Дӕ зӕрдӕйы фӕндтыл ма цу
Библийы фыст ис: «Зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр ӕмӕ фыдбылыздӕр ницы ис» (Йер. 17:9). Исты нӕ тынг куы фӕхъӕуы, уӕд цымӕ ӕфсӕнттӕ агурын нӕ райдайӕм, цӕмӕй нӕ къухы бафта?
Библи нӕ фӕдзӕхсы: «Зӕрдӕйӕ цӕуынц фыдвӕндтӕ, марын, цардӕмбалыл гадзрахатӕй цӕуын, хӕтын, давын, мӕнгӕвдисӕн ныллӕууын, фауӕн ныхӕстӕ кӕнын» (Матф. 15:19). Гӕнӕн ис, ӕмӕ ныл нӕ зӕрдӕ гадзрахатӕй рацӕуа, ӕмӕ, Хуыцауы фӕндоны ныхмӕ цы у, ахӕмӕй исты саразӕм. Ӕмӕ цалынмӕ нӕ фӕрӕдийӕм, уӕдмӕ йӕ, чи зоны, ӕмбаргӕ дӕр ма бакӕнӕм, цы сарӕзтам, уый. Уӕдӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу нӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ базонӕм, цалынмӕ-иу исты ӕнӕзонд ми ма бакӕнӕм, уӕдмӕ?
ДӔ ЗӔРДӔЙЫ ФӔНДТӔ ДӔ БОН БАЗОНЫН КУЫД У?
Алы бон дӕр Библи кӕс ӕмӕ дзы цы фыст ис, ууыл хъуыды кӕн.
Апостол Павел ныффыста: «Хуыцауы ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых, уый у цыфӕнды дыууӕкомон хъамайӕ дӕр цыргъдӕр: адӕймаджы афтӕ ахизы, ӕмӕ равдисы, бакастӕй куыд зыны ӕмӕ мидӕгӕй цавӕр у, уый». Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй «базонӕм [нӕ] зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ» (Дзут. 4:12). Библийы цы фӕкӕсӕм, уыдӕттӕ махмӕ куыд хауынц, ууыл-иу куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый хорз ӕххуыс уыдзӕн нӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ базонынӕн. Уӕдӕ куыд ахсджиаг у алы бон дӕр Библи кӕсын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын, цӕмӕй ӕмбарӕм, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны ӕмӕ алы хъуыддагмӕ дӕр цы цӕстӕй кӕсы, уый!
Библийы уынаффӕтӕм куы хъусӕм, уӕд уый не ’фсармыл хорзырдӕм фӕзындзӕн. Не ’фсарм, кӕнӕ нын нӕ мидхъӕлӕс, амондзӕн, цы у хорз ӕмӕ ӕвзӕр, ӕмӕ-иу нӕ афтӕмӕй исты ӕвзӕр ми саразынӕй Ром. 9:1). Уымӕй уӕлдай ма Библийы фыст ис, нӕ бон «зонд райсын» кӕмӕй у, бирӕ ахӕм цӕвиттонтӕ (1 Кор. 10:11). Уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй рӕдыд къахдзӕф ма скӕнӕм. Цы ма нын баххуыс кӕндзӕн?
бахиздзӕн (Хуыцаумӕ кув, цӕмӕй дын дӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ базонынӕн баххуыс кӕна.
Йегъовӕ нын кӕсы нӕ зӕрдӕтӕм (1 Аз. 29:17). Уый «нӕ зӕрдӕтӕй стырдӕр у ӕмӕ алцыдӕр зоны» (1 Иоан. 3:20). Хуыцауы асайӕн нӕй. Цӕуыл тыхсӕм, цавӕр ӕнкъарӕнтӕ нӕм ис ӕмӕ нӕ цы фӕнды, уыдӕттӕ Йегъовӕйӕн нӕ куывды ӕргом куы дзурӕм, уӕд нын баххуыс кӕндзӕн нӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ базонынӕн. Нӕ бон у Хуыцаумӕ суанг афтӕ дӕр кувын, зӕгъгӕ, нын «скӕн... нӕ мидӕг сыгъдӕг зӕрдӕ» (Пс. 51:10). Уӕдӕ цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ базонӕм, уый тыххӕй кувын ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы.
Ӕмбырдты лӕмбынӕг хъус.
