Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библийы фӕсномыг ныхӕстӕ ӕмбарыс?

Библийы фӕсномыг ныхӕстӕ ӕмбарыс?

ЦЫДӔР бамбарын кӕнынӕн арӕх бирӕ ныхӕстӕ бахъӕуы, фӕлӕ иуӕй-иу хатт уымӕн иу-дыууӕ ныхасы дӕр фаг вӕййы. Адӕймаджы хъуыдыйы нывтӕ цы ныхӕсты фӕрцы фӕзыны, уыдон хуыйнынц фӕсномыг ныхӕстӕ. Библийы ахӕм фӕсномыг ныхӕстӕ тынг бирӕ ис. Зӕгъӕм, Йесо Чырысти хохыл адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд радзырдта 50 фӕсномыг ныхасы бӕрц.

Фӕсномыг ныхӕстӕм нӕ хъус цӕмӕн хъуамӕ дарӕм? Уымӕн ӕмӕ сӕ куы ӕмбарӕм, уӕд Хуыцауы Ныхас зӕрдиагдӕрӕй кӕсдзыстӕм, тынгдӕр ын аргъ кӕндзыстӕм ӕмӕ йӕ хуыздӕр ӕмбардзыстӕм. Библийы цы фӕсномыг ныхӕстӕ ис, уыдоныл куы нӕ хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕм, гӕнӕн ис, ӕнахуыр фӕкӕсой ӕмӕ сын сӕ хъуыды раст ма бамбарӕм.

Фӕсномыг ныхӕстӕ бамбарынӕн цы ’ххуыс кӕны?

Фӕсномыг ныхасы барст фӕцӕуынц дыууӕ хъуыдыйы. Барст цы хъуыды цӕуы, уый у темӕ, барст цӕимӕ цӕуы, уый та фӕлгонц. Барст цы цӕуы ӕмӕ цӕимӕ цӕуы, уыдоны ’хсӕн цыдӕр ӕмхуызон вӕййы. Уӕдӕ цӕмӕй фӕсномыг ныхас раст бамбарӕм, уый тыххӕй рахицӕн кӕнын фӕхъӕуы ацы ӕртӕ хайы.

Фӕсномыг ныхасы темӕ ӕмӕ фӕлгонц ссарын ӕнцон вӕййы. Зындӕр вӕййы бамбарын, дыууӕ хъуыдыйы ӕмхуызон цӕмӕй сты, уый, уымӕн ӕмӕ ӕмхуызон вӕййынц цалдӕр хъуыддагӕй. Уый бамбарынӕн нын арӕх баххуыс кӕнынц Библийӕ ӕндӕр стихтӕ *.

Зӕгъӕм, горӕт Сардисы чырыстӕттӕн Йесо загъта: «Куы нӕ райхъал уай, уӕд дӕм давӕгау ӕрцӕудзынӕн». Ам Чырысти йе ’рцыд (темӕ) абарста, давӕг (фӕлгонц) куыд ӕрцӕуы, уыимӕ. Фӕлӕ дзы ӕмхуызонӕй та цы ис? Ӕххуыс нын кӕнынц иннӕ стихтӕ. Дарддӕр Чырысти загъта: «Цы афон ӕрцӕудзынӕн, уый зонгӕ дӕр нӕ бакӕндзынӕ» (Раргомад 3:3). Чырысти не ’мбарын кодта, цӕмӕн цӕуы, уый. Давынмӕ нӕ цыди. Куыд ӕрцӕудзӕн, уый давӕгимӕ кӕй абарста, уым ӕмхуызонӕй ис иу хъуыддаг – йе ’рцыд уыдзӕн ӕнӕнхъӕлӕджы.

Фӕлӕ иуӕй-иу хатт фӕсномыг ныхас бамбарынӕн баххуыс кӕны ӕндӕр фӕсномыг ныхас. Зӕгъӕм, Чырысти цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый хуызӕн ныхӕстӕ ныффыста апостол Павел дӕр: «Хорз зонут, мӕнӕ давӕг ӕхсӕвыгон куыд фӕзыны, раст афтӕ кӕй ӕрцӕудзӕн Йегъовӕйы бон дӕр» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:2). Павелы ныхӕстӕ кӕм фыст сты, уыцы скъуыддзаг нын не ’ххуыс кӕны, Йегъовӕйы бон ӕмӕ давӕджы ӕрцыд ӕмхуызон цӕмӕй сты, уый бамбарынӕн. Фӕлӕ Раргомады 3:3 стихы Чырысти цы фӕсномыг ныхас загъта, уыимӕ Павелы ныхӕстӕ куы абарӕм, уӕд ын йӕ хъуыды хуыздӕр бамбардзыстӕм – ӕцӕг чырыстӕттӕ хъуамӕ «ма бафынӕй» уой Йегъовӕйы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ.

Хуыцауы миниуджытӕ нын чи ӕргом кӕны, ахӕм фӕсномыг ныхӕстӕ

Адӕмӕй никӕй бон у кӕронмӕ бамбарын, Йегъовӕ Хуыцау цавӕр миниуджытӕ ӕмӕ тыхы хицау у, уый. Раджы заманты паддзах Давид ныффыста, Йегъовӕ «куыд диссаджы Хуыцау у, ууыл зонд не ’ххӕссы», зӕгъгӕ (Псалом 145:3). Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдоныл йӕ лӕггадгӕнӕг Иов куы ахъуыды кодта, уӕд загъта: «Адон сты йӕ фӕндӕгтӕн ӕрмӕст сӕ кӕрӕттӕ, йӕ кой йын ӕрмӕстдӕр нӕ хъусы кӕронӕй ацахстам! Фӕлӕ кӕй зонд аххӕсдзӕн йӕ тыхджын арвнӕрдыл?» (Иов 26:14).

Фӕлӕ уӕддӕр Библийы фыст абарстытӕ ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй хуыздӕр бамбарӕм Сфӕлдисӕджы диссаджы миниуджытӕ. Йегъовӕйы тыххӕй дзы фыст ис, зӕгъгӕ, уый у, аргъ кӕнын кӕмӕн хъӕуы, ахӕм Паддзах, Закъонӕвӕрӕг, Тӕрхонгӕнӕг ӕмӕ Хӕстон. Хоны ма йӕ, уарзын кӕй хъӕуы, ахӕм Фыййау, Уынаффӕгӕнӕг, Ахуыргӕнӕг, Фыд, Хосгӕнӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг (Псалом 16:7; 23:1; 32:8; 71:17; 89:26; 103:3; 106:21; Исай 33:22; 42:13; Иоанны 6:45). Ацы абарстытӕ фехъусгӕйӕ адӕймаг бамбары, Библийы Хуыцауы тыххӕй афтӕ фыст цӕмӕн ис, уый. Абарстытӕн ӕнӕуи ныхӕстӕй стырдӕр тых ис.

Библи ма нын ӕнӕуд предметты фӕрцы дӕр ӕмбарын кӕны Йегъовӕйы миниуджытӕ. Хоны йӕ «Израилы Къӕдзӕх», «айнӕг къӕдзӕх» ӕмӕ «фидар мӕсыг» (2 Самуилы 23:3; Псалом 18:2; Дыккаг закъон 32:4). Цӕмӕн? Къӕдзӕх фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ацы абарсты фӕрцы ӕмбарӕм, Йегъовӕ Хуыцауыл нӕ ныфс куы дарӕм, уӕд нӕ йе уазӕг кӕй бакӕндзӕн ӕмӕ нӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн.

Псаломты чиныджы бирӕ фӕсномыг ныхӕстӕ ӕмӕ абарстытӕ ис, ӕмӕ уыдоны фӕрцы дӕр хуыздӕр ӕмбарӕм Йегъовӕйы миниуджытӕ. Зӕгъӕм, Псалом 84:11 стихы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, у «хур ӕмӕ уарт», уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ дӕтты рухс, цард, хъарутӕ ӕмӕ нӕ хъахъхъӕнгӕ дӕр кӕны. Псалