Дӕ ныфс макуы асӕттӕд!
Мыййаг, бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕ ӕмӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ цардӕмбал дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕна?
Кӕнӕ та, мыййаг, дӕ ныфс асаст, Библи зӕрдиагӕй чи ахуыр кодта, уыцы адӕймаг рӕстдзинады фӕндагыл кӕй не слӕууыд, уый тыххӕй?
ФӔРАЗОН У
Цӕмӕй ӕнтыстджын уай, уый тыххӕй дӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы фӕразондзинад. Хъуамӕ рӕстдзинадыл «баныхӕсай» ӕмӕ Йегъовӕйыл ӕнувыд уай (Дык. з. 10:20). Ӕркӕсӕм Джорджинӕйы хабармӕ. 1970 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд йӕ цардӕмбал Кириакос тынг смӕсты. Уый архайдта, цӕмӕй Библи мауал ахуыр кодтаид, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты-иу хӕдзарӕй ратардта ӕмӕ-иу хӕдзары сӕ публикацитӕ куы ссардта, уӕд-иу сӕ аппӕрста.
Джорджинӕ ӕмбырдтӕм цӕуын куы райдыдта, уӕд та бынтон сызнӕт. Иу бон Паддзахады залмӕ ацыд ӕмӕ уым хыл кӕнын райдыдта. Ӕмбырды бамбӕрстой, грекъагау дзурын ын ӕнцондӕр кӕй у, ӕмӕ иу хо телефонӕй бадзырдта грекъаг ӕфсымӕрмӕ ӕндӕр ӕмбырдӕй, цӕмӕй Кириакосимӕ аныхас кодтаид. Уыцы ӕфсымӕр Кириакосимӕ уӕзданӕй кӕй ныхас кодта, уый йӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ ма Библи ахуыр кӕныныл дӕр сразы. Фӕлӕ цалдӕр мӕйы фӕстӕ йӕ ахуыр ныууагъта.
Ӕртӕ азы дӕргъы ма Кириакос Джорджинӕйӕн йӕ дины тыххӕй бирӕ мӕстытӕ бавзарын кодта. Кириакос ын загъта, зӕгъгӕ, донаргъуыд куы райсай, уӕд дӕ ныууадздзынӕн. Джорджинӕ донаргъуыд куы иста, уыцы бон Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй скуывта, цӕмӕй йӕ Кириакос ма ныууагътаид. Конгресмӕ кӕимӕ цыди, уыцы Ӕвдисӕнтӕ сӕм куы ’рбацыдысты, уӕд сын Кириакос загъта: «Сымах разӕй ацӕут. Мах та уӕ фӕстӕ нӕхи машинӕйыл ацӕудзыстӕм». Уый райсомы программӕмӕ байхъуыста ӕмӕ федта, йӕ бинойнаг донаргъуыд куыд райста!
Фӕстӕдӕр Кириакос фӕфӕлмӕндӕр ӕмӕ ивын райдыдта. Джорджинӕ Ӕвдисӕнтимӕ фыццаг хатт куы фембӕлд, уымӕй рацыд 40 азы бӕрц, ӕмӕ ныр федта, йӕ лӕг донаргъуыд куыд райста! Цы баххуыс кодта Кириакосӕн? Уый дзуры: «Стыр бузныг дӕн Джорджинӕйӕ, афтӕ фидар кӕй разынд». Джорджинӕ та зӕгъы: «Кӕд мӕ сӕрыхицау мӕ ныхмӕ цыди, уӕддӕр Хуыцауы нӕ ныууагътон. Ӕдзухдӕр Йегъовӕмӕ куывтон ӕмӕ мӕ ныфс уыд, уый дӕр рӕстдзинад кӕй базондзӕн».
ДӔ УДЫХЪӔД НОГМӔ ИВ
Цӕмӕй дӕ цардӕмбал рӕстдзинады фӕндагыл слӕууа, уый тыххӕй ма хъуамӕ дӕ удыхъӕды чырыстон миниуджытӕ дӕр фидар кӕнай. Чырыстийы фӕдыл чи цыд, уыцы сылгоймӕгтӕн апостол Петр бафӕдзӕхста: «Уӕ лӕгты коммӕ кӕсут, цӕмӕй, Хуыцауы ныхасӕн сӕ коммӕгӕс чи нӕу, уыдон ӕнӕ ныхӕстӕй уӕ уаг ӕмӕ уе ’гъдауы фӕрцы суой коммӕгӕс» (1 Пет. 3:1). Кристин бирӕ азты дӕргъы царди ацы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ лӕг рӕстдзинады фӕндагыл слӕууыд. 20 азы размӕ Кристин Ӕвдисӕн куы сси, уӕд йӕ цардӕмбал Джоны Хуыцау ӕппындӕр нӕ уырныдта. Уый уыдта, Кристинӕн йӕ ног дин ахсджиаг кӕй уыд, фӕлӕ йӕ нӕ фӕндыд цавӕрдӕр диныл ныххӕцын. Джон дзуры: «Уыдтон ӕй, Кристин амондджын кӕй уыд. Уый сси фидар удыхъӕды хицау ӕмӕ-иу мӕ ныфс бауагъта, зын уавӕрты-иу куы бахаудтӕн, уӕд».
