Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йесойау сӕрныллӕг ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг ут

Йесойау сӕрныллӕг ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг ут

«Чырысти сымах тыххӕй фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ уын равдыста, куыд цӕрын хъӕуы, уый, цӕмӕй йӕ къахвӕдтыл цӕуат» (1 ПЕТ. 2:21).

1. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ Йесойы куы фӕзмӕм, уӕд Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм?

АДӔЙМАГӔН йӕ цӕсты кадджын чи вӕййы, уый арӕх фӕзмгӕ дӕр фӕкӕны. А зӕххыл чидӕриддӕр цард, уыдонӕй нын Йесо Чырыстийы хуызӕн фӕзминаг ничи у. Цӕмӕн? Иухатт Йесо загъта: «Мӕн чи федта, уый федта Фыды дӕр» (Иоан. 14:9). Афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ алцӕмӕй дӕр у йӕ Фыды хуызӕн. Уӕдӕ адӕймаг Йесойы тыххӕй фылдӕр куы базоны, уӕд фылдӕр базоны Йегъовӕйы тыххӕй дӕр. Ӕмӕ йӕ куы фӕфӕзмы, уӕд ӕввахсдӕр фӕкӕны Йегъовӕмӕ, Дун-дунейы ӕппӕты кадджындӕр чи у, уымӕ. Уымӕй стырдӕр арфӕдзинад та цы хъуамӕ уа!

2, 3. а) Йегъовӕ Йесойы царды хабӕрттӕ Библийы цӕмӕн ныффыссын кодта ӕмӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы? ӕ) Ацы ӕмӕ иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

2 Йегъовӕ батыхст, цӕмӕй Йесойы царды хабӕрттӕ Библийы фыст ӕрцыдаиккой. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йын йӕ Фырты хорз зонӕм ӕмӕ йӕ алы хъуыддаджы дӕр фӕзмӕм. (Бакӕс 1 Петры 2:21.) Библийы фыст ис, Йесойы къахвӕдтыл кӕй хъуамӕ цӕуӕм. Цымӕ уый цӕуыл дзурӕг у? Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нӕ алы къахдзӕф дӕр, ома нӕ алы хъуыддаг дӕр, аразӕм Йесойы цӕвиттонмӕ гӕсгӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ ӕмбары, нӕ бон кӕй нӕу Йесойы, ӕххӕст адӕймаджы, алцӕмӕй дӕр бафӕзмын. Фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй уыцы хъуыддаджы, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм.

3 Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, Йесомӕ цы хорз миниуджытӕ уыд, уыдонӕй цалдӕрмӕ. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, сӕрныллӕг ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй уыд, ууыл. Иннӕйы та дзырд цӕудзӕн, хъӕбатыр ӕмӕ арфуынӕг кӕй уыд, ууыл. Уыцы миниуджытӕй-иу алкӕцымӕ дӕр хицӕнӕй ӕркӕсдзыстӕм ӕмӕ-иу дзуапп базондзыстӕм ӕртӕ фарстайӕн: 1) Ацы миниуӕг цы у? 2) Цӕмӕй бӕрӕг уыд, Йесомӕ ацы миниуӕг кӕй уыди? 3) Нӕ бон куыд у Йесойы фӕзмын?

ЙЕСО У СӔРНЫЛЛӔГ

4. Сӕрныллӕг уай, уый цӕуыл дзурӕг у?

4 Сӕрныллӕгдзинад цы у? Абон бирӕтӕ сты сӕрбӕрзонд, ӕмӕ, сӕрныллӕг чи у, уыдоны нымайынц лӕмӕгъ ӕмӕ ӕнӕныфсхаст адӕмыл. Фӕлӕ цымӕ раст хъуыды кӕнынц? Хабар афтӕ у, ӕмӕ цӕмӕй сӕрныллӕг уай, уый тыххӕй хъуамӕ уай фидар удыхъӕды хицау ӕмӕ хъӕбатыр адӕймаг. Сӕрныллӕгдзинадӕн сӕрбӕрзонддзинадимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы ис. Цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм, уый тыххӕй фыццаджыдӕр хъуамӕ нӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсӕм. Зӕгъӕм, Библи чи ӕмбарын кӕны, иу ахӕм дзырдуаты фыст ис: «Сӕрныллӕг чи у, уый ӕмбары, Хуыцауы раз куыд гыццыл у, уый». Сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд нӕм афтӕ никуы кӕсдзӕн, ӕмӕ иннӕ адӕмӕй хуыздӕр стӕм (Ром. 12:3). Ӕнӕххӕст адӕмӕн ацы миниуӕг сӕ удыхъӕды фидар кӕнын ӕнцон нӕу. Фӕлӕ, Йегъовӕ махӕй куыд бирӕ стырдӕр у, ууыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ Йесойы куы фӕзмӕм, уӕд уыдзыстӕм сӕрныллӕг.

