Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Милуангай адӕм фӕкувынц афтӕ: «Ӕрцӕуӕд Дӕ Паддзахад»

Милуангай адӕм фӕкувынц афтӕ: «Ӕрцӕуӕд Дӕ Паддзахад»

Искуы куывтай, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа? Ӕнусты дӕргъы милуангай адӕм фӕкувынц афтӕ: «Ӕрцӕуӕд Дӕ Паддзахад». Цымӕ цӕмӕн фӕкувынц афтӕ? Уымӕн ӕмӕ Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кувой.

Чырысти уыцы Паддзахады тыххӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы загъта, уый фыццаг кӕронмӕ не ’мбӕрстой. Иухатт ӕй уыдон бафарстой: «Хицау, Израилы паддзахад фӕстӕмӕ йӕ къахыл ныр не слӕууын кӕндзынӕ?» Чырысти сын комкоммӕ дзуапп нӕ радта, ӕмӕ сӕм уый, ӕвӕццӕгӕн, диссаг фӕкаст (Хъуыддӕгтӕ 1:6, 7). Цымӕ Чырыстийы дзуапп ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ бон нӕу базонын, Хуыцауы Паддзахад цы у ӕмӕ кӕд ӕрцӕудзӕн, уый? Нӕ, уый афтӕ нӕу.

Ацы журналӕй базондзынӕ дзуапп ацы фарстатӕн:

  • Хуыцауы Паддзахад нӕ цӕмӕн хъӕуы?

  • Хуыцауы Паддзахады Паддзах чи у?

  • Хуыцауы Паддзахад зӕххӕн разамынд кӕд дӕтдзӕн?

  • Хуыцауы Паддзахадӕн цы бантысдзӕн?

  • Хуыцауы Паддзахады фарс слӕууын ныр цӕмӕн хъӕуы?

  • Цы у Хуыцауы Паддзахад?