Кристин цӕуыл ӕууӕндыд, уый йӕ лӕгӕн тыхӕй никуы хъардта. Джон зӕгъы: «Кристин ӕй зыдта, хуыздӕр кӕй уыдзӕн, йӕ дины тыххӕй мын куы нӕ дзура. Фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ каст, рӕстдзинад мӕ зӕрдӕмӕ кӕд айсдзынӕн, уымӕ». «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ-иу «Пробудитесь!»-ы куы федта, Джоны зӕрдӕмӕ чи фӕцыдаид, ахӕм статьятӕ, зӕгъӕм, зонад кӕнӕ ӕрдзы тыххӕй, уӕд-иу ын сӕ равдыста ӕмӕ-иу ын загъта: «Мӕнмӕ гӕсгӕ ацы статья дӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн».
Цасдӕры фӕстӕ Джон пенсийы рацыд ӕмӕ-иу сӕ цӕхӕрадоны цыдӕртӕ куыста. Ныр ын фылдӕр рӕстӕг фӕзынд, цӕмӕй царды ахсджиаг хъуыддӕгтыл лӕмбынӕгдӕр хъуыды кодтаид, зӕгъӕм, адӕм ӕнӕнхъӕлӕджы фӕзындысты ӕви сӕ чидӕр цӕйдӕр тыххӕй сфӕлдыста. Иубон Джон иу ӕфсымӕримӕ ныхӕстӕ кодта, ӕмӕ йӕ уый афарста: «Библи ахуыр кӕнын дӕ нӕ фӕнды?» Джон дзуры: «Уӕдмӕ мӕ бауырныдта, Хуыцау кӕй ис, ӕмӕ сразы дӕн».
Куыд хорз уыд, Кристинӕн йӕ ныфс кӕй нӕ асаст! 20 азы бӕрц Хуыцаумӕ куывта, цӕмӕй Джон рӕстдзинад базыдтаид ӕмӕ, ӕппынфӕстагмӕ, Джон донаргъуыд райста. Ныр иумӕ Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынц. Джон зӕгъы: «Рӕстдзинад базыдтон дыууӕ хъуыддаджы фӕрцы – Ӕвдисӕнты хӕларзӕрдӕдзинад ӕмӕ уӕздандзинады фӕрцы. Стӕй, дӕ бинойнаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы уа, уӕд дӕ фарсмӕ уыдзӕн ӕнувыд, ӕууӕнкджын ӕмӕ удуӕлдай ӕмбал». Ӕцӕгӕйдӕр, Кристин 1 Петры 3:1 уынаффӕмӕ гӕсгӕ кӕй цард, уый ӕрхаста стыр пайда!
МЫГГАГ СЗАДИ БИРӔ АЗТЫ ФӔСТӔ
Цы зӕгъӕн ис, кӕддӕр Библи зӕрдиагӕй чи ахуыр кодта, фӕлӕ стӕй цӕйдӕр тыххӕй ахуыр кӕнын кӕй нал фӕндыд, уыдоны тыххӕй та? «Райсомӕй байтау дӕ хуым ӕмӕ изӕрмӕ дӕр дӕ къухтӕн ӕнцой ма дӕтт,– ныффыста паддзах Соломон,– уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ зоныс, мыггаг кӕм ссӕудзӕн – ам ӕви уым, ӕви дыууӕ раны дӕр» (Еккл. 11:6). Хатт бирӕ азтӕ рацӕуы, цалынмӕ рӕстдзинады мыггаг адӕймаджы зӕрдӕйы не сзайы, уӕдмӕ. Фӕлӕ уӕддӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ иу бон адӕймаг бамбара, Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын ахсджиаг кӕй у (Иак. 4:8). Чи зоны ахӕм хорз хабар дӕуыл дӕр ӕрцӕуа.
Ӕркӕсӕм-ма Элисы хабармӕ. Уый Индийӕ алыгъд Англимӕ. 1974 азы райдыдта Библи ахуыр кӕнын. Дзырдта хинди ӕвзагыл, фӕлӕ йӕ фӕндыд англисаг ӕвзаг хуыздӕр базонын. Библи ахуыр кодта цалдӕр азы дӕргъы ӕмӕ цалдӕр хатты уыд англисаг ӕмбырды дӕр. Зыдта йӕ, цы ахуыр кӕны, уый рӕстдзинад кӕй у, фӕлӕ уӕддӕр не ’мбӕрста, уыцы хъуыддаг куыд ахсджиаг у, уый. Фӕлӕ йӕ тынг фӕндыд бирӕ ӕхца бакусын ӕмӕ уарзта йӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвитын. Ӕмӕ иу бон Элис йӕ ахуыр ныууагъта.
Иу-30 азы фӕстӕ хо Стеллӕ Элисӕй райста писмо. Уым фыст уыд: «Ӕвӕццӕгӕн дын тынг ӕхсызгон уыдзӕн базонын, 1974 азы Библи кӕимӕ ахуыр кодтай, уый ӕрӕджы облӕстон конгрессы донаргъуыд кӕй райста. Ды мын тынг баххуыс кодтай – рӕстдзинады мыггаг мын мӕ зӕрдӕйы байтыдтай. Кӕд уыцы рӕстӕг Хуыцауӕн мӕхи не снывонд кодтон, уӕддӕр уыцы мыггаг мӕ зонд ӕмӕ мӕ зӕрдӕйы баззад».
Цы йӕ сразӕнгард кодта? Элис куыд радзырдта, афтӕмӕй, 1997 азы йӕ цардӕмбал куы фӕзиан, уӕд йӕхимӕ тынг ныхъхъуыста. Иубон Хуыцаумӕ скуывта ӕмӕ дӕс минуты дӕр нӕ рацыд, афтӕ йын йӕ дуар бахостой панджаби ӕмбырдӕй дыууӕ Ӕвдисӕны ӕмӕ йын ныууагътой трактат «Цавӕр ныфс ис уарзон амӕлджытӕн?». Элис бамбӕрста, Хуыцау ын йӕ куывд кӕй фехъуыста ӕмӕ йӕхицӕн загъта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты кӕй хъуамӕ ссара. Фӕлӕ сӕ кӕм ссардтаид? Йӕ зӕронд блокноты ӕрцагуырдта, кӕддӕр ын Стеллӕ кӕй радта, уыцы адрис – панджаби ӕвзагыл ӕмбырдтӕ кӕм вӕййы, уыцы адрис. Элис ӕрбацыд Паддзахады залмӕ ӕмӕ йыл хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ тынг бацин кодтой. «Сӕ уарзондзинад мын ӕмбырды фӕстӕ дӕр мӕ зӕрдӕ рухс кодта. Уый мын баххуыс кодта мӕ маст сфӕразынӕн»,– дзуры Элис.
Элис райдыдта алы ӕмбырдмӕ дӕр цӕуын ӕмӕ ногӕй Библи ахуыр кӕнын, стӕй ма сахуыр панджаби ӕвзагыл тагъд кӕсын ӕмӕ дзурын дӕр. 2003 азы райста донаргъуыд. Стеллӕмӕ кӕй арвыста, уыцы писмойы кӕрон ныффыста: «Стыр бузныг дын, 29 азы размӕ мын мӕ зӕрдӕйы рӕстдзинады мыггаг кӕй байтыдтай ӕмӕ мын фӕзминаг кӕй уыдтӕ, уый тыххӕй».
«Стыр бузныг дын, 29 азы размӕ мын мӕ зӕрдӕйы рӕстдзинады мыггаг кӕй байтыдтай ӕмӕ мын фӕзминаг кӕй уыдтӕ, уый тыххӕй» (Элис).
Ацы хабӕрттӕй цы базыдтай? Адӕймаджы Хуыцауы базонын куы фӕнда, рӕстзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг куы уа, уӕд ын Йегъовӕ баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй рӕстдзинады мыггаг йӕ зӕрдӕйы сзайа. Фӕлӕ, чи зоны, ды куыд хъуыды кӕныс, уымӕй йӕ фылдӕр рӕстӕг бахъӕуа. Дӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕн Йесойы ныхӕстӕ: «Мыггаг ӕвзар суадзы, сырӕзы – куыд, уый та [тауӕг] зонгӕ дӕр нӕ кӕны. Афтӕ зӕхх йӕхӕдӕг сабыргай ратты тыллӕг: фыццаг мӕнӕу ссӕуы, уый фӕстӕ скӕны ӕфсир, стӕй уӕд ӕфсиры нӕмыг ныннӕрсы» (Мар. 4:27, 28). Уыцы мыггаг сырӕзы сындӕггай ӕмӕ йӕ «зӕхх йӕхӕдӕг» ратты. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Паддзахады тыххӕй хорз хабар чи хъусын кӕны, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕзоны, хабар куыд рауайдзӕн, уый. Уӕдӕ дарддӕр дӕр рӕдауӕй тау. Чи зоны, ды дӕр стыр тыллӕг сисай.
Стӕй дӕ рох ма уӕд, кувын ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы, уый. Джорджинӕ ӕмӕ Кристин ӕдзух Йегъовӕмӕ куывтой. «Ӕппынӕдзух кув» ӕмӕ дӕ ныфс макуы асӕттӕд, уымӕн ӕмӕ, чи зоны, «бирӕ бонты фӕстӕ» ногӕй ссарай, кӕддӕр доны кӕй ауагътай, уыцы «дзул» (Ром. 12:12; Еккл. 11:1).