5, 6. а) Хистӕр зӕд Михаил чи у? ӕ) Михаил куыд равдыста, сӕрныллӕг кӕй уыд, уый?

5 Хуыцауы Фырт алкӕддӕр уыд сӕрныллӕг – уӕлӕрвты куы цард ӕмӕ хъомысджын зӕд куы уыд, уӕд дӕр, стӕй зӕххыл куы цард ӕмӕ ӕххӕст адӕймаг куы уыди, уӕд дӕр. Сӕрныллӕг кӕй уыд, уый цӕмӕй уыди бӕрӕг? Цӕй ӕмӕ цалдӕр хабармӕ ӕркӕсӕм.

6 Йӕ зондахаст. Иудӕйы чиныджы фыст ис, Йесо зӕхмӕ куы нӕма ’рцыд, уӕд ыл чи ӕрцыд, иу ахӕм хабары тыххӕй. (Бакӕс Иудӕйы 9.) Хистӕр зӕд Михаилӕн, ома Йесойӕн, «Хӕйрӕгимӕ Моисейы марды тыххӕй ныхас... рауад» ӕмӕ Йесо Хӕйрӕгимӕ «разы... нӕ уыд». Моисей куы амард, уӕд ын Йегъовӕ йӕ буар баныгӕдта, адӕм ӕй кӕм не ссардтаиккой, ахӕм ран (Дык. з. 34:5, 6). Ӕвӕццӕгӕн, Хӕйрӕджы фӕндыд афтӕ саразын, цӕмӕй израилӕгтӕ Моисейы буарӕн кувын райдыдтаиккой. Хӕйрӕгӕн йӕ зӕрды цыфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр Йесо хъӕбатырдзинад равдыста, ӕмӕ йӕ баурӕдта. Иудӕйы чиныг ӕвзӕрст кӕм цӕуы, иу ахӕм чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй ацы дзырдбӕстытӕй, «ныхас рауад» ӕмӕ «разы... нӕ уыд», зӕгъгӕ, фӕпайда кӕнынц, тӕрхондоны цавӕрдӕр хъуыддаг куы февзарынц, уӕд. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ «Михаил ӕмбарын кодта, Хӕйрӕгӕн Моисейы буарыл йӕ бар кӕй нӕ цӕуы, уый». Фӕлӕ хистӕр зӕдӕй рох нӕ уыд, йӕ бартӕ ӕнӕкӕрон кӕй не сты. Ӕмӕ хъуыддаг бакодта Сӕйраг Тӕрхонгӕнӕджы бар – ӕрмӕстдӕр уымӕн уыд уый бар, цӕмӕй Хӕйрӕгӕн стӕрхон кодтаид. Цӕй диссаджы сӕрныллӕгдзинад равдыста Йесо!

7. Йесо сӕрныллӕг кӕй уыд, уый йӕ ныхӕстӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг куыд уыди?

