УЫНАФФӔТӔ. ЦЫ ИС РАИРТАСӔН?
Цы ис саразӕн бинонты ахуыры рӕстӕг кӕнӕ, дӕхӕдӕг Библи куы иртасай, уӕд?
Мах хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты иумӕ куы вӕййӕм, уӕд афтӕмӕй фӕлӕггад кӕнӕм Йегъовӕйӕн. Фӕлӕ ма нӕ лӕггадмӕ хауы, нӕхӕдӕг Библи куы фӕиртасӕм кӕнӕ нын бинонты ахуыр куы вӕййы, уый дӕр. Уыцы рӕстӕгӕй куыд ис спайда кӕнӕн?
-
Уӕхи-иу ӕмбырдмӕ бацӕттӕ кӕнут. Уӕ бон у зарджытӕ дӕр азарын ӕмӕ уӕ бинонтӕй алкӕмӕн дӕр баххуыс кӕнын, цӕмӕй дзуаппытӕ бацӕттӕ кӕной.
-
Библийӕ скъуыддзаг бакӕсут. Уый фӕстӕ-иу, цы бакастыстут, уый сныв кӕнут кӕнӕ та-иу, ногӕй цы базыдтат, уый ныффыссут.
-
Библийы цы куывдтытӕ ис, уыдонӕй искӕцы бакӕсут ӕмӕ аныхас кӕнут, уыцы куывд уын куыд баххуыс кӕндзӕн уӕ куывдтытӕ фӕхуыздӕр кӕнынӕн.
-
Сайты jw.org цы видеотӕ ис, уыдонӕй искӕцымӕ бакӕсут ӕмӕ йыл искӕимӕ аныхас кӕнут йе та ныффыссут, уӕ зӕрдӕмӕ дзы цы фӕцыди, уый.
-
Уӕхи уацамындмӕ бацӕттӕ кӕнут. Уӕ бон ма у уӕ бинонтӕй искӕимӕ афӕлварын, аныхас кӕнын уӕ куыд фӕнды, уый.
-
Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕй истӕмӕ уӕ хъус ӕрдарут. Ахъуыды кӕнут, уымӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн, кӕнӕ йыл искӕимӕ аныхас кӕнут a.
a Кӕс статья «Йегъовӕйы хуыздӕр базон, цы сфӕлдыста, уыдӕтты фӕрцы» 2023 азы мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».