Ӕмбырдты цы фӕдзурынц, уымӕ лӕмбынӕг куы хъусӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цавӕр удыхъӕды хицӕуттӕ стӕм, уый базонынӕн, ома нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсынӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы ӕмбырды дӕр ног цыдӕртӕ нӕ фехъусӕм. Фӕлӕ сӕ куы нӕ цух кӕнӕм, уӕд Библийы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ амындтӕ хуыздӕр ӕмбардзыстӕм, ӕмӕ нын уыдон та баххуыс кӕндзысты нӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ базонынӕн. Цӕмӕй нӕ удыхъӕд хуыздӕр кӕна, уый тыххӕй ма нын хорз ӕххуыс фӕуыдзысты нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты дзуаппытӕ дӕр (Ӕмб. 27:17). Ӕмбырдтӕм куы нӕ цӕуӕм ӕмӕ нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй нӕхи дард куы ласӕм, уӕд нын уый стыр зиан ӕрхӕсдзӕн. Уый адӕймаджы уымӕ дӕр ӕркӕны, ӕмӕ «схивӕнд вӕййы» (Ӕмб. 18:1). Уӕдӕ хорз уаид ахъуыды кӕнын: «Цымӕ алы ӕмбырды дӕр вӕййын ӕмӕ дзы алы хатт дӕр мӕхицӕн зондӕн исты райсын?» (Дзут. 10:24, 25).
НӔ ЗӔРДӔЙЫ КОММӔ КУЫ КӔСӔМ, УӔД НӔ УЫЙ ЦӔМӔ ӔРКӔНДЗӔН?
Нӕ мӕнгард зӕрдӕ нӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕсайы. Ӕркӕсӕм дзы цыппар хъуыддагмӕ: мулкмӕ, стӕй нозтмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, цавӕр ӕмбӕлттӕ ӕвзарӕм ӕмӕ нӕхи куыд фӕирхӕфсӕм.
Мулкмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм?
Хӕринаг, дзаума ӕмӕ хӕдзар алкӕй дӕр хъӕуы. Фӕлӕ уыдӕттыл ӕгӕр тыхсын кӕй нӕ хъӕуы, уый тыххӕй Чырысти радзырдта фӕсномыг ныхас иу хъӕздыг нӕлгоймаджы тыххӕй. Уыцы нӕлгоймагӕн йӕ хордӕттӕ уыдысты йедзаг ӕмӕ, цы ног хор ӕркарста, уый кӕм бафснайдтаид, уый йын нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ сфӕнд кодта йӕ хордӕттӕ фехалын ӕмӕ стырдӕртӕ саразын. Йӕхицӕн хъуыдытӕ кодта: «Мӕ хор ӕмӕ мӕ фӕллӕйттӕ иууылдӕр уым бафснайдзынӕн. Стӕй мӕхицӕн зӕгъдзынӕн: „Ис дӕм бирӕ фӕллой бирӕ азты фаг. Ныр цӕр дӕ уды дзӕбӕхӕн, хӕр, нуаз, хъӕлдзӕгӕй ӕрвит дӕ бонтӕ“». Фӕлӕ уыцы хъӕздыг нӕлгоймаг ферох кодта иу хъуыддаг: гӕнӕн уыд, ӕмӕ тӕккӕ уыцы ӕхсӕв дӕр амардаид (Лук. 12:16–20).
Азтӕ ныл куы рацӕуы, уӕд, нӕ зӕронды бонты цӕмӕй цӕрдзыстӕм, ууыл, чи зоны, ӕгӕр фӕмӕт кӕнӕм. Уӕд, ӕмбырд нын цы изӕрты вӕййы, уыцы изӕрты дӕр фӕкусӕм кӕнӕ нӕ чырыстон хӕстӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсын райдайӕм, ӕмӕ стӕй нӕхи рӕстытӕ фӕкӕнӕм. Кӕнӕ та, чи зоны, ӕрыгон стӕм ӕмӕ ӕмбарӕм, царды ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынӕй хуыздӕр кӕй ницы ис. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, цӕмӕй пионерӕй лӕггад кӕнын райдайон, уый тыххӕй уал мӕ фыццаг хъӕуы ӕхца бакусын, цӕмӕй стӕй мацӕуылуал мӕт
кӕнон. Фӕлӕ сӕйраджыдӕр хъуамӕ ууыл ма архайӕм, цӕмӕй Хуыцауы цӕсты уӕм хъӕздыг? Чи йын цы зоны, райсом ма ӕгас уыдзыстӕм?Нозтмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм?