7 Йесо зӕххыл куы цард, уӕд дӕр йӕ ныхӕстӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыди, сӕрныллӕг кӕй у, уый. Йӕ ныхӕстӕ. Йесо уымӕ никуы бӕллыди, цӕмӕй йын адӕм кад кодтаиккой. Йӕ иунӕг фӕнд уыди, цӕмӕй йын йӕ Фыды кадджын кодтаиккой (Мар. 10:17, 18; Иоан. 7:16). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ афтӕ никуы ныхас кодта, цӕмӕй сӕхимӕ ӕнӕзонд кӕнӕ ницӕйаг фӕкастаиккой. Уый сын аргъ кодта, ӕмӕ сыл кӕй ӕууӕндыд, уый бӕрӕг уыд, сӕ хорз миниуджыты тыххӕй-иу сӕ кӕй раппӕлыд, уымӕй (Лук. 22:31, 32; Иоан. 1:47). Йӕ хъуыддӕгтӕ. Йесо кодта хуымӕтӕг цард ӕмӕ хъӕздыгдзинадмӕ никуы бӕллыд (Матф. 8:20). Иннӕтӕ сӕ сӕрмӕ кӕй нӕ хастой, ахӕм куыст дӕр-иу бакодта (Иоан. 13:3–15). Йесо сӕрныллӕг кӕй уыд, уый ма ирдӕй зыны, алкӕддӕр коммӕгӕс кӕй уыд, уымӕй дӕр. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:5–8.) Искӕй ныхасмӕ байхъусын йӕ сӕрмӕ чи нӕ хӕссы, уыцы сӕрбӕрзонд адӕмӕй уӕлдай-иу Йесо сӕрныллӕгӕй бакодта, Йегъовӕ-иу ын цы бахӕс кодта, уый. Ӕмӕ суанг «мӕлӕты онг дӕр» уыд коммӕгӕс. Дзырд дӕр ыл нӕй, Йесо зӕххыл цӕргӕйӕ дӕр уыди сӕрныллӕг (Матф. 11:29).

ЙЕСОЙАУ СӔРНЫЛЛӔГ УТ

8, 9. Сӕрныллӕг кӕй стӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

8 Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, мах дӕр Йесойау сӕрныллӕг кӕй стӕм? Нӕ зондахаст. Сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд никуы рох кӕндзыстӕм, нӕ бартӕ ӕнӕкӕрон кӕй не сты, ӕмӕ ӕмбардзыстӕм, иннӕтӕн тӕрхон кӕныны бар нын кӕй нӕй. Уымӕ гӕсгӕ иннӕтыл фаутӕ не ’вӕрдзыстӕм ӕмӕ, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй архайынц, ууыл нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм (Лук. 6:37; Иак. 4:12). Сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд нӕм афтӕ нӕ кӕсдзӕн, ӕмӕ, мах хуызӕн курдиӕттӕ кӕнӕ хӕстӕ кӕмӕн нӕй, уыдонӕй хуыздӕр стӕм (Еккл. 7:16). Сӕрныллӕг хистӕр нӕлгоймӕгтӕ афтӕ нӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕй хуыздӕр сты. Уыцы уарзӕгой фыййӕуттӕ «иннӕты... сӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрынц», ома, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм ахӕм цӕстӕй кӕсынц, цыма уыдон Хуыцауы цӕсты зынаргъдӕр сты (Фил. 2:3; Лук. 9:48).

9 Ӕркӕсӕм-ма, 1894 азы цӕуӕг цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын чи райдыдта, иу ахӕм ӕфсымӕр Уолтер Торны цӕвиттонмӕ. Уыцы ӕфсымӕр цӕуӕг цӕстдарӕгӕй бирӕ азтӕ куы фӕлӕггад кодта, уӕд ӕй штат Нью-Йорчы Паддзахады фермӕмӕ кӕркгӕсӕй снысан кодтой. Афтӕ-иу ӕм куы каст, ӕмӕ ахсджиагдӕр куыст хъуамӕ кӕна, уӕд-иу йӕхицӕн загъта: «Рыджы мур йеддӕмӕ куы ницы дӕ! Ахӕмӕй дӕм цы ис, ӕмӕ дӕхицӕй хъал уай?» (Бакӕс Исайы 40:12–15.) Куыд сӕрныллӕг ӕфсымӕр уыди!

10. Сӕрныллӕг кӕй стӕм, уый нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг куыд уыдзӕн?

10 Нӕ ныхӕстӕ. Кӕд ӕцӕгдӕр сӕрныллӕг стӕм, уӕд уый бӕрӕг уыдзӕн, иннӕтимӕ куыд фӕныхас кӕнӕм, уымӕй дӕр (Лук. 6:45). Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ ныхас кӕнгӕйӕ, нӕ бӕрны цы ахсджиаг хъуыддӕгтӕ ис кӕнӕ нын цы бантыст, уый кой нӕ кӕндзыстӕм (Ӕмб. 27:2). Уый бӕсты сын сӕхи хорз миниуджытӕ ӕмӕ курдиӕтты кой кӕндзыстӕм ӕмӕ, цы хорз хъуыддӕгтӕ аразынц, уыдоны тыххӕй-иу сӕ раппӕлдзыстӕм (Ӕмб. 15:23). Нӕ хъуыддӕгтӕ. Сӕрныллӕг чырыстӕттӕ ацы дунейы сӕхицӕн кад ӕмӕ стыр бынӕттӕ нӕ агурынц. Уыдон кӕнынц хуымӕтӕг цард, ӕмӕ сразы вӕййынц цыфӕнды хуымӕтӕг куыстыл дӕр, цӕмӕй сӕ бон уа Йегъовӕйӕн ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнын (1 Тим. 6:6, 8). Фӕлӕ сӕрныллӕг кӕй стӕм, уый уӕлдай тынгдӕр бӕрӕг уыдзӕн, коммӕгӕс куы уӕм, уӕд. Сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд хъусдзыстӕм, ӕмбырды разамынд чи дӕтты, уыдонмӕ ӕмӕ Йегъовӕйы организацийы амындтӕм гӕсгӕ архайдзыстӕм (Дзут. 13:17).

ЙЕСО У ТӔРИГЪӔДГӔНАГ

11. Бамбарын кӕн, тӕригъӕдгӕнаг уай, уый цӕуыл дзурӕг у.

11 Тӕригъӕдгӕнаг уай, уый та, цымӕ, цӕуыл дзурӕг у? Уыцы миниуӕг баст у уарзондзинадимӕ. Библийы Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы тыххӕй фыст ис, уарзӕгой ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй сты (Лук. 1:78; 2 Кор. 1:3; Фил. 1:8). Библи чи ӕмбарын кӕны, иу ахӕм чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, тӕригъӕдгӕнаг уай, уый ӕрмӕст ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, хъуаг чи ӕййафы, уыдоныл дӕ зӕрдӕ рисса. Куыд фыст дзы ис, афтӕмӕй тӕригъӕдгӕнаг адӕймаг «иннӕты зын йӕ зӕрдӕмӕ арф айсы ӕмӕ сын хъуыддагӕй баххуыс кӕны», ома фӕархайы, цӕмӕй сӕ цард хуыздӕрырдӕм фӕива. Тӕригъӕдгӕнаг адӕймаг фӕархайы иннӕтӕн сӕ уаргъ фӕрогдӕр кӕныныл.

12. Йесо тӕригъӕдгӕнаг кӕй уыди, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг ӕмӕ йӕ уыцы миниуӕг цӕмӕ разӕнгард кодта?

12 Йесо тӕригъӕдгӕнаг кӕй уыди, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг? Иннӕты зын йӕ зӕрдӕмӕ иста ӕмӕ сын хъуыддагӕй ӕххуыс кодта. Йесо адӕмӕн тынг тӕригъӕд кодта. Йе ’мбал Марийӕйы ӕмӕ иннӕты Лазӕры мардыл кӕугӕ куы федта, уӕд «йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты». (Бакӕс Иоанны 11:32–35.) Ӕмӕ иухатт идӕдз усӕн куыд фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын йӕ лӕппуйы куыд райгас кодта, афтӕ йӕ ныр дӕр уыцы миниуӕг сразӕнгард кодта, цӕмӕй Лазӕры райгас кодтаид (Лук. 7:11–15; Иоан. 11:38–44). Ӕмӕ, чи зоны, уый фӕрцы Лазӕрӕн фӕзынд уӕлӕрвты цӕрыны ныфс. Уый размӕ та Йесо «фӕтӕригъӕд кодта», цы бирӕ адӕм ӕм ӕрбацыд, уыдонӕн, ӕмӕ «сын райдыдта бирӕ цыдӕртӕ амонын» (Мар. 6:34). Уыцы адӕмӕй йын йӕ ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыдонӕн сӕ цард хуыздӕрырдӕм фӕивта! Уӕдӕ Йесо тӕригъӕдгӕнаг кӕй уыди, уый ӕрмӕст ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ иннӕты зын йӕ зӕрдӕмӕ иста. Уыцы миниуӕг ӕй разӕнгард кодта, цӕмӕй сын хъуыддагӕй дӕр ӕххуыс кодтаид (Матф. 15:32–38; 20:29–34; Мар. 1:40–42).

13. Йесо тӕригъӕдгӕнаг кӕй уыди, уый йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг куыд уыд? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

13 Йӕ ныхӕстӕ. Йесо тӕригъӕдгӕнаг кӕй уыд, уый йӕ разӕнгард кодта, цӕмӕй иннӕтимӕ, уӕлдайдӕр та цардӕфхӕрд чи уыд, уыдонимӕ, фӕлмӕнӕй ныхас кодтаид. Иухатт апостол Матфей Йесойы кой кӕнгӕйӕ спайда кодта пехуымпар Исайы ныхӕстӕй, «цъӕл хъӕз нӕ асӕтдзӕн, гыццыл ма чи судзы, ахӕм цырагъ нӕ ахуыссын кӕндзӕн», зӕгъгӕ (Ис. 42:3; Матф. 12:20). Цымӕ уыцы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты? Йесо ныхасӕй никуы никӕй фӕхъыг кодта ӕмӕ иннӕты зӕрдӕтӕ никуы фӕриссын кодта. Йӕ ныхӕстӕ адӕмӕн уыдысты удӕнцойы хос. Уый «зӕрдӕсаст адӕмӕн» хъусын кодта ныфсы хабар (Ис. 61:1). «Фыдӕбон чи кодта ӕмӕ уӕззау уаргъ чи хаста», уыдонӕн дзырдта, ӕрцӕут мӕм, ӕмӕ удӕнцой ссардзыстут, зӕгъгӕ (Матф. 11:28–30). Уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытыл се ’ппӕтыл дӕр кӕй тыхсы, уыимӕ «гыццылтӕй» дӕр алкӕуыл дӕр, ома, ацы дунейы цӕсты кадджын чи нӕу, уыдоныл дӕр (Матф. 18:12–14; Лук. 12:6, 7).

ЙЕСОЙАУ ТӔРИГЪӔДГӔНАГ УТ

14. Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, иннӕты зын нӕ зӕрдӕмӕ кӕй исӕм?

14 Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, мах дӕр Йесойау тӕригъӕдгӕнаг кӕй стӕм? Иннӕты зын нӕ зӕрдӕмӕ исӕм. Библи нын дзуры, цӕмӕй кӕрӕдзийы зын нӕ зӕрдӕмӕ арф исӕм, кӕд афтӕ кӕнын ахуыр не стӕм, уӕддӕр. Йегъовӕ нын фӕдзӕхсы, «уӕ удыхъӕд ногмӕ раивут», зӕгъгӕ. Ӕмӕ уыцы ног удыхъӕдмӕ ацы миниуӕг дӕр хауы. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:9, 10, 12.) Нӕ бон куыд у иннӕты зын нӕ зӕрдӕмӕ исын? Библийы фыст ис: «Уӕ зӕрдӕтӕ уӕрӕх байгом кӕнут» (2 Кор. 6:11–13). Адӕймаг нын, цы хъуыды кӕны ӕмӕ цӕуыл тыхсы, уый тыххӕй куы дзура, уӕд-иу ӕм лӕмбынӕг байхъусӕм (Иак. 1:19). Ахъуыды-иу кӕнӕм: «Ӕз йӕ бынаты куы уаин, уӕд куыд кӕнин? Цы мын баххуыс кӕнид?» (1 Пет. 3:8).

15. Нӕ бон куыд у, хъыг чи кӕны ӕмӕ зындзинӕдтӕ чи ’взары, уыдонӕн баххуыс кӕнын?

15 Иннӕтӕн хъуыддагӕй ӕххуыс кӕнӕм. Тӕригъӕдгӕнаг куы уӕм, уӕд нӕ уый разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕтӕн, уӕлдайдӕр та хъыг чи кӕны кӕнӕ зындзинӕдтӕ чи ’взары, уыдонӕн, ӕххуыс кӕнӕм. Цымӕ сын нӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын? Ромӕгтӕм 12:15 стихы фыст ис: «Кӕугӕ чи кӕны, уыдонимӕ... кӕут». Ахӕм уавӕрты чи вӕййы, уыдоны арӕх уынаффӕтӕй тынгдӕр фӕхъӕуы, цӕмӕй сын сӕ зын бамбарой. Уыдоны фӕхъӕуы, зӕрдӕйӕ сыл чи батыхса ӕмӕ сӕм лӕмбынӕг чи байхъуса, ахӕм ӕмбал. Йӕ чызг кӕмӕн фӕзиан, иу ахӕм хойӕн стыр удӕнцой ӕрхаста, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ йӕ фарсмӕ кӕй балӕууыдысты, уый. Хо загъта: «Ӕз ме ’мбӕлттӕй тынг бузныг дӕн. Ӕрбацыдысты-иу мӕм ӕмӕ-иу мемӕ фӕкуыдтой». Тӕригъӕдгӕнаг кӕй стӕм, уый ма бӕрӕг уыдзӕн, иннӕтӕн хъуыддагӕй куы ’ххуыс кӕнӕм, уӕд дӕр. Мыййаг, йӕ хӕдзары цыдӕр бацалцӕг кӕнын кӕмӕн хъӕуы, ахӕм идӕдз хойы зоныс? Кӕнӕ, мыййаг, ӕмбырдмӕ ӕрбаласын, уацамынды йе та дохтырмӕ акӕнын кӕй хъӕуы, ахӕм ацӕргӕ чырыстоны зоныс? Суанг гыццыл хъуыддаг дӕр адӕймагӕн, чи зоны, стыр ӕххуыс фӕуа (1 Иоан. 3:17, 18). Фӕлӕ, тӕригъӕдгӕнаг кӕй стӕм, уый равдисынӕн ӕппӕты хуыздӕр мадзал у иннӕтӕн хорз хабар зӕрдиагӕй хъусын кӕнын. Уыцы хъуыддаг сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн сӕ цард куыд тынг фӕивы, афтӕ ницы!

Дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртыл зӕрдиагӕй тыхсыс? (кӕс 15 абзац)

16. Нӕ бон куыд у, ныфссаст чи у, уыдоны ныхасӕй бафидар кӕнын?

16 Нӕ ныхӕстӕ. Иннӕты зын нӕ зӕрдӕмӕ куы исӕм, уӕд нӕ уый разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй, «ныфссаст чи у, уыдоны ныхасӕй рӕвдауӕм» (1 Фес. 5:14). Нӕ бон куыд у адӕймаджы ныхасӕй бафидар кӕнын? Нӕ бон ын у зӕгъын, куыд тынг ыл тыхсӕм, уый тыххӕй. Ис дзы раппӕлӕн, цы хорз миниуджытӕ ӕмӕ йӕм цы курдиӕттӕ ис, уыдоны тыххӕй. Нӕ бон ма йын у йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын иу ахсджиаг хъуыддаг: Йегъовӕ йын рӕстдзинад ссарынӕн кӕй баххуыс кодта, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ цӕсты тынг зынаргъ у (Иоан. 6:44). Стӕй ма йын нӕ бон у зӕгъын, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл кӕй тыхсы ӕмӕ йӕ тынг кӕй фӕнды, «зӕрдӕсаст» ӕмӕ сӕ «ныфссаст» чи у, уыдонӕн баххуыс кӕнын (Пс. 34:18). Ахӕм ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ адӕймагӕн стыр удӕнцой ӕрхӕсдзысты (Ӕмб. 16:24).

17, 18. а) Йегъовӕ йӕ фыстӕн фыййауӕй кӕй сӕвӕрдта, уыдонмӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы? ӕ) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

17 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын йӕ фыстыл тыхсат ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг уат (Хъуыд. 20:28, 29). Рох уӕ ма уӕд, уӕ хӕс кӕй у, цӕмӕй сӕ ахуыр кӕнат, фидар сӕ кӕнат ӕмӕ сын удӕнцой хӕссат (Ис. 32:1, 2; 1 Пет. 5:2–4). Уӕдӕ иннӕты зын йӕ зӕрдӕмӕ арф чи исы, ахӕм хистӕр нӕлгоймаг ӕфсымӕртӕн йӕхи хицау нӕ фӕкӕны – алыхуызон закъӕттӕ не ’рхъуыды кӕны, стӕй нӕ фӕархайы, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ зӕрдӕ сӕхиуыл ӕрхуда ӕмӕ сын афтӕмӕй, сӕ бон цы нӕу, уый саразын кӕна. Ахӕм хистӕр нӕлгоймаджы фӕнды, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ амондджын уой, ӕмӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕны, Йегъовӕйы кӕй уарзынц ӕмӕ сӕ уыцы уарзондзинад ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнынмӕ кӕй разӕнгард кӕндзӕн (Матф. 22:37).

18 Йесо куыд сӕрныллӕг ӕмӕ куыд тӕригъӕдгӕнаг уыд, ууыл лӕмбынӕг куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бафӕнды, цӕмӕй йӕ фӕзмӕм. Иннӕ статьяйӕ базондзыстӕм, цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, Йесойау хъӕбатыр ӕмӕ арфуынӕг кӕй стӕм, уый.