Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйӕн бузныг дзурут, ӕмӕ арфӕгонд уат!

Йегъовӕйӕн бузныг дзурут, ӕмӕ арфӕгонд уат!

«Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ» (ПС. 106:1).

1. Йегъовӕйӕн бузныг цӕмӕн фӕдзурӕм?

ЙЕГЪОВӔ нын дӕтты, «хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар дӕр» (Иак. 1:17). Уый у нӕ уарзӕгой Фыййау, алы хъуыддаджы дӕр ныл тыхсы ӕмӕ нӕ цух ницӕмӕй уадзы (Пс. 23:1–3). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ уый аккаг у, цӕмӕй йын зӕрдӕбынӕй бузныг дзурӕм. Уый у «не ’мбӕхсӕн ӕмӕ нӕ хъару», уӕлдайдӕр та зындзинӕдты рӕстӕг (Пс. 46:1). Ӕмӕ мах дӕр разы стӕм, псаломзарӕггӕнӕг цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдонимӕ: «Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ, уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм у йе ’нувыд уарзт» (Пс. 106:1).

2015 азы стих: «Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ» (Псалом 106:1).

2, 3. а) Адӕймаг йӕ арфӕдзинӕдтӕн цӕуылнӕуал фӕаргъ кӕны? ӕ) Ацы статьяйы цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 Йегъовӕйӕ бузныг цӕмӕн хъуамӕ уӕм? Библийы фыст ис, фӕстаг бонты адӕм хорздзинадӕн кӕй нал аргъ кӕндзысты (2 Тим. 3:2). Абон бирӕтӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсынц, Хуыцау сӕ цы хорздзинӕдтӕй хайджын кӕны, уыдонмӕ. Ацы мулкылмард дуне адӕмы разӕнгард кӕны, цӕмӕй ӕлхӕной, цас сӕ хъӕуы, уымӕй фылдӕр. Ӕмӕ уый тыххӕй бирӕтӕ, цы сӕм ис, уымӕй райгонд нӕ сты. Уыцы зондахаст, гӕнӕн ис, ӕмӕ махыл дӕр фӕзына. Махӕн дӕр тӕссаг у, рагон израилӕгтау бузныг куы нал уӕм, ӕмӕ, цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын стӕм, уыдонӕн, стӕй нын Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад ис, уымӕн куы нал аргъ кӕнӕм (Пс. 106:7, 11–13).

3 Ахъуыды-ма кӕнӕм, уӕззау фӕлварӕнты рӕстӕг нын тӕссаг цӕмӕй вӕййы, ууыл дӕр. Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ зындзинӕдты тыххӕй афтӕ тынг мӕт кӕнын райдайӕм, ӕмӕ нӕ арфӕдзинӕдтӕ мауал уынӕм (Пс. 116:3). Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ахӕм уавӕрты дӕр Хуыцауӕй бузныг уӕм? Нӕ бон куыд у уӕззау фӕлварӕнты рӕстӕг алцӕмӕ дӕр раст цӕстӕй кӕсын?

«БИРӔ ХЪУЫДДӔГТӔ САРӔЗТАЙ, О ЙЕГЪОВӔ»

4. Йегъовӕйӕ алкӕддӕр бузныг цӕй фӕрцы уыдзыстӕм?

4 Цӕмӕй Йегъовӕйӕ алкӕддӕр бузныг уӕм, уый тыххӕй-иу хъуамӕ фенӕм, цы хъуыддӕгты нын арфӕ кӕны, уый. Ӕмӕ-иу стӕй хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, уыцы арфӕдзинӕдтӕй куыд зыны, Хуыцау нӕ тынг кӕй уарзы, уый. Афтӕ кодта псаломзарӕггӕнӕг дӕр, ӕмӕ-иу ӕй дисы бафтыдта, Йегъовӕ йын цас хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уый. (Бакӕс Псалом 40:5; 107:43.)

5. Бузныг кӕй хъуамӕ уӕм, уый тыххӕй апостол Павелы цӕвиттонӕй цы ис базонӕн?

5 Йегъовӕйӕ куыд бузныг хъуамӕ уӕм, уый тыххӕй бирӕ базонӕн ис апостол Павелы цӕвиттонӕй. Павел-иу Хуыцаумӕ куы куывта, уӕд ын ӕдзухдӕр бузныг дзырдта, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, йӕ арфӕдзинӕдтыл кӕй хъуыды кодта. Павел куыд загъта, афтӕмӕй «кӕддӕр Хуыцауы фаудта, йӕ адӕмы йын ӕфхӕрдта ӕмӕ ӕдзӕсгом адӕймаг уыд». Фӕлӕ йӕм уӕддӕр Хуыцау ӕмӕ Чырысти фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыстой ӕмӕ йӕ стыр кадӕй схайджын кодтой – бахӕс ын кодтой иннӕтӕн хорз хабар хъусын кӕнын. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй бузныг уыд. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 1:12–14.) Уымӕй уӕлдай ма Павел тынг аргъ кодта йӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн, ӕмӕ Йегъовӕйӕн арӕх бузныг дзырдта сӕ хорз миниуджытӕ ӕмӕ сӕ иузӕрдион лӕггады тыххӕй (Фил. 1:3–5, 7; 1 Фес. 1:2, 3). Фӕлварӕнты рӕстӕг-иу ӕм ӕфсымӕртӕ ӕххуысмӕ куы фӕзындысты, уӕд дӕр-иу ӕй Йегъовӕйӕн бузныг зӕгъын никуы ферох (Хъуыд. 28:15; 2 Кор. 7:5–7). Уӕдӕ диссаг нӕу, Павел чырыстӕтты кӕй разӕнгард кодта: «Бузныг ут. [...] Кӕрӕдзийы... фидар кӕнут псаломтӕй, кады зарджытӕй ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ дины зарджытӕй» (Кол. 3:15–17).

ЛӔМБЫНӔГ КУЫ ХЪУЫДЫ КӔНӔМ ӔМӔ ХУЫЦАУМӔ КУЫ КУВӔМ, УӔД АЛКӔДДӔР БУЗНЫГ УЫДЗЫСТӔМ

6. Йегъовӕйӕ бузныг цӕй тыххӕй дӕ?

6 Нӕ бон куыд у Павелы бафӕзмын? Махӕн дӕр нӕ бон у хъуыды кӕнын, Йегъовӕ мах тыххӕй цы сарӕзта, ууыл (Пс. 116:12). Исчи дӕ куы бафӕрсид, Йегъовӕйӕ бузныг цавӕр арфӕдзинӕдты тыххӕй дӕ, зӕгъгӕ, уӕд ын цы зӕгъис? Чи зоны, зӕгъис, Йегъовӕимӕ дын цы хӕлардзинад ис, уый тыххӕй кӕнӕ, Чырыстийы нывонды фӕрцы дӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕй цӕуынц, уый тыххӕй. Йе та, чи зоны, зӕгъис, зын рӕстӕджы дӕ фарсмӕ чи ӕрбалӕууыд, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй. Стӕй дӕ зынаргъ цардӕмбал йе та дӕ хъӕбулты кой дӕр куыннӕ ракӕнис. Уӕдӕ-иу уыдӕттыл ахъуыды кӕнынӕн рӕстӕг куы ссарай, уӕд дӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕн алы бон дӕр бузныг дзурай. (Бакӕс Псалом 92:1, 2.)

7. а) Йегъовӕмӕ-иу куы кувӕм, уӕд-иу ын бузныг цӕмӕн хъуамӕ дзурӕм? ӕ) Дӕ куывдтыты Йегъовӕйӕн бузныг куы дзурай, уӕд дын уый цы пайда хӕсдзӕн?

7 Цы бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын стӕм, уыдоныл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бафӕнды Йегъовӕмӕ скувын ӕмӕ йын бузныг зӕгъын (Пс. 95:2; 100:4, 5). Иуӕй-иутӕ Хуыцаумӕ ӕрмӕст уый тыххӕй фӕкувынц, цӕмӕй дзы исты ракурой. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, цы нӕм ис, уый тыххӕй йын бузныг куы фӕдзурӕм. Библийы дӕр ис, Хуыцауӕн арфӕ чи кодта, бирӕ ахӕм адӕймӕгты цӕвиттонтӕ, зӕгъӕм, Аннӕ ӕмӕ Езекийы цӕвиттонтӕ (1 Сам. 2:1–10; Ис. 38:9–20). Уӕдӕ дын уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ фӕзминаг уӕнт ӕмӕ Йегъовӕйӕн бузныг дзур, цы арфӕдзинӕдтӕй дӕ хайджын кӕны, уыдоны тыххӕй (1 Фес. 5:17, 18). Афтӕ куы кӕнай, уӕд дӕ ныфсыл ныфс ӕмӕ дӕ хъарутыл хъарутӕ ӕфтдзӕн, Йегъовӕйы тынгдӕр уарздзынӕ ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕндзынӕ (Иак. 4:8).

Хуыцауӕй цавӕр арфӕдзинӕдты тыххӕй дӕ бузныг? (кӕс 6, 7 абзацтӕ)

8. Алкӕмӕн дӕр нӕ тӕссаг цӕмӕн у, хорздзинадӕн куы нал аргъ кӕна, уымӕй?

8 Фӕлӕ къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ мауал аргъ кӕнӕм, Йегъовӕ нын цы хорздзинӕдтӕй хай кӕны, уыдонӕн. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ не ’ппӕт дӕр нӕ рагфыдӕлтӕй, Адам ӕмӕ Евӕйӕ, нӕ туджы рахастам ӕнӕххӕстдзинад, ӕмӕ уый тыххӕй алкӕмӕн дӕр тӕссаг у, хорздзинадӕн аргъ кӕнын куы нал зона. Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы ӕрцӕрын кодта Дзӕнӕты цӕхӕрадоны, ӕмӕ ӕппындӕр ницы цух уыдысты. Стӕй сӕ бон уыди ӕнустӕм фӕрнӕй цӕрын (Райд. 1:28). Фӕлӕ уыдон сӕ арфӕдзинӕдтӕн не саргъ кодтой. Уыдон разындысты ӕнӕфсис ӕмӕ сӕ ноджы фылдӕр ӕрхъуыди. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг алцыдӕр фесӕфтой (Райд. 3:6, 7, 17–19). Абон мах цӕрӕм, хорздзинадӕн кӕм нӕ аргъ кӕнынц, ахӕм дунейы, ӕмӕ уыцы зондахаст, гӕнӕн ис, махыл дӕр бандава. Тӕссаг у, куы нал аргъ кӕнӕм, Йегъовӕ нын цы радта, уыдӕттӕн, зӕгъӕм, йемӕ нын цы хӕлардзинад ис, уымӕн кӕнӕ нын ӕппӕт дунейы дӕр цы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ис, уыдонӕн. Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ ацы дунейы хъуыддӕгтӕ сӕ фӕдыл асайой (1 Иоан. 2:15–17). Цӕмӕй уыцы къӕппӕджы ма бахауӕм, уый тыххӕй хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, цы бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын стӕм, уыдоныл ӕмӕ Хуыцауӕн ӕдзухдӕр бузныг дзурӕм, йӕ адӕмӕй кӕй стӕм, уый тыххӕй. (Бакӕс Псалом 27:4.)

ФӔЛВАРӔНТЫ РӔСТӔГ

9. Уӕззау фӕлварӕнты рӕстӕг нӕ арфӕдзинӕдтыл цӕмӕн хъуамӕ хъуыды кӕнӕм?

9 Бузныгзӕрдӕ куы уӕм, уӕд нын уӕззау фӕлварӕнты рӕстӕг фидар фӕлӕууын ӕнцондӕр уыдзӕн. Чи зоны, цавӕрдӕр уӕззау хабары тыххӕй нӕ цард ӕвиппайды фӕива, ӕмӕ уый тыххӕй нӕ ныфс асӕтта. Зӕгъӕм, адӕймагӕн уӕззау фӕлварӕн свӕййы, йӕ цардӕмбал ыл гадзрахатӕй куы рацӕуы, уӕззау низӕй куы фӕрынчын вӕййы, исчи йын куы фӕзиан вӕййы кӕнӕ цавӕрдӕр ӕрдзон бӕллӕхы куы бахауы. Фӕлӕ ахӕм уавӕрты дӕр Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый удӕнцой хӕсдзӕн ӕмӕ нын хъарутӕ дӕтдзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм. Ӕркӕсӕм-ма, нӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты хабӕрттӕй цалдӕрмӕ.

10. Иринӕ йӕ арфӕдзинӕдтыл кӕй фӕхъуыды кӕны, уый йын куыд ӕххуыс кӕны?

10 Иринӕ * цӕры Цӕгат Америкӕйы ӕмӕ лӕггад кӕны пионерӕй. Йӕ лӕг уыди хистӕр нӕлгоймаг, фӕлӕ йыл гадзрахатӕй рацыд ӕмӕ йӕ ӕд сывӕллӕттӕ ныууагъта. Цымӕ йын цы баххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй лӕггад кӕна? Иринӕ загъта: «Ӕз Йегъовӕйӕ тынг бузныг дӕн, кӕй мыл тыхсы, уый тыххӕй. Алы бон дӕр фӕхъуыды кӕнын, цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын дӕн, уыдоныл, ӕмӕ уый фӕрцы ӕмбарын, цӕй стыр кад у, Хуыцау дӕ зона ӕмӕ дӕ уарза, уый. Ӕз фидарӕй зонын, мӕ уӕларвон Фыд мӕ алкӕддӕр кӕй хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ мӕ кӕй никуы ныууадздзӕн». Кӕд Иринӕ йӕ царды бирӕ мӕстытӕ бавзӕрста, уӕддӕр йӕ циндзинад ӕрмынӕг кӕнын нӕ бауагъта, ӕмӕ уый фӕрцы фидар лӕууы ӕмӕ ма иннӕтӕн дӕр у ныфсы хос.

11. Кёнсукӕн цы ’ххуыс кӕны, цӕмӕй йӕ уӕззау низӕн фӕраза?

11 Кёнсук цӕры Азийы ӕмӕ 20 азӕй фылдӕр йӕ цардӕмбалимӕ лӕггад кодтой пионертӕй. Фӕлӕ йын иуафон ӕнӕнхъӕлӕджы йӕ рӕуджыты рак ссардтой ӕмӕ йын загътой, зӕгъгӕ ма кӕд иу-ӕхсӕз мӕйы фӕцӕрай, уӕд хорз. Кӕд йӕ цардӕмбалимӕ уый размӕ дӕр бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, уӕддӕр се ’нӕниздзинадӕй никуы хъаст кодтой. Кёнсук загъта: «Мӕ низы тыххӕй куы базыдтон, уӕд арвыцӕфау фӕдӕн. Афтӕ мӕм каст, цыма ӕнӕ ницӕмӕй аззадтӕн, стӕй тӕрсгӕ дӕр тынг кодтон». Цымӕ йын ахӕм уӕззау фӕлварӕны цы ’ххуыс кӕны? Кёнсук дзуры: «Алы ’хсӕв дӕр фынӕйы размӕ нӕ хӕдзары сӕрмӕ ссӕуын ӕмӕ Йегъовӕмӕ хъӕрӕй фӕкувын ӕмӕ йын фӕзӕгъын, уыцы бон дзы бузныг кӕй тыххӕй дӕн, фондз ахӕм хъуыддаджы тыххӕй. Уый фӕстӕ мын фенцондӕр вӕййы, ныфс мӕ бацӕуы, ӕмӕ мӕ бафӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйӕн зӕгъон, куыд тынг ӕй уарзын, уый тыххӕй». Хуыцаумӕ афтӕ кӕй фӕкувы, уый йын куыд ӕххуыс кӕны? Кёнсук зӕгъы: «Ӕз бамбӕрстон, Йегъовӕ нын уӕззау фӕлварӕнты рӕстӕг кӕй ӕххуыс кӕны ӕмӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕ нӕ зындзинӕдтӕй бирӕ фылдӕр кӕй сты».

Шерил ӕмӕ йын чи аирвӕзт, уыцы ӕфсымӕр Джон (кӕс 13 абзац)

12. Джейсонӕн йӕ бинойнаджы мӕлӕты фӕстӕ цы ’ххуыс кӕны?

12 Джейсон 30 азӕй фылдӕр лӕггад кӕны ӕххӕстрӕстӕг, ӕмӕ ныртӕккӕ ис Африкӕйы филиалтӕй сӕ иуы. Уый загъта: «Авд азы размӕ мӕ бинойнаг фӕзиан, ӕмӕ уый куыд стыр маст у, уымӕн зӕгъӕн дӕр нӕй. Мӕ бинойнаг ракимӕ тох кӕнгӕйӕ цытӕ ӕвзӕрста, ӕдзухдӕр ууыл куы хъуыды кӕнин, уӕд мӕ ныфс бынтондӕр асӕттид». Цымӕ Джейсонӕн цы ’ххуыс кӕны, цӕмӕй уыцы мастӕн фӕраза? Уый загъта: «Иухатт хъуыдытӕ кодтон, мӕ бинойнагимӕ иумӕ куыд хорз цардыстӕм ӕмӕ цы диссаджы рӕстӕджытӕ арвыстам, ууыл. Ӕмӕ уыцы мысинӕгты тыххӕй Йегъовӕйӕн бузныг загътон. Уый фӕстӕ мын бирӕ фенцондӕр, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕдзухдӕр бузныг фӕдзурын ахӕм хорз мысинӕгты тыххӕй. Афтӕ кӕй фӕкӕнын, уый фӕрцы мӕ уавӕрмӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтон. Мӕ бинойнаг кӕй нал ис, уый мын ныр дӕр тынг зын у, фӕлӕ Йегъовӕйӕ бузныг дӕн, кӕй мын балӕвар кодта, бирӕ йӕ чи уарзта ӕмӕ йын зӕрдиагӕй кӕимӕ фӕлӕггад кодтон, ахӕм цардӕмбал. Ӕмӕ мын уый дӕр стыр удӕнцойы хӕссы».

«Йегъовӕ мӕ Хуыцау кӕй у, уый тыххӕй дзы тынг бузныг дӕн» (Шерил)

13. Шерилӕн йӕ бинонтӕ куы фесӕфтысты, уӕд ын фидар фӕлӕууынӕн цы баххуыс кодта?

13 2013 азы кӕрон Филиппинты астӕуккаг хайыл тыхдымгӕ «Хайян» куы рацыд, уӕд 13-аздзыд Шерил, зӕгъӕн ис, ӕнӕ ницӕмӕй баззад. Шерил загъта: «Мӕ бинонтӕй ме ’фсымӕры йеддӕмӕ ничи аирвӕзт, нӕ хӕдзар дӕр ныппырх». Йӕ мад ӕмӕ йын йӕ фыды, стӕй йын йӕ дыууӕ хойы ӕмӕ йе ’фсымӕры дон аласта. Цымӕ йын цы ’ххуыс кӕны, цӕмӕй уыцы стыр маст сфӕраза ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ма ныддур уа? Шерил у бузныгзӕрдӕ адӕймаг ӕмӕ фӕхъуыды кӕны, цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын у, уыдоныл. Уый загъта: «Ӕз федтон, зын уавӕрты чи бахауд, уыдонӕн нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ куыд ӕххуыс кодтой ӕмӕ сӕ куыд фидар кодтой, уый. Ӕмӕ зыдтон, ӕгас дунейы дӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ мӕн тыххӕй кӕй кувынц». Стӕй ма загъта: «Йегъовӕ мӕ Хуыцау кӕй у, уый тыххӕй дзы тынг бузныг дӕн. Уый нын алкӕддӕр фӕдӕтты, цы нӕ фӕхъӕуы, уый». Ӕцӕгдӕр, цы арфӕдзинӕдтӕ нын ис, уыдонӕй бузныг куы вӕййӕм, уӕд стыр маст ӕвзаргӕйӕ дӕр нӕ ныфс нӕ асӕтты. Ӕмӕ нын уый ӕххуыс кӕны, цӕмӕй цыфӕнды зындзинады рӕстӕг дӕр ма фӕцудӕм (Еф. 5:20; бакӕс Филиппӕгтӕм 4:6, 7).

«ЙЕГЪОВӔ УЫДЗӔН МЕ СТЫР ЦИН»

14. Фидӕнӕй нӕ цавӕр диссаджы ныфс ис? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

14 Ӕнусты дӕргъы Йегъовӕйы адӕм бузныг уыдысты, цы арфӕдзинӕдтӕй сӕ хайджын кодта, уыдоны тыххӕй. Израилӕгтӕ Сырх денджызы раз фараон ӕмӕ йе ’фсадӕй куы фервӕзтысты, уӕд цингӕнгӕйӕ зарыдысты, Йегъовӕйы кадджын кодтой ӕмӕ йын арфӕ кодтой (Рац. 15:1–21). Абон цы стыр арфӕдзинӕдтӕй хайджын стӕм, уыдонӕй иу у, тагъд рӕстӕджы рыст ӕмӕ маст ӕппындӕр кӕй нал уыдзӕн, уый кӕй зонӕм (Пс. 37:9–11; Ис. 25:8; 33:24). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, куыд цин кӕндзыстӕм, Йегъовӕ йе ’ппӕт знӕгты дӕр куы фесафа ӕмӕ нӕ ног дунемӕ, фарн ӕмӕ рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы дунемӕ, куы бакӕна, уӕд. Уыцы бон Йегъовӕйӕ тынг бузныг уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ арфӕйы ныхӕстӕн кӕрон дӕр нӕ уыдзӕн! (Рарг. 20:1–3; 21:3, 4).

15. 2015 азы дӕргъы дӕ цы фӕнды аразын?

15 Мах зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, 2015 азы нын Йегъовӕ цы бирӕ арфӕдзинӕдтӕ ӕрцӕттӕ кодта, уыдонмӕ. Гӕнӕн ис, ӕмӕ цавӕрдӕр зындзинӕдтыл дӕр ӕмбӕлӕм. Фӕлӕ цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр фидарӕй зонӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй никуы ныууадздзӕн (Дык. з. 31:8; Пс. 9:9, 10). Ӕмӕ нӕ иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый нын дарддӕр дӕр дӕтдзӕн. Уӕдӕ пехуымпар Аввакум куыд хъуыды кодта, мах дӕр афтӕ хъуыды кӕнӕм. Уый загъта: «Легъуибӕлас дидинӕг куы нӕ ракала, сӕнӕфсир дыргъ куы нӕ ратта, оливӕбӕласыл куы ницы ӕрзайа, быдырты тыллӕг куы нӕ уа, фысдоны фыстӕ куы нал баззайа ӕмӕ хъомдоны та – стуртӕ, уӕддӕр Йегъовӕ уыдзӕн ме стыр цин, ӕз цин кӕндзынӕн мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауыл» (Ав. 3:17, 18). Цӕй ӕмӕ ацы аз дӕр нӕ арфӕдзинӕдтыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ нын 2015 азы стих куыд дзуры, афтӕ кӕнӕм: «Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ» (Пс. 106:1).

^ 10 абз. Ацы статьяйы иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.