«Чи у уыцы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар?»
«Чи у уыцы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар, йӕ хицау йӕ хӕдзаронты кӕй бар бакодта?» (МАТФ. 24:45).
1, 2. Абон нын Йесо хӕринаг кӕй уылты дӕтты ӕмӕ уый зонын ахсджиаг цӕмӕн у?
«ӔФСЫМӔРТӔ, мӕ бон ӕй зӕгъын дӕр нӕу, цал хатты уыд афтӕ, ӕмӕ-иу статьяты ныффыстат, мӕн цы хъуыди, растдӕр уый ӕмӕ-иу мӕ ӕппӕты тынгдӕр кӕд хъуыди, уӕд». Ацы бузныджы ныхӕстӕ иу хо ныффыста, нӕ организацийы сӕйраг хайады чи лӕггад кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕм. Ды дӕр зӕгъис ахӕм ныхӕстӕ? Махӕй бирӕтӕ зӕгъдзысты. Ӕмӕ нӕм цымӕ уый хъуамӕ диссаг кӕса? Ӕппындӕр нӕ.
2 Абон уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг афоныл кӕй исӕм, уымӕй бӕрӕг у, ӕмбырды Хистӕр Йесо йӕ ныхас кӕй ӕххӕст кӕны ӕмӕ ныл кӕй тыхсы. Ӕмӕ цымӕ уыцы хъуыддаг кӕй уылты аразы? Йе ’рцыд цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, уый кой кӕнгӕйӕ Йесо загъта, йӕ хӕдзаронты кӕй бакӕндзӕн «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» бар, цӕмӕй сын «хӕринаг афоныл» дӕтта *. (Бакӕс Матфейы 24:45–47.) Ацы фӕстаг бонты Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг дӕтты уыцы ӕууӕнкджын цагъары уылты. Уыцы цагъар чи у, уый зонын тынг ахсджиаг у. Цӕмӕн? Хуыцауимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый баст у, уыцы ӕууӕнкджын цагъар нын цы хӕринаг дӕтты, ууыл (Матф. 4:4; Иоан. 17:3).
3. Йесо ӕууӕнкджын цагъары тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый раздӕр нӕ литературӕйы куыд ӕмбарын кодтам?
3 Уӕдӕ куыд ӕмбарын хъӕуы, Йесо ӕууӕнкджын цагъары тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый? Раздӕр ӕй нӕ литературӕйы мӕнӕ куыд ӕмбарын кодтам: н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны Йесо йӕ хӕдзаронты бакодта ӕууӕнкджын цагъары бар; цагъар амоны, уӕдӕй фӕстӕмӕ-иу зӕххыл сӕрст чырыстӕттӕй иу рӕстӕг чи цард, уыдонмӕ ӕмткӕй райсгӕйӕ; хӕдзаронтӕ амонынц уыцы сӕрст чырыстӕттӕй алкӕмӕ дӕр хицӕнӕй; 1919 азы Йесо ӕууӕнкджын цагъарӕн йӕ бар бакодта, «цыдӕриддӕр ӕм ис, уый» – зӕххыл Хуыцауы Паддзахадимӕ баст хъуыддӕгтӕ иууылдӕр. Фӕлӕ уыцы фӕсномыг ныхас ногӕй лӕмбынӕг куы равзӕрстам, Хуыцаумӕ кувгӕйӕ ууыл куы фӕхъуыды Ӕмб. 4:18). Цӕй уӕдӕ равзарӕм уыцы фӕсномыг ныхас ӕмӕ базонӕм, цӕуыл дзурӕг у махӕй алкӕмӕн дӕр,– уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нын ис ӕви зӕххыл цӕрыны ныфс.
кодтам, уӕд федтам, Йесойы ныхӕстӕ ӕндӕрхуызон ӕмбарын кӕй хъӕуы (ЙЕСОЙЫ ФӔСНОМЫГ НЫХАС КӔД ӔХХӔСТ КӔНЫ?
4–6. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, Йесо ӕууӕнкджын цагъары тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый ӕрмӕстдӕр 1914 азы фӕстӕ кӕй райдыдта ӕххӕст кӕнын?
4 Матфейы 24 сӕры иннӕ стихтӕй бӕрӕг у, ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары тыххӕй фӕсномыг ныхас н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны ӕххӕст кӕнын кӕй нӕ райдыдта, фӕлӕ ацы фӕстаг бонты. Ӕркӕсӕм, Библийы фӕрцы ахӕм хатдзӕг куыд ис скӕнӕн, уымӕ.
5 Ӕууӕнкджын цагъары тыххӕй фӕсномыг ныхас хауы, Йесо йе ’рцыды тыххӕй ӕмӕ фӕстаг бонты тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уымӕ (Матф. 24:3). Уыцы пехуымпарады фыццаг хай, Матфейы 24:4–22 фыст чи ис, уый, хъуамӕ сӕххӕст уыдаид дыууӕ хатты. Фыццаг хатт ӕххӕст кодта н. э. 33 азӕй н. э. 70 азмӕ. Дыккаг хатт та ӕххӕст кӕны нӕ рӕстӕджы ӕмӕ хауы ноджы стырдӕр хъуыддӕгтӕм. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, Йесо ӕууӕнкджын цагъары тыххӕй цы загъта, уый дӕр дыууӕ хатты ӕххӕст кӕны? Нӕ.
6 Матфейы 24:29 стихӕй дарддӕр Йесо сӕйраджыдӕр дзуры, нӕ рӕстӕджы чи цӕудзӕн, уыцы хабӕрттыл. (Бакӕс Матфейы 24:30, 42, 44.) Стыр бӕллӕхы рӕстӕджы цы ’рцӕудзӕн, уый кой кӕнгӕйӕ Йесо загъта, адӕм кӕй «фендзысты Адӕймаджы Фырты уӕларвон мигътыл... ӕрцӕйцӕугӕ». Стӕй, фӕстаг бонты чи цӕра, уыдоны бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, «уӕ Хицау цы бон ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут» ӕмӕ, «цы сахат ӕнхъӕл нӕ уат, уыцы сахат ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт» *. Ӕмӕ Йесо, фӕстаг бонты цы уыдзӕн, уыдӕтты тыххӕй куы загъта, уӕд радзырдта йӕ фӕсномыг ныхас ӕууӕнкджын цагъары тыххӕй. Уӕдӕ уӕд нӕ бон у зӕгъын, ӕмӕ, ӕууӕнкджын цагъары тыххӕй цы загъта, уый дӕр, 1914 азы фӕстаг бонтӕ куы ралӕууыдысты, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ кӕй райдыдта ӕххӕст кӕнын. Ахӕм хатдзӕг раст схонӕн цӕмӕн ис?
7. Хуымгӕрдӕн афон куы райдыдта, уӕд цавӕр ахсджиаг фарста сӕвзӕрд ӕмӕ цӕмӕн?
7 Иу гыццыл-ма ахъуыды кӕн ацы фарстайыл: «Чи у уыцы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар?» Зынтӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ фыццаг ӕнусы ахӕм фарста искӕмӕ фӕзындаид. Айразмӕйы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй апостолтӕн сӕ бон уыди диссӕгтӕ аразын ӕмӕ ма суанг уыцы курдиатӕй иннӕты хайджын кӕнын дӕр. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уыд, Хуыцау сын кӕй ӕххуыс кодта (Хъуыд. 5:12). Уӕдӕ ма уыцы рӕстӕг кӕмӕ хъуамӕ фӕзындаид ахӕм фарста, Чырысти разамынд дӕттын кӕмӕн бахӕс кодта, зӕгъгӕ? Фӕлӕ 1914 азы уавӕр уыд бынтон ӕндӕрхуызон. Уыцы аз райдыдта хуымгӕрдӕн афон. Ӕппынфӕстаг рӕстӕг ӕрцыд, цӕмӕй хӕмпӕлгӕрдӕг мӕнӕуӕй фӕхицӕн кодтаиккой (Матф. 13:36–43). Хуымгӕрдӕн афон куы райдыдта, уӕд дунейы уыди тынг бирӕ мӕнг чырыстӕттӕ, ӕмӕ уыдон дӕр сӕхи Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ хуыдтой. Уымӕ гӕсгӕ уӕд сӕвзӕрд ахсджиаг фарста: мӕнӕу, ома сӕрст чырыстӕтты, цӕмӕй ис базонӕн? Дзуапп ссарӕн уыд, Йесо ӕууӕнкджын цагъары тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым. Чырыстийы сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ хъуамӕ уыдаиккой, уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг кӕмӕ уыдаид, уыдон.
ӔУУӔНКДЖЫН ӔМӔ ЗОНДДЖЫН ЦАГЪАР ЧИ У?
8. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ ӕууӕнкджын цагъармӕ чи хауы, уыдон сӕрст чырыстӕттӕй хъуамӕ уой?
8 Ӕууӕнкджын цагъармӕ чи хауы, уыдон хъуамӕ уой, зӕххыл чи цӕры, уыцы сӕрст чырыстӕттӕй. Библи сӕ хоны, «паддзӕхтӕ чи уыдзысты, уыцы сауджынтӕ», ӕмӕ сӕ хӕс у Хуыцауы диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй хъусын кӕнын (1 Пет. 2:9). Ӕмӕ иугӕр афтӕ у, уӕд се ’муырнджытӕн дӕр рӕстдзинад уыдон хъуамӕ амоной (Мал. 2:7; Рарг. 12:17).
9. Сӕрст чырыстӕттӕ ӕууӕнкджын цагъармӕ се ’ппӕт дӕр хауынц? Бамбарын ӕй кӕн.
9 Зӕххыл ма чи ис, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ цымӕ се ’ппӕт дӕр хауынц ӕууӕнкджын цагъармӕ? Нӕ. Ӕгас дунейы дӕр ӕфсымӕртӕн 1 Кор. 11:3; 14:34).
ӕмӕ хотӕн уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг сӕрст чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр нӕ дӕттынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕрстытӕй чидӕртӕ се ’мбырдты сты кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ кӕнӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Уыдон рӕстдзинад амонынц уацамынды дӕр ӕмӕ ӕмбырды дӕр, стӕй иузӕрдионӕй хъусынц, нӕ организацийы сӕйраг хайад цы разамынд дӕтты, уымӕ дӕр. Фӕлӕ сын ӕгас дунейы дӕр цы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ ис, уыдонӕн уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг нӕ дӕттынц. Стӕй ма сӕрстыты ’хсӕн ис сӕрныллӕг хотӕ дӕр, ӕмӕ уыдон та ӕмбырды иннӕты ахуыр кӕнынмӕ бӕлгӕ дӕр никуы бакӕндзысты (10. Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар чи у?
10 Уӕдӕ ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар чи у? Ӕрхъуыды-ма кӕн, Йесо-иу фыццаг ӕнусы бирӕ адӕмы цалдӕр адӕймаджы къухӕй кӕй бафсӕста. Раст афтӕ у ӕууӕнкджын цагъары хабар дӕр. Уыцы цагъар у, 1919 азӕй фӕстӕмӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг чи цӕттӕ кӕны ӕмӕ йӕ чи уары, уыцы сӕрст ӕфсымӕрты гыццыл къорд. Ӕууӕнкджын цагъармӕ чи хауы, уыцы сӕрст ӕфсымӕртӕ фӕстаг бонты дӕргъы иумӕ лӕггад кӕнынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады. Фӕстаг цалдӕр дӕсазы уыцы цагъар у Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет. Фӕлӕ-ма дӕ хъус ӕрдар, Йесо иу «цагъары» кой кӕй ракодта. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ кӕд уыцы цагъармӕ цалдӕр адӕймаджы хауы, уӕддӕр, цыма иу чидӕр архайы, афтӕ у. Ӕмӕ Разамонӕг советы чи ис, уыдон дӕр уынаффӕтӕ алкӕддӕр фӕхӕссынц иумӕйагӕй.
ХӔДЗАРОНТӔ ЧИ СТЫ?
11, 12. а) Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн йӕ хицау цавӕр дыууӕ хъуыддаджы бабар кодта? ӕ) Йесо ӕууӕнкджын цагъарӕй кӕй равзӕрста ӕмӕ йын йӕ хӕдзаронты йӕ бар кӕд бакодта?
11 Бафиппаинаг у, Йесойы фӕсномыг ныхасы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн йӕ хицау дыууӕ хицӕн хъуыддаджы кӕй бабар кодта. Фыццаг: йӕ бар ын бакодта йӕ хӕдзаронты. Дыккаг: йӕ бар ын бакодта, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый. Уыцы фӕсномыг ныхас ӕрмӕстдӕр ацы фӕстаг бонты кӕй райдыдта ӕххӕст кӕнын, уымӕ гӕсгӕ уыцы дыууӕ хабары дӕр хъуамӕ ӕрцыдаиккой, Чырысти 1914 азы Паддзах куы сси, уый фӕстӕ.
12 Йесо ӕууӕнкджын цагъарӕн йӕ хӕдзаронты йӕ бар кӕд бакодта? Уый базоныны тыххӕй ӕркӕсӕм, хуымгӕрдӕнтӕн сӕ райдианы, ома 1914 азы, цы ’рцыд, уымӕ. Куыд базыдтам, афтӕмӕй уыцы рӕстӕг сӕхи бирӕтӕ хуыдтой чырыстӕттӕ. Ӕмӕ уӕдӕ Йесо ӕууӕнкджын цагъары кӕмӕй хъуамӕ равзӕрстаид? Уый рабӕрӕг, Йесо ӕмӕ йӕ Фыд ӕнӕуынгӕ кувӕндонмӕ куы ӕрцыдысты ӕмӕ йӕм куы ӕркастысты, уый фӕстӕ. Уыцы хабар та, куыд базыдтам, афтӕмӕй * (Мал. 3:1). Уыдон федтой, Библииртасджыты гыццыл къорд Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ Ныхасыл ӕнувыд кӕй сты, ӕмӕ сын уый уыд тынг ӕхсызгон. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы гыццыл къорд хъуыди цӕмӕйдӕрты ссыгъдӕг кӕнын. Фӕлӕ Библииртасджытӕ сӕрныллӕгдзинад равдыстой, ӕмӕ сӕ фӕивын цы хъуыд, уый фӕивтой (Мал. 3:2–4). Уыцы иузӕрдион Библииртасджытӕ разындысты, Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы кӕй кой кодта, уыцы мӕнӕу – ӕцӕг чырыстӕттӕ. 1919 азы Йесо уыцы чырыстӕттӕй равзӕрста фӕлтӕрд сӕрст ӕфсымӕрты, цӕмӕй суыдаиккой ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар, ӕмӕ сын йӕ хӕдзаронты сӕ бар бакодта.
ахаста 1914 азӕй 1919 азы фыццаг мӕйты онг13. Хӕдзаронтӕм чи хауы ӕмӕ афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис?
13 Ӕмӕ уӕд хӕдзаронтӕ та чи сты? Дыууӕ ныхасӕй йӕ куы зӕгъӕм, уӕд – цагъар хӕринаг кӕмӕн дӕтты, уыдон. Фӕстаг бонтӕн сӕ райдианы хӕдзаронтӕ иууылдӕр уыдысты сӕрст чырыстӕттӕ. Фӕстӕдӕр та хӕдзаронтӕм бафтыдысты «ӕндӕр фыстӕ» дӕр. Ныртӕккӕ, Чырысти разамынд кӕмӕн дӕтты, уыцы «иу дзугӕн» йӕ фылдӕр хай сты «ӕндӕр фыстӕ» (Иоан. 10:16). Дыууӕ къорды дӕр исынц уыцы иу хӕринаг – ӕууӕнкджын цагъар уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы хӕринаг дӕтты, уый. Цы зӕгъӕн ис, Разамонӕг советы чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕй та, абон ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъармӕ чи хауы, уыдонӕй? Уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг уыдоны дӕр хъӕуы. Уымӕ гӕсгӕ уыцы сӕрныллӕг ӕфсымӕртӕ ӕмбарынц, хицӕнтӕй уыдон дӕр иннӕ ӕцӕг чырыстӕттау Йесойы хӕдзаронтӕ кӕй сты.
14. а) Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар йӕ хъус цӕмӕ дары? ӕ) Йесо ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары цӕмӕй бафӕдзӕхста? (Кӕс рамкӕ «Уыцы фыдзӕрдӕ цагъар йӕхицӕн афтӕ куы зӕгъа...».)
14 Йесо ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн йӕ бар бакодта тынг ахсджиаг хъуыддаг. Раджы заманты-иу, ӕууӕнк кӕуыл уыд, ахӕм цагъар, кӕнӕ хӕдзармӕгӕсӕг, йӕ хъус дардта, йӕ хицаумӕ цыдӕриддӕр уыд, уымӕ (Лук. 12:42). Раст афтӕ ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар дӕр йӕ хъус дары, Чырыстийӕн зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уымӕ. Зӕгъӕм, йӕ хъус дары ӕхца ӕмӕ исбонмӕ, хъусын кӕныны хъуыддагмӕ ӕмӕ конгресстӕм. Стӕй ма йӕ хӕс у, уацамынды кӕмӕй фӕпайда кӕнӕм ӕмӕ ӕмбырды кӕнӕ хӕдзары Библи кӕй фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, уыцы литературӕ цӕттӕ кӕнын дӕр. Хӕдзаронтӕн сӕ уырнындзинад баст у, ӕууӕнкджын цагъар сын цы хӕринаг дӕтты, ууыл.
ХИЦАУМӔ ЦЫДӔРИДДӔР ИС, УЫЙ ЦАГЪАРЫ БАР КӔД БАКӔНДЗӔН?
15, 16. Йесо цагъарӕн, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый йӕ бар кӕд бакӕндзӕн?
15 Йесо цагъарӕн дыккаг хъуыддаг та кӕд Матф. 24:46, 47). Дӕ хъус-ма ӕрдар: ацы хъуыддаг Йесо бакӕндзӕн, куы ӕрцӕуа ӕмӕ йӕ цагъары «афтӕ кӕнгӕ», ома уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг уаргӕ, куы ӕрӕййафа, уӕд. Уӕдӕ цалынмӕ Йесо цагъарӕн дыккаг хъуыддаг бабар кӕна, уӕдмӕ хъуамӕ рацӕуа цасдӕр рӕстӕг. Йесо цагъарӕн, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый йӕ бар куыд ӕмӕ кӕд бакӕндзӕн, уый бамбарыны тыххӕй хъуамӕ дзуапп зонӕм дыууӕ фарстайӕн: Йесо кӕд хъуамӕ ӕрцӕуа? Ӕмӕ йӕм цы ис, уымӕ цы хауы?
бабар кӕндзӕн, ома, «цыдӕриддӕр ӕм ис, уый» йын йӕ бар кӕд бакӕндзӕн? Йесо загъта: «Амондджын уыдзӕн уыцы цагъар, йӕ хицау ӕй афтӕ кӕнгӕ куы ӕрӕййафа, уӕд! Ӕцӕг уын зӕгъын: цыдӕриддӕр ӕм ис, уый йын йӕ бар бакӕндзӕн» (16 Йесо кӕд хъуамӕ ӕрцӕуа? Уый базонӕн ис, Матфейы 24 сӕры 46 ӕмӕ 47 стихты размӕ цы стихтӕ ис, уыдонӕй. Уыцы стихты Йесойы ӕрцыды кой кӕм ис, уым дзырд «ӕрцӕуын» амоны, Йесо ацы дунейы кӕрон тӕрхон рахӕссынмӕ ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕнынмӕ куы ’рцӕуа, уыцы рӕстӕгмӕ * (Матф. 24:30, 42, 44). Уӕдӕ ӕууӕнкджын цагъары тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым дӕр йе ’рцыд хауы стыр бӕллӕхы рӕстӕгмӕ.
17. Йесо афтӕ куы загъта, «цыдӕриддӕр ӕм ис», зӕгъгӕ, уӕд цӕй кой кодта?
17 Йесо афтӕ куы загъта, «цыдӕриддӕр ӕм ис», зӕгъгӕ, уӕд цӕй кой кодта? Зӕххыл ын цы ис, ӕрмӕст уыдӕтты кой нӕ, фӕлӕ йын уӕлӕрвты цы ис, уыдӕтты кой дӕр. Иухатт Йесо загъта: «Лӕвӕрд мын сты ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр» (Матф. 28:18; Еф. 1:20–23). Йесомӕ цы ис, уымӕ ныртӕккӕ хауы йӕ Паддзахад дӕр. Уыцы Паддзахад йӕ къухы ис 1914 азӕй фӕстӕмӕ, ӕмӕ дзы йемӕ паддзӕхтӕ уыдзысты йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ (Рарг. 11:15).
18. Йесойӕн, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ӕууӕнкджын цагъары бар бакӕнын ӕхсызгон цӕмӕн уыдзӕн?
18 Уӕдӕ цавӕр хатдзӕг у нӕ бон скӕнын? Стыр бӕллӕхы рӕстӕджы Йесо тӕрхон кӕнынмӕ куы ӕрцӕуа, уӕд фендзӕн, ӕууӕнкджын цагъар йӕ хӕс иузӕрдионӕй кӕй ӕххӕст кӕны ӕмӕ йын йӕ хӕдзаронтӕн уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг афоныл кӕй дӕтты. Ӕмӕ йын уӕд ӕхсызгонӕй бахӕс кӕндзӕн дыккаг хъуыддаг – йӕ бар ын бакӕндзӕн, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый. Уыцы хабар ӕрцӕудзӕн, ӕууӕнкджын цагъармӕ чи хауы, уыдон уӕлӕрвты сӕ хӕрзиуӕг куы райсой ӕмӕ Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ куы суой, уӕд.
19. Ӕууӕнкджын цагъар уӕлӕрвты иннӕ сӕрстытӕй стырдӕр хӕрзиуӕг райсдзӕн? Бамбарын ӕй кӕн.
19 Цымӕ ӕууӕнкджын цагъар уӕлӕрвты иннӕ сӕрстытӕй стырдӕр хӕрзиуӕг райсдзӕн? Нӕ. Цалдӕр адӕймагӕн цавӕрдӕр хӕрзиуӕгӕй зӕрдӕ куы бавӕрой, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уыцы хӕрзиуӕгӕй ӕндӕр никӕйуал уыдзӕн схорзӕхджын кӕнӕн. Цӕвиттонӕн райсӕм, Йесо йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв йӕ 11 иузӕрдион апостолӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта. (Бакӕс Лукайы 22:28–30.) Йесо уыцы гыццыл къордӕн загъта, сӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй сӕм диссаджы хӕрзиуӕг кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Уыдон хъуамӕ уӕлӕрвты йемӕ паддзӕхтӕ уыдаиккой. Фӕлӕ рӕстӕг куы рацыд, уӕд Йесо бамбарын кодта, 144 мины се ’ппӕт дӕр йемӕ паддзахбадӕнтыл кӕй ӕрбаддзысты (Рарг. 1:1; 3:21). Раст афтӕ, Матфейы 24:47 куыд фыст ис, уымӕ гӕсгӕ Йесо иу гыццыл къордӕн – ӕууӕнкджын цагъармӕ чи хауы, уыцы сӕрст ӕфсымӕртӕн – зӕрдӕ бавӕрдта, сӕ бар сын кӕй бакӕндзӕн, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый. Фӕлӕ, Йесомӕ цыдӕриддӕр ис, ууыл ӕрмӕст уыдонӕн нӕ цӕудзӕн сӕ бар, фӕлӕ 144 минӕн се ’ппӕтӕн дӕр (Рарг. 20:4, 6).
20. Йесо ӕууӕнкджын цагъары цӕй тыххӕй сӕвӕрдта ӕмӕ дӕ дарддӕр цы фӕнды аразын?
20 Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары уылты Йесо абон дӕр архайы, фыццаг ӕнусы цы ӕгъдау сфидар кодта, уымӕ гӕсгӕ – бирӕтӕн хӕринаг дӕтты цалдӕр адӕймаджы къухӕй. Йесо ӕууӕнкджын цагъары сӕвӕрдта, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕн, сӕрст чырыстӕттӕн дӕр ӕмӕ ӕндӕр фыстӕн дӕр, ацы фӕстаг бонты ӕдзухдӕр ӕмӕ афоныл уа уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг. Уӕдӕ цӕй ӕмӕ уыцы хъуыддагӕн алкӕддӕр аргъ кӕнӕм ӕмӕ, ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъармӕ чи хауы, уыцы сӕрст ӕфсымӕртӕн иузӕрдионӕй ӕххуыс кӕнӕм (Дзут. 13:7, 17).
^ 2 абз. 2 абзац: Йесо ма уымӕй размӕ дӕр радзырдта уый хуызӕн фӕсномыг ныхас, ӕмӕ уым «цагъары» схуыдта «хӕдзармӕгӕсӕг», «хӕдзаронты» та – «лӕггадгӕнджытӕ» (Лук. 12:42–44).
^ 6 абз. 6 абзац: Матфейы 24:42, 44 дзырд «ӕрцӕудзӕн»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, э́рхомай, зӕгъгӕ, уый хицӕн кӕны, Матфейы 24:3 «ӕрцыдтӕ»-йӕ цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, паруси́а, зӕгъгӕ, уымӕй. Чырысти уал фыццаг ӕнӕуынгӕ хуызы ӕрцыд (паруси́а), ома Паддзах куы сси, уӕд. Ӕмӕ тӕрхон кӕнынмӕ та уый фӕстӕ ӕрцӕудзӕн (э́рхомай).
^ 12 абз. 12 абзац: Кӕс ацы номыры статья «Ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ», 10–12 фӕрстӕ, 5–8 абзацтӕ.
^ 16 абз. 16 абзац: Кӕс ацы номыры статья «Зӕгъ-ма нын, кӕд ӕрцӕудзысты уыцы хабӕрттӕ?», 7, 8 фӕрстӕ, 14–18 абзацтӕ.