Мӕрдтӕй тӕрсыс?
БИРӔТӔ зӕгъдзысты: «Нӕ, цӕмӕн сӕ хъуамӕ тӕрсон?» Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, чи амард, уыдонӕн сӕ бон ницыуал у. Фӕлӕ милуанты та уырны, мӕрдтӕ ма кӕмдӕр кӕй цӕрынц.
Бенины (Ныгуылӕн Африкӕ) бирӕты уырны, мӕрдтӕ кӕй раздӕхынц, цӕмӕй сӕ бинонты амарой. Цӕмӕй сын мӕрдтӕ мацы зиан ӕрхӕссой, уый тыххӕй сӕ мулк ныууӕй кӕнынц кӕнӕ хӕсты бын фӕвӕййынц ӕмӕ кусӕрттаг бӕлхӕнынц ӕмӕ сын сӕ кӕндтытӕ скӕнынц. Иуӕй-иутӕ та архайынц, мӕрдтимӕ куыд аныхас кӕной, ууыл, уымӕн ӕмӕ сӕ уырны, уд кӕй нӕ мӕлы ӕмӕ йӕ бон кӕй у удӕгӕстимӕ ныхас кӕнын. Иннӕтыл та исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд фӕхъуыды кӕнынц, мӕрдтӕ сыл фыдаудӕн кӕй кӕнынц.
Афтӕ хъуыды кодта Агбула дӕр, цӕры Бенины, Нигеримӕ хӕстӕг. Агбула зӕгъы: «Мӕрдтимӕ ныхас кӕныны ӕгъдау нӕ бӕстӕйы тынг парахат у. Зӕгъӕм, марды ныннайынц, цӕмӕй йӕ „йе ’нусон бынатмӕ“ ӕрцӕттӕ кӕной. Марды цы сапонӕй ӕхсадтой, уымӕн-иу ӕз дӕр йӕ муртӕ ӕрӕмбырд кодтон, цавӕрдӕр сыфтимӕ-иу ӕй схӕццӕ кодтон ӕмӕ-иу дзы мӕ хӕцӕнгарз байсӕрстон. Стӕй-иу хъӕрӕй загътон, цавӕр сырды амарын мӕ фӕндыд, уый. Уыцы ӕгъдау бирӕтӕм ис ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы, цыма сын баххуыс кӕны. Фӕлӕ уыцы ӕгъдӕуттӕй иуӕй-иутӕ адӕймаджы тасы дӕр ӕфтауынц.
«Мӕ дыууӕ лӕппуйы ӕнӕнхъӕлӕджы куы амардысты, уӕд ӕнхъӕлдтон, чидӕр мын хинтӕ кӕй скодта. Хинтӕ мын чи скодта, уый базоныны тыххӕй ацыдтӕн иу зӕронд лӕгмӕ – зындгонд дӕснымӕ. Уыцы лӕг мын загъта, ӕцӕгдӕр мын чидӕр хинтӕ кӕй скодта. Уымӕй фыддӕр та уыди, афтӕ мын куы загъта, зӕгъгӕ, дӕ лӕппутӕ сӕ марӕгӕн мӕрдтыбӕсты ӕххуырстытӕ кӕй уыдзысты, стӕй ма ме ’ртыккаг лӕппу дӕр кӕй амӕлдзӕн. Цалдӕр боны фӕстӕ мӕ лӕппу ӕцӕгӕйдӕр амард».
Уый фӕстӕ Агбула фембӕлд Джоныл. Уый уыди Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕмӕ цард Нигерийы. Джон Агбулайӕн Библийӕ радзырдта, мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый. Агбулайы цард цӕхгӕр фӕивта. Ды дӕр уыцы хабӕрттӕ куы базонай, уӕд, чи зоны, дӕ цард дӕр аива.
Мӕрдтӕ ма искуы цӕрынц?
Ацы фарстайӕн раст дзуапп адӕймаг нӕ ратдзӕн, цыфӕнды зындгонд куы уа, уӕддӕр. Уый зоны ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ, «уӕлӕрвты цы ис, уый дӕр ӕмӕ, зӕххыл цы ис, уый дӕр; цӕстӕй цы уынӕм, уыдӕттӕ дӕр ӕмӕ, цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уыдӕттӕ дӕр» чи сфӕлдыста, уый (Колоссӕгтӕм 1:16). Хуыцау сфӕлдыста зӕдты уӕлӕрвты цӕрынӕн, адӕмы ӕмӕ цӕрӕгойты та зӕххыл цӕрынӕн (Псалом 104:4, 23, 24). Цард Хуыцауы фӕрцы ис (Раргомад 4:11). Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, мӕлӕты тыххӕй Хуыцауы Ныхас, Библи, цы дзуры, уымӕ.
Мӕлӕты кой фыццаг Йегъовӕ йӕхӕдӕг скодта. Адам ӕмӕ Евӕйӕн загъта, йӕ коммӕ куы нӕ бакӕсой, уӕд кӕй амӕлдзысты (Райдиан 2:17). Цы нысан кодтой уыцы ныхӕстӕ? Йегъовӕ сын бамбарын кодта: «Сыджыт дӕ, ӕмӕ фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхдзынӕ» (Райдиан 3:19). Адӕймаг куы амӕлы, уӕд сыджыты хай фӕвӕййы – йӕ цардӕй ахицӕн вӕййы.
Адам ӕмӕ Евӕ зонгӕ-зонын нӕ байхъуыстой Хуыцаумӕ ӕмӕ сын мӕлӕты тӕрхон Райдиан 4:8). Каин нӕ тарст, Авел дзы йӕ маст кӕй райсдзӕн, фӕлӕ тарст, удӕгас адӕймаг ын исты куы сараза, уымӕй (Райдиан 4:10–16).
рахаста. Фӕлӕ фыццаг уыдон нӕ амардысты – сӕ размӕ амард сӕ фырт Авел йӕ хистӕр ӕфсымӕр Каины къухӕй (Бирӕ азты фӕстӕ астрологтӕ Иродӕн загътой, «дзуттӕгты... паддзах» кӕй райгуырд. Уый йӕ бынатӕн фӕтарст ӕмӕ сфӕнд кодта Вифлеемы дыууӕаздзыд лӕппуты се ’ппӕты дӕр амарын. Фӕлӕ зӕд Иосифы рагацау бафӕдзӕхста, цӕмӕй Марийӕ ӕмӕ Йесоимӕ Египетмӕ алыгъдаид (Матфейы 2:1–16).
Ирод куы амард, уӕд та зӕд Иосифӕн загъта, цӕмӕй Израилмӕ фӕстӕмӕ аздӕха, «уымӕн ӕмӕ, сывӕллоны марынмӕ чи хъавыд, уыдон амардысты» (Матфейы 2:19, 20). Зӕд зыдта, Йесойӕн Иродӕй тӕссаг кӕй нал уыд. Иосиф дӕр Иродӕй нал тарст, уымӕн ӕмӕ уый мард уыд. Фӕлӕ тарст, Ироды ӕгъатыр фырт Архелайӕ. Иосиф ӕмӕ йӕ бинонтӕ ӕрцардысты Галилейы, Архелайӕ сын тӕссаг кӕм нӕ уыд, уым (Матфейы 2:22).
Ацы хабӕрттӕй бӕрӕг у, мӕрдтӕн сӕ бон кӕй ницы у. Уӕдӕ куыд бамбарӕн ис, Агбулайыл ӕмӕ ӕндӕртыл цы ’рцыд, уый?
«Хӕйрӕджытӕ» кӕнӕ дӕлимонтӕ
Йесо Чырысти йӕ лӕджы кары куы бацыд, уӕд-иу сӕмбӕлд хӕйрӕджытыл. Уыдон зыдтой Чырыстийы ӕмӕ йӕ хуыдтой «Хуыцауы Фырт». Йесо дӕр зыдта, чи сты, уый. Уыдон мӕрдты удтӕ нӕ уыдысты. Чырысти сӕ схуыдта «хӕйрӕджытӕ» кӕнӕ дӕлимонтӕ (Матфейы 8:29–31; 10:8; Марчы 5:8).
Библи дзуры, кӕй ис Хуыцауыл иузӕрдион зӕдтӕ ӕмӕ йӕ ныхмӕ чи рацыд, ахӕм зӕдтӕ дӕр. Райдианы чиныджы кӕсӕм, Йегъовӕ ӕгоммӕгӕс Адам ӕмӕ Евӕйы Едемы цӕхӕрадонӕй куы ратардта, уӕд скӕсӕнырдыгӕй кӕй сӕвӕрдта херувимты, ома зӕдты, цӕмӕй мидӕмӕ макӕй уагътаиккой (Райдиан 3:24). Ӕвӕццӕгӕн, уӕд адӕм фыццаг хатт федтой зӕдты.
Фӕстӕдӕр, зӕдтӕй иуӕй-иутӕ адӕймаджы буар райстой ӕмӕ зӕхмӕ ӕрцыдысты. Фӕлӕ уый Йегъовӕйы фӕндӕй нӕ уыд. Уыдон уӕлӕрвты «сӕ цӕрӕнбынат... ныууагътой» (Иудӕйы 6). Сӕхицӕн кодтой устытӕ ӕмӕ сын цыд зӕнӕг – уӕйгуытӕ. Уӕйгуытӕ сӕ фыдӕлтимӕ, фыдгӕнӕг зӕдтимӕ, зӕхх тыхми ӕмӕ алы фыдхъуыддӕгтӕй байдзаг кодтой (Райдиан 6:1–5). Йегъовӕ уыцы хабӕрттӕм куы ’ркаст, уӕд Нойы бонты Доны хъаймӕт рауагъта. Дон фӕласта ӕвзӕргӕнджыты ӕмӕ уӕйгуыты. Фӕлӕ зӕдтӕ та цы фесты?
Доны хъаймӕты фӕстӕ уыцы зӕдтӕ уӕларвмӕ аздӕхтысты. Фӕлӕ сӕ Йегъовӕ «сӕ фыццаджы бынатмӕ» нал бауагъта (Иудӕйы 6). Библийы фыст ис: «Хуыцау нӕ бацауӕрста, тӕригъӕд чи ракодта, уыцы зӕдтыл: ныппӕрста сӕ Тартармӕ ӕмӕ сӕ уым саудалынджы дары тӕрхоны бонмӕ» (2 Петры 2:4).
Тартар цыдӕр бӕлвырд бынат нӕу. Уый у ахӕстоны хуызӕн худинаджы уавӕр ӕмӕ дзы чи ис, уыдонӕн сӕ бон алцы нӕу. Уыцы хӕйрӕджытӕн сӕ бон нал у адӕймаджы буар райсын, фӕлӕ сӕм нырма дӕр ис стыр тых, ӕмӕ сӕ бон у адӕмы цард ӕмӕ зондыл, стӕй цӕрӕгойтыл дӕр ӕндавын (Матфейы 12:43–45; Лукайы 8:27–33). Стӕй ма адӕмы сайынц – мӕрдты номӕй фӕдзурынц ӕмӕ сӕхи уыдоны хуызы февдисынц. Цӕмӕн? Цӕмӕй адӕм Йегъовӕйӕн ма лӕггад кӕной, куыд ӕй фӕнды, афтӕ ӕмӕ мӕрдтӕ ӕцӕгдӕр цы уавӕры сты, уый ма зоной.
Цы саразӕн ис, цӕмӕй ма тӕрсай?
Агбула бамбӕрста, Библи мӕлӕт ӕмӕ хӕйрӕджыты тыххӕй цы дзуры, уый раст кӕй у ӕмӕ йӕ фылдӕр базонын кӕй хъӕуы. Джонимӕ райдыдта Библи ӕмӕ йӕ чи ӕмбарын кӕны, ахӕм литературӕ кӕсын. Мӕрдты кӕй ницы ис ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ марӕгӕн мӕрдтыбӕсты ӕххуырстытӕ кӕй нӕ уыдзысты, уый куы базыдта, уӕд ын фенцондӕр (Иоанны 11:11–13).
Агбула ма бамбӕрста, йӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ кӕй хъуамӕ ныууадза. Ӕмӕ йӕм сау тыхтимӕ баст дзауматӕй цыдӕриддӕр уыд, уыдон басыгъта (Хъуыддӕгтӕ 19:19). Йӕ зонгӕтӕ йын дзырдтой, сӕ фыдӕх ӕй кӕй баййафдзӕн. Фӕлӕ Агбула нӕ тарст ӕмӕ Ефесӕгтӕм 6:11, 12 стихты куыд фыст ис, афтӕ кодта: «Уӕхи сифтонг кӕнут, Хуыцау цыдӕриддӕр хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдонӕй... уымӕн ӕмӕ нӕ тох... уӕларвон фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ у». Уыцы хӕстон дзауматӕ сты ӕцӕгдзинад, рӕстдзинад, фарнхӕссӕг хорз хабар, уырнындзинад, сыгъдӕг уды лӕвӕрд хъама, ома Хуыцауы ныхас. Ацы хӕстон дзауматӕ сты Хуыцауы лӕвар ӕмӕ сӕ ис стыр тых.
Агбула йӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ куы ныууагъта, уӕд ыл йе ’мбӕлттӕ ӕмӕ йӕ хиуӕттӕй иуӕй-иутӕ хъоды бакодтой. Фӕлӕ ног ӕмбӕлттӕ ссардта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырды – Библийы амындтӕм чи хъусы, уыдоны ’хсӕн.
Агбула зоны, тагъд Йегъовӕ зӕхх ӕвзӕрдзинадӕй кӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн ӕмӕ хӕйрӕджыты кӕй фесафдзӕн (Раргомад 20:1, 2, 10). Хуыцау райгас кӕндзӕн, «ингӕнты чидӕриддӕр ис», уыдоны (Иоанны 5:28, 29). Райгас уыдзысты Авел, паддзах Ирод цы гыццыл сывӕллӕтты амарын кодта, уыдон ӕмӕ ма милуангай ӕндӕр адӕм дӕр. Агбула ӕнхъӕлмӕ кӕсы, йӕ фырттӕ куы райгас уой, уыцы рӕстӕгмӕ. Дӕуӕн дӕр кӕд дӕ хиуӕттӕй исчи амард, уӕд уыдон дӕр райгас уыдзысты. Чи райгас уыдзӕн, уыдон иууылдӕр зӕгъдзысты, мӕрдтыбӕсты кӕй ницы ис ӕмӕ сын цы кӕндтытӕ арӕзтой, уыдоны тыххӕй кӕй ницы зонынц.
Мӕрдтӕй тӕрсын нӕ хъӕуы. Уый бӕсты ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, нӕ уарзон хиуӕттӕй чи амард, уыдонимӕ та ногӕй кӕд фембӕлдзыстӕм, уыцы рӕстӕгмӕ. Фӕлӕ уал уӕдмӕ хорз нӕ уаид, Библи куы ахуыр кӕнис ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй фылдӕр куы базонис? Библийыл чи ӕууӕнды, уыдоныл дӕхи бӕтт. Кӕд мыййаг хинтӕ-кӕлӕнтимӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хабӕрттимӕ баст дӕ, суанг гыццыл хъуыддӕгты дӕр, уӕд сӕ ӕвӕстиатӕй ныууадз. «Хуыцау цыдӕриддӕр хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдон» дӕ уӕлӕ скӕн, цӕмӕй хӕйрӕджыты ныхмӕ фӕлӕууай (Ефесӕгтӕм 6:11). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын зӕрдиагӕй баххуыс кӕндзысты. Уыдон адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнынц чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?»-йы ’ххуысӕй *.
Агбула мӕрдтӕй нал тӕрсы ӕмӕ зоны, хӕйрӕджыты ныхмӕ фӕлӕууын куыд хъӕуы, уый. Агбула зӕгъы: «Ӕз нӕ зонын, ме ’ртӕ лӕппуйы кӕй аххосӕй амардысты, уый. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы райдыдтон, уый фӕстӕ мын райгуырд авд сывӕллоны, ӕмӕ сын мӕрдтӕ ӕппындӕр ницы зиан хӕссынц».
[Фиппаинаг]
^ 25 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
[Хицӕнгонд текст 29 фарсыл]
Агбула мӕрдтӕй нал тӕрсы ӕмӕ зоны, хӕйрӕджыты ныхмӕ куыд фӕлӕууӕн ис, уый
[Ныв 30 фарсыл]
Каин нӕ тарст, Авел дзы йӕ маст кӕй райсдзӕн