«Сӕнӕй бӕрц чи нӕ зоны... уыдонимӕ ма у»,– фыст ис Ӕмбисӕндты 23:20. Адӕймаг нозтуарзаг куы уа, уӕд, арӕх кӕй ануазы, уый тыххӕй, чи зоны, йӕхи рӕстытӕ кӕна, зӕгъгӕ, уый тыххӕй нӕ нуазын, цӕмӕй фӕрасыг уон, фӕлӕ цӕмӕй мӕ фӕллад суадзон. Кӕд нӕ нӕ фӕллад суадзынӕн нозт хъӕуы, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, афон у, цӕмӕй нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсӕм ӕмӕ йын нӕхи сайын ма бауадзӕм.
Цавӕр ӕмбӕлттӕ ӕвзарӕм?
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнӕуырнджытимӕ ӕппындӕр ма ӕмбӕлӕм, уымӕн гӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ семӕ вӕййӕм скъолайы, куысты, стӕй сыл фембӕлӕм, уацамынды куы вӕййӕм, уӕд. Фӕлӕ семӕ фагӕй фылдӕр рӕстӕг куы ӕрвитӕм ӕмӕ сӕ нӕхицӕн ӕмбӕлттӕ куы скӕнӕм, уӕд уый бынтон ӕндӕр хъуыддаг у. Цымӕ нӕхи рӕстытӕ кӕндзыстӕм, ахӕм ӕвзӕр не сты, бирӕ хорз миниуджытӕ сӕм ис, зӕгъгӕ? Библи нӕ фӕдзӕхсы: «Ма рӕдийут. Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц» (1 Кор. 15:33). Иу гыццыл марг сыгъдӕг дон куыд фӕхъӕстӕ кӕны, афтӕ, Хуыцауы чи нӕ уарзы, уыцы ӕмбӕлттӕ дӕр нын нӕ уырнындзинад «фӕхъӕстӕ кӕндзысты», ӕмӕ мах дӕр нӕ хъуыдытӕй, нӕ уӕлӕдарӕсӕй, нӕ ныхасӕй ӕмӕ нӕ митӕй уыдоны хуызӕн суыдзыстӕм.
Нӕхи куыд фӕирхӕфсӕм?
Абон ӕнцонтӕй уыйбӕрц хиирхӕфсӕнтӕ ссарӕн ис, зӕгъӕм, Интернеты, ӕмӕ сын банымайӕн дӕр нӕй. Фӕлӕ сӕ фылдӕр сты, чырыстӕттӕн чи не ’мбӕлы, ахӕмтӕ. «Чъизи хъуыддагӕн [уӕм]... йӕ кой дӕр ма уӕд»,– ныффыста Павел (Еф. 5:3). Фӕлӕ, зӕгъӕм, нӕ зӕрдӕмӕ цӕуы чъизи цӕмӕдӕр кӕсын кӕнӕ хъусын. Чи зоны, хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, алы адӕймаджы дӕр фӕхъӕуы иу гыццыл йӕхи аирхӕфсын, куыд – уый та алкӕмӕн дӕр йӕхи хъуыддаг у. Фӕлӕ хъуамӕ Павелы уынаффӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, ӕмӕ, чъизи цы у, уымӕ мадӕр кӕсгӕ кӕнӕм, мадӕр хъусгӕ.
НӔ БОН У АИВЫН
Кӕд нӕ нӕ мӕнгард зӕрдӕ фӕсайдта ӕмӕ не ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй нӕхи рӕстытӕ кӕнын сахуыр стӕм, уӕддӕр нӕ бон у аивын (Еф. 4:22–24). Ӕркӕсӕм, нӕ рӕстӕджы чи ӕрцыд, дыууӕ ахӕм хабармӕ.
Мигель * мулкмӕ раст цӕстӕй нӕ каст. Мӕнӕ цы радзырдта: «Мӕ цардӕмбал ӕмӕ мӕ фыртимӕ ахӕм бӕстӕйы цӕрӕм, ӕмӕ дзы адӕм ахсджиаг хъуыддагыл нымайынц, техникӕйӕ ногӕй цы фӕзыны, уыдӕттӕ ӕлхӕнын ӕмӕ хъӕздыг цард кӕнын. Иу афон ууыл сдӕн, цӕмӕй, мӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый ӕлхӕдтаин, ӕмӕ хъуыды кодтон, зӕгъгӕ, мулкуарзаг не суыдзынӕн. Фӕлӕ йӕ стӕй бамбӕрстон: ногӕй-ногмӕ истытӕ ӕлхӕнын у, кӕрон кӕмӕн нӕй, ахӕм фӕндаг. Уӕд Йегъовӕмӕ кувын райдыдтон, цӕмӕй мын баххуыс кодтаид мӕ хъуыдытӕ ӕмӕ мӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ аивынӕн. Радзырдтон ын, ӕнӕхъӕн бинонтӕй дӕр нӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй йын лӕггад кӕнӕм, нӕ бон цас у, уыйбӕрц. Йегъовӕйы фӕрцы нӕ бон баци нӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын, ӕмӕ, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кодта, ахӕм ранмӕ ацыдыстӕм. Цыбыр рӕстӕджы фӕстӕ не ’ртӕ дӕр пионертӕй лӕггад кӕнын райдыдтам. Мах ӕй бамбӕрстам, цӕмӕй нӕ цардӕй райгонд уӕм ӕмӕ амондджын уӕм, уый тыххӕй нӕ бирӕ цыдӕртӕ кӕй нӕ хъӕуы».
Лийы хабарӕй хорз зыны, йӕ зӕрдӕмӕ кӕй ныккаст, уый йын кӕй баххуыс кодта, цӕмӕй йе ’взӕр ӕмбӕлтты ныууагътаид. Уыцы нӕлгоймаг загъта: «Мӕ куыст ахӕм уыд, ӕмӕ-иу арӕх фембӕлдтӕн нӕ фӕсарӕйнаг клиенттимӕ. Зыдтон ӕй, уыцы фембӕлдты бирӕ нозт кӕй вӕййы, фӕлӕ-иу уӕддӕр ацыдтӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕмӕ цыдысты. Арӕх-иу уыд афтӕ, ӕмӕ-иу мӕ срасыг кӕнынмӕ бирӕ нал хъуыд, фӕлӕ-иу кӕй банызтон, ууыл-иу стӕй фӕфӕсмон кодтон. Иудзырдӕй мӕ хъуыди мӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсын. Хуыцауы Ныхасы цы уынаффӕтӕ ис, стӕй мын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы загътой, уый мын баххуыс кодта, цӕмӕй бамбӕрстаин, мӕ бӕллӕх ӕцӕгӕй цӕй мидӕг уыд, уый – мӕхицӕн ӕмбӕлттӕ агуырдтон, Йегъовӕйы чи нӕ уарзы, уыцы адӕмы ’хсӕн. Ныр мӕ мӕ куыстимӕ баст фарстатӕ скъуыддзаг кӕнын куы фӕхъӕуы, уӕд клиенттӕм, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, телефонӕй бадзурын, цӕмӕй семӕ арӕх ма ӕмбӕлон».
Хъуамӕ нӕхи ма сайӕм ӕмӕ-иу нӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ базонӕм. Уый нӕ бон куыд у аразын? Йегъовӕмӕ кувӕм ӕмӕ дзы ӕххуыс курӕм, ӕмӕ рох ма кӕнӕм, «уый [кӕй] зоны зӕрдӕйы сусӕгдзинӕдтӕ» (Пс. 44:21). Уымӕй уӕлдай ма нӕм ис Хуыцауы Ныхас. Куы йӕ кӕсӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дзы кӕсӕны уынӕгау фенӕм, нӕ удыхъӕд цавӕр у, уый (Иак. 1:22–25). Стыр ӕххуыс ма нын сты, нӕ литературӕйы ӕмӕ ӕмбырдты цы уынаффӕтӕ ӕмӕ амындтӕ вӕййы, уыдон. Ӕппӕт уыдӕтты фӕрцы нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕндзыстӕм ӕмӕ рӕстдзинады фӕндагыл цӕудзыстӕм.
^ 18 абз. Нӕмттӕ ивд сты.