Дӕсныфӕрсӕг къамтӕ-йедтӕм нӕ фӕкӕсы, фӕлӕ йӕ ныхӕстӕм хъусгӕйӕ адӕймагӕн йӕ хуыз куыд аивы, уымӕ. Зӕгъӕм, фӕлтӕрдджын дӕсныфӕрсӕг адӕймагмӕ фӕдӕтты иумӕйаг фарстатӕ ӕмӕ стӕй фӕкӕсы, адӕймаг ын цы ӕмӕ куыд фӕзӕгъы ӕмӕ йӕхи куыд фӕдары, уымӕ. Ӕмӕ афтӕ рауайы, цыма дӕсныфӕрсӕг цавӕрдӕр хабӕрттӕ зыдта, кӕд ын сӕ адӕймаг, ӕмбаргӕ дӕр ӕй нӕ бакодта, афтӕмӕй йӕхӕдӕг раргом кодта, уӕддӕр. Иуӕй-иу дӕсныфӕрсджытӕ адӕмы сӕхиуыл афтӕ баууӕндын кӕнынц, ӕмӕ сӕ дуне ’хца расайынц.
БИБЛИ НЫН ЦЫ ДЗУРЫ
Астрологты ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ афтӕ уайы, ӕмӕ нӕ фидӕн нӕ ныхыл фыст у. Фӕлӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у? Библийы фыст ис, цӕуыл ӕууӕндӕм кӕнӕ цы аразӕм, уый нӕхӕдӕг кӕй ӕвзарӕм, ӕмӕ цы равзарӕм, уымӕй кӕнгӕ кӕй у нӕ фидӕн дӕр (Йесо Навин 24:15).
Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ма астрологи ӕмӕ дӕсны фӕрсынӕй сӕхи уымӕн хизынц, ӕмӕ зонынц, Хуыцау ахӕм хъуыддӕгты ныхмӕ кӕй у. Библийы фыст ис: «Уе ’хсӕн хъуамӕ ма уа ахӕм адӕймаг... дӕсны чи фӕрсы, кӕлӕнтӕ чи кӕны, нысӕнттӕ чи халы, хинтӕ чи кӕны ӕмӕ, мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны, уыдонмӕ чи цӕуы, фидӕны цы уыдзӕн, уыдӕттӕ чи дзуры кӕнӕ мӕрдты чи фӕрсы. Ахӕм митӕ чидӕриддӕр кӕны, уый ӕлгъаг у Йегъовӕйы a цӕсты» (Дыккаг закъон 18:10–12).