Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Уӕ хъуыдытӕ уӕнт, уӕлӕрвты цы ис, ууыл»

«Уӕ хъуыдытӕ уӕнт, уӕлӕрвты цы ис, ууыл»

«Уӕ хъуыдытӕ уӕнт, уӕлӕрвты цы ис, ууыл, зӕххон хъуыддӕгтыл нӕ, фӕлӕ» (КОЛ. 3:2).

1, 2. а) Колоссты ӕмбырд тӕссаг уавӕры цӕмӕн уыд? ӕ) Павел Колоссты цӕрӕг чырыстӕттӕн цавӕр уынаффӕ радта, цӕмӕй Хуыцауӕй ма адард уыдаиккой?

ФЫЦЦАГ ӕнусы Колоссты ӕмбырд уыди тӕссаг уавӕры. Ӕфсымӕртӕй иуӕй-иутӕ дзырдтой, Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын ӕнӕмӕнг у, зӕгъгӕ. Чидӕртӕ та хӕст уыдысты иннӕ адӕмты философийыл, зӕгъгӕ, адӕймаг хъуамӕ йӕхи алцӕмӕй дӕр цух кӕна ӕмӕ мӕгуырӕй цӕра. Ӕмӕ уыдӕтты тыххӕй ӕмбырд къордтыл дихтӕ кӕнын райдыдта. Апостол Павел дӕр сӕ уымӕн фӕдзӕхста: «Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ зондджын ныхӕстӕй ӕмӕ хинӕйбыд, афтид ахуырӕдтӕй мачи асайа ӕмӕ уӕ ма ӕрцахса. Уыдӕттӕ Чырыстийы ахуырадыл не ’нцайынц, фӕлӕ адӕймаджы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттыл ӕмӕ ацы дунейы уагӕвӕрдтыл» (Кол. 2:8).

2 Уыцы сӕрст чырыстӕттӕ адӕмы ӕрымысгӕ ахуырӕдты фӕдыл куы ацыдаиккой, уӕд равдыстаиккой, Хуыцауы фырттӕ уой, уыцы диссаджы фадатӕн кӕй нӕ аргъ кӕнынц (Кол. 2:20–23). Ӕмӕ цӕмӕй Хуыцауӕй бынтондӕр ма адард уыдаиккой, уый тыххӕй сын Павел радта ахӕм уынаффӕ: «Уӕ хъуыдытӕ уӕнт, уӕлӕрвты цы ис, ууыл, зӕххон хъуыддӕгтыл нӕ, фӕлӕ» (Кол. 3:2). Уыцы чырыстӕттӕ хъуамӕ сӕ зӕрдыл дардтаиккой, цы диссаджы  ныфс сын уыд, уый – ӕнустӕм уӕлӕрвты цӕрыны ныфс (Кол. 1:4, 5).

3. а) Сӕрст чырыстӕттӕн цавӕр ныфс ис? ӕ) Ацы статьяйы цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

3 Абон дӕр сӕрст чырыстӕттӕн сӕ хъуыдытӕ сты Хуыцауы Паддзахадыл ӕмӕ сын цы ныфс ис, ууыл, ома, уӕлӕрвты Чырыстиимӕ иумӕ «бындартӕ» кӕй уыдзысты, ууыл (Ром. 8:14–17). Фӕлӕ зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонӕй та цы ис зӕгъӕн? Цымӕ Павелы ныхӕстӕ уыдонмӕ куыд хауынц? «Ӕндӕр фыстӕ» цы хъуамӕ аразой, цӕмӕй сӕ хъуыдытӕ уой, «уӕлӕрвты цы ис, ууыл»? (Иоан. 10:16). Ӕмӕ зын уавӕрты дӕр сӕ хъуыдытӕ, уӕлӕрвты цы ис, ууыл кӕмӕн уыдысты, уыцы рагон лӕггадгӕнджытӕй, зӕгъӕм, Авраамӕй ӕмӕ Моисейӕ, цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

ЦЫ ХЪУАМӔ АРАЗӔМ, ЦӔМӔЙ НӔ ХЪУЫДЫТӔ, УӔЛӔРВТЫ ЦЫ ИС, УУЫЛ УОЙ

4. Ӕндӕр фыстӕ цы хъуамӕ аразой, цӕмӕй сӕ хъуыдытӕ, уӕлӕрвты цы ис, ууыл уой?

4 Кӕд ӕндӕр фыстӕн уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нӕй, уӕддӕр сӕ хъуыдытӕ хъуамӕ уой, уӕлӕрвты цы ис, ууыл. Уый тыххӕй сын хъуамӕ Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ йӕ Паддзахад царды фыццаг бынаты уой (Лук. 10:25–27). Ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы фӕзминаг у Чырысти (1 Пет. 2:21). Фыццаг ӕнусы чырыстӕттау мах дӕр цӕрӕм Хӕйрӕджы дунейы, ӕмӕ нӕ алыварс цы адӕм ис, уыдонӕй бирӕтӕ хӕст сты алыхуызон рӕдыд хъуыдытӕ ӕмӕ философитыл, стӕй сын ӕхца ӕмӕ мулкӕй сӕйрагдӕр ницы ис. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 10:5.) Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ Йесойау къӕрцхъус уӕм ӕмӕ нӕ Йегъовӕйӕ цы адард кӕна, уыдӕттӕй нӕхи хъахъхъӕнӕм.

5. Нӕ бон куыд у базонын, ӕхца ӕмӕ мулкмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм ӕви нӕ?

5 Мыййаг, ацы дунейы адӕм ӕхца ӕмӕ мулкмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, мах дӕр сӕм ахӕм цӕстӕй кӕсын нӕ райдыдтам? Адӕймаг цы уарзы, уый арӕх бӕрӕг вӕййы йӕ хъуыдытӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй. Йесо загъта: «Дӕ хӕзна кӕм уа, уым уыдзӕн дӕ зӕрдӕ дӕр» (Матф. 6:21). Уӕдӕ хорз уаид, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу нӕ зӕрдӕмӕ куы ныккӕсиккам ӕмӕ-иу ахӕм фарстатыл куы ахъуыды кӕниккам: «Мыййаг, ӕхца самал кӕныныл, фылдӕр кӕм бакусдзынӕн, ахӕм куыст ссарыныл кӕнӕ мӕ царды уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕныныл ӕгӕр бирӕ нӕ фӕхъуыды кӕнын? Ӕви архайын, цӕмӕй хуымӕтӕг цард кӕнон ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕнгомӕй-ӕнгомдӕр кӕнон?» (Матф. 6:22). Йесо куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй, йӕхицӕн «хӕзнатӕ» зӕххыл чи ӕмбырд кӕны, уымӕн тӕссаг у, Йегъовӕйӕ куы адард уа, уымӕй (Матф. 6:19, 20, 24).

6. Нӕ тӕригъӕдджын буары фӕндтыл цӕй фӕрцы уӕлахиз кӕндзыстӕм?

6 Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ арӕх фӕфӕнды нӕ тӕригъӕдджын буары фӕндтыл ацӕуын. (Бакӕс Ромӕгтӕм 7:21–25.) Ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ куы нӕ хъусӕм, уӕд нын тӕссаг уыдзӕн, «талынджы хъуыддӕгтыл» куы бафтӕм, уымӕй. Уыцы хъуыддӕгтӕм хауынц ӕнӕуаг цӕл-минас, фыднозт, хӕтын ӕмӕ хӕлд митӕ (Ром. 13:12, 13). Цӕмӕй уыцы «зӕххон хъуыддӕгтыл», ома тӕригъӕдджын буары фӕндтыл, фӕуӕлахиз уӕм, уый тыххӕй нӕ хъуыдытӕ хъуамӕ уой, уӕлӕрвты цы ис, ууыл. Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй та хъӕуы тох кӕнын. Апостол Павел дӕр афтӕ уымӕн загъта: «Мӕ буар хъизӕмарӕй марын ӕмӕ дзы цагъар аразын» (1 Кор. 9:27). Ӕмӕ цӕмӕй мах дӕр, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагӕй ма ахауӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхицӕн тӕригъӕд ма кӕнӕм. Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм, Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, дыууӕ ахӕм адӕймаджы хабармӕ ӕмӕ базонӕм, йӕ зӕрдӕ йын цӕй фӕрцы барухс кодтой, уый (Дзут. 11:6).

АВРААМ «ӔУУӔНДЫД ЙЕГЪОВӔЙЫЛ»

7, 8. а) Авраам ӕмӕ Саррӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты? ӕ) Авраамӕн йӕ хъуыдытӕ цӕуыл уыдысты?

7 Йегъовӕ Авраамӕн куы загъта, цӕмӕй йӕ бинонтимӕ Ханааны зӕхмӕ ацыдаид, уӕд ӕм уый байхъуыста. Авраам Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндыд ӕмӕ йӕ коммӕ кӕй касти,  уый тыххӕй Йегъовӕ йемӕ скодта бадзырд. Хуыцау ын загъта: «Ӕз дӕуӕй рауадздзынӕн стыр адӕм, раарфӕ дын кӕндзынӕн» (Райд. 12:2). Фӕлӕ бирӕ азтӕ рацыд, Авраам ӕмӕ Саррӕйӕн та зӕнӕг нӕ уыд. Мыййаг, Авраам афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ Йегъовӕйӕ ферох, зӕрдӕ йын цӕмӕй бавӕрдта, уый? Уымӕй уӕлдай ма сын Ханааны ӕнцон цард нӕ уыд. Авраам ӕмӕ йӕ бинонтӕ хъӕздыг горӕт Уры ныууагътой сӕ хӕдзар ӕмӕ сӕ хиуӕтты. Уырдыгӕй Ханаанмӕ фӕцыдысты 1 600 километрӕй фылдӕр. Ӕмӕ Ханааны та цардысты цатырты, скодта-иу сыл ӕххормаг заман ӕмӕ-иу абырджытыл дӕр сӕмбӕлдысты (Райд. 12:5, 10; 13:18; 14:10–16). Кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр сӕ никуы бафӕндыд, цӕмӕй фӕстӕмӕ Урмӕ аздӕхтаиккой ӕмӕ та уым ӕнӕмӕт цард кодтаиккой. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:8–12, 15.)

8 Авраам «ӕууӕндыд Йегъовӕйыл» ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ «зӕххон хъуыддӕгтыл» нӕ уыдысты (Райд. 15:6). Уымӕн йӕ хъуыдытӕ уыдысты, уӕлӕрвты цы ис, ууыл, ома йын Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттыл. Ӕмӕ йын Иунӕг Стыр Хуыцау йӕ уырнындзинады тыххӕй раарфӕ кодта. Йегъовӕ йын загъта: «„Дӕ хорзӕхӕй, скӕс-ма арвмӕ ӕмӕ банымай стъалытӕ, кӕд сӕ дӕ бон банымайын суа, уӕд“. Ӕмӕ ма йын Хуыцау ноджыдӕр загъта: „Уыйбӕрц уыдзысты дӕ байзӕддӕгтӕ дӕр“» (Райд. 15:5). Уыцы ныхӕстӕ Авраамы стыр ныфс куыннӕ бауагътаиккой! Уый фӕстӕ-иу стъалытӕй йедзаг арвмӕ куы скаст, уӕд-иу, ӕвӕццӕгӕн, ӕрхъуыды кодта, Йегъовӕ йын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый, ома йын йӕ байзӕддӕгты кӕй сбирӕ кӕндзӕн. Ӕмӕ, Хуыцау цы рӕстӕг снысан кодта, уыцы рӕстӕг куы ’рцыд, уӕд Авраамӕн райгуырди фырт, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ (Райд. 21:1, 2).

9. Авраам нын фӕзминаг цӕмӕй у?

9 Авраамау мах дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ (2 Пет. 3:13). Нӕ хъуыдытӕ, уӕлӕрвты цы ис, ууыл куы нӕ уой, уӕд нӕм, гӕнӕн ис, афтӕ кӕсын райдайа, ӕмӕ Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕныныл фӕстиат кӕны. Ӕмӕ йын уый тыххӕй, чи зоны, зӕрдиагӕй мауал лӕггад кӕнӕм. Чи зоны-иу раздӕр дӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кодтай, цӕмӕй ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кодтаис, зӕгъӕм, пионерӕй. Кӕд о, уӕд раппӕлинаг дӕ. Фӕлӕ абон та дӕ лӕггады тыххӕй цы ис зӕгъӕн? Рох дӕ ма уӕд, Авраам кӕй «ӕнхъӕлмӕ касти, фидар бындур кӕмӕн ис... уыцы горӕтмӕ» (Дзут. 11:10). Авраам «ӕууӕндыд Йегъовӕйыл, ӕмӕ уый тыххӕй нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгыл» (Ром. 4:3).

МОИСЕЙ УЫДТА, «ЦӔСТӔЙ ФЕНӔН КӔМӔН НӔЙ, УЫЦЫ ХУЫЦАУЫ»

10. Моисей цы уавӕрты схъомыл?

10 Йӕ хъуыдытӕ, уӕлӕрвты цы ис, ууыл кӕмӕн уыдысты, ӕндӕр ахӕм адӕймаг та уыд Моисей. Ӕрыгон куы уыд, уӕд ын «бацамыдтой ӕгас Египеты зонд». Ӕмӕ уый хуымӕтӕг ахуырад нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕг Египет уыди дунеон паддзахад, стӕй Моисей царди фараоны хӕдзары. Уӕдӕ диссаг нӕу, уыцы ахуырады фӕрцы Моисей «ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр... тыхджын» кӕй сси (Хъуыд. 7:22). Ахъуыды-ма кӕн, цы диссаджы фадӕттӕ йын уыди! Фӕлӕ Моисейӕн алцӕмӕй ахсджиагдӕр уыд ӕндӕр хъуыддаг – Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын.

11, 12. Моисей цавӕр зонындзинӕдтӕн аргъ кодта ӕмӕ уый кӕцӕй зонӕм?

11 Моисей ма гыццыл куы уыд, уӕд ын йӕ мад, Иохаведӕ, дзуттӕгты Хуыцауы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ радзырдтаид. Ӕмӕ Моисейӕн уыцы зонындзинӕдтӕ цыфӕнды хъӕздыгдзинӕдтӕй дӕр зынаргъдӕр уыдысты. Уымӕ гӕсгӕ, фараоны хӕдзары цӕргӕйӕ йын цы фадӕттӕ ӕмӕ цы гӕнӕнтӕ уыди, уыдоныл йӕ къух систа. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:24–27.) Ӕцӕгдӕр, Моисей Йегъовӕйы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ кӕй зыдта ӕмӕ йыл кӕй ӕууӕндыд, уый фӕрцы йӕ хъуыдытӕ уыдысты, уӕлӕрвты цы ис, ууыл.

12 Кӕд Моисей фараоны хӕдзары диссаджы  ахуырад райста, уӕддӕр дзы не спайда кодта, цӕмӕй Египеты цавӕрдӕр стыр бынат бацахстаид, йӕхицӕн ном скодтаид кӕнӕ схъӕздыг уыдаид. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Моисейы «нӕ бафӕндыд фараоны чызджы фырты ном хӕссын, ӕмӕ, тӕригъӕд рӕстӕгмӕ цы ӕхсызгондзинад хӕссы, уый цинӕй цӕрыны бӕсты равзӕрста Хуыцауы адӕмимӕ ӕфхӕрд ӕййафын». Рӕстӕг куы рацыд, уӕд Моисей спайда кодта, Хуыцауы тыххӕй йӕм цы зонындзинӕдтӕ уыд, уыдонӕй, цӕмӕй Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кодтаид.

13, 14. а) Моисей цӕуыл хъуамӕ сахуыр уыдаид, цалынмӕ Хуыцауы адӕмы Египетӕй нӕ ракодта, уӕдмӕ? ӕ) Моисейау мах дӕр цӕуыл хъӕуы бацархайын?

13 Моисей уарзта Йегъовӕйы дӕр ӕмӕ йын йӕ адӕмы дӕр. 40 азы йыл куы цыди, уӕд афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ бон у Хуыцауы адӕмы Египеты цагъарадӕй ссӕрибар кӕнын (Хъуыд. 7:23–25). Фӕлӕ йын цалынмӕ Йегъовӕ уыцы хъуыддаг бахӕс кодтаид, уӕдмӕ йӕ хъуыди йӕ удыхъӕды цавӕрдӕр миниуджытӕ сфидар кӕнын, зӕгъӕм, сӕрныллӕгдзинад, фӕразондзинад ӕмӕ хиуылхӕцындзинад, стӕй ма хъуамӕ иннӕтимӕ фӕлмӕнӕй архайын дӕр сахуыр уыдаид (Ӕмб. 15:33). Моисей 40 азы дӕргъы фыстӕ кӕй хызта, уый йын баххуыс кодта уыцы хорз миниуджытӕ йӕ удыхъӕды сфидар кӕнынӕн. Ӕмӕ уый фӕрцы цӕттӕ уыди, фидӕны йӕм цы фӕлварӕнтӕ ӕмӕ цы зындзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонмӕ.

14 Цымӕ Моисей фыййау кӕй уыд, уый фӕрцы цӕуыл сахуыр? Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй «зӕххыл... Моисейы хуызӕн сабыр адӕймаг нӕ уыд» (Ным. 12:3). Сӕрныллӕгдзинадыл кӕй сахуыр, уый фӕрцы йӕ бон уыд алыхуызон адӕмимӕ фӕразонӕй архайын ӕмӕ сын сӕ зындзинӕдтӕ скъуыддзаг кӕнынӕн ӕххуыс кӕнын (Рац. 18:26). Мах дӕр Моисейау хъӕуы нӕ удыхъӕды сфидар кӕнын, «стыр бӕллӕхы» сӕрты ахизынӕн ӕмӕ нын ног дунемӕ бацӕуынӕн чи баххуыс кӕндзӕн, уыцы миниуджытӕ (Рарг. 7:14). Алыхуызон адӕмимӕ, суанг дӕм тӕргайгӕнаг кӕнӕ мӕстыгӕр чи кӕсы, уыдонимӕ дӕр, хӕларӕй цӕрын зоныс? Уый фӕдыл нын хорз уынаффӕ радта апостол Петр: «Алкӕмӕн дӕр кад кӕнут, уе ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр уарзут» (1 Пет. 2:17).

НӔ ХЪУЫДЫТӔ УӔНТ, УӔЛӔРВТЫ ЦЫ ИС, УУЫЛ

15, 16. а) Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй нӕ хъуыдытӕ, уӕлӕрвты цы ис, ууыл уой? ӕ) Чырыстӕттӕ сӕ уаг ӕмӕ се ’гъдауӕй фӕзминаг цӕмӕн хъуамӕ уой?

15 Мах цӕрӕм «тынг уӕззау рӕстӕджы» (2 Тим. 3:1). Уымӕ гӕсгӕ ныр уӕлдай ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ хъуыдытӕ уой, уӕлӕрвты цы ис, ууыл ӕмӕ Хуыцауимӕ ӕнгом уӕм (1 Фес. 5:6–9). Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм, уый нӕ царды цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы хъуамӕ уа бӕрӕг, уымӕ.

16 Нӕ уаг ӕмӕ не ’гъдау. Петр бамбарын кодта, тынг ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй чырыстӕттӕн хорз уагахаст уа. Уый ныффыста: «Ацы дунейы адӕмы ’хсӕн уӕ уаг ӕмӕ уе ’гъдауӕй фӕзминаг ут, цӕмӕй уӕ фыдгӕнджытӕ чи хоны, уыдон уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕ уыной, ӕмӕ Хуыцауы скадджын кӕной» (1 Пет. 2:12). Кӕмфӕнды ма уӕм – хӕдзары, куысты кӕнӕ скъолайы, ӕмӕ цыфӕнды ма аразӕм – нӕхи ирхӕфсӕм ӕви хъусын кӕнӕм, уӕддӕр хъуамӕ ӕппӕт хъарутӕй архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы нӕ хорз уаг ӕмӕ ӕгъдауӕй кадджын кӕнӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй не ’ппӕт дӕр рӕдийӕм (Ром. 3:23). Фӕлӕ дарддӕр дӕр нӕ уырнындзинады сӕрыл хъӕбатырӕй куы тох кӕнӕм, уӕд не ’нӕххӕст буарыл фӕуӕлахиз уыдзыстӕм (1 Тим. 6:12).

17. Чырысти куыд хъуыды кодта, афтӕ хъуыды кӕнын нӕ бон цӕй фӕрцы уыдзӕн? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

17 Нӕ зондахаст. Цӕмӕй нӕ уаг ӕмӕ не ’гъдауӕй фӕзминаг уӕм, уый тыххӕй нын хъуамӕ уа раст зондахаст. Апостол Павел загъта: «Йесо Чырысти куыд хъуыды кодта, афтӕ хъуыды кӕнут сымах дӕр» (Фил. 2:5). Йесойӕн та цавӕр зондахаст уыди? Уый уыди сӕрныллӕг, ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцауӕн  удуӕлдайӕ лӕггад кодта. Ӕппӕты ахсджиагдӕр ын уыди Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын (Мар. 1:38; 13:10). Алы хъуыддаджы дӕр ын сӕйраг уыд, Хуыцауы Ныхас цы зӕгъы, уый (Иоан. 7:16; 8:28). Сыгъдӕг Фыстад бӕстон кӕй иртӕста, уый фӕрцы-иу йӕ бон уыд Фыстадӕй цавӕрдӕр скъуыддзаг радзурын, стӕй Хуыцауы Ныхасы сӕрыл дзурын ӕмӕ йӕ иннӕтӕн ӕмбарын кӕнын. Мах дӕр хъусын кӕнгӕйӕ ӕмӕ Библи иртасгӕйӕ сӕрныллӕгӕй ӕмӕ зӕрдиагӕй куы архайӕм, уӕд нын хуыздӕр уайдзӕн, Чырысти куыд хъуыды кодта, афтӕ хъуыды кӕнын.

Йесойӕн ӕппӕты ахсджиагдӕр уыд Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын (кӕс 17 абзац)

18. Хуыцау нын нӕ бар цавӕр ахсджиаг хъуыддаг бакодта?

18 Нӕ лӕггад. Йегъовӕйы фӕнд у, цӕмӕй «Йесойы номы раз алчидӕр йӕ зонгуытыл ӕрлӕууа – уӕлӕрвты чи ис, [ӕмӕ] зӕххыл чи ис... уыдон» (Фил. 2:9–11). Фӕлӕ кӕд Йесойӕн ахӕм кадджын бынат ис, уӕддӕр йӕхи бакодта йӕ Фыды дӕлбар, ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ афтӕ бакӕнӕм (1 Кор. 15:28). Хуыцау нын нӕ бар бакодта ахсджиаг хъуыддаг – ӕппӕт адӕмтӕй дӕр ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын, ӕмӕ уыцы хъуыддаг хъуамӕ зӕрдиагӕй аразӕм (Матф. 28:19). Стӕй ма нӕ фӕнды, цӕмӕй «алкӕмӕн дӕр хорздзинад аразӕм» – не ’мчырыстӕттӕн дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмӕн дӕр (Гал. 6:10).

19. Нӕ фидар фӕнд цы хъуамӕ уа?

19 Йегъовӕ Хуыцау нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, нӕ хъуыдытӕ, уӕлӕрвты цы ис, ууыл кӕй хъуамӕ уой. Ӕмӕ дзы уый тыххӕй тынг бузныг стӕм! Уӕдӕ хъуамӕ, «нӕ размӕ цы фӕндаг ис, ууыл фӕразонӕй згъорӕм» (Дзут. 12:1). Ӕмӕ цыфӕнды ма аразӕм, алцыдӕр аразӕм «ӕппӕт удӕй, цыма йӕ... Йегъовӕйӕн аразӕм, афтӕ», ӕмӕ нӕ уӕд нӕ уӕларвон Фыд нӕ фыдӕбоны тыххӕй схорзӕхджын кӕндзӕн (Кол. 3:23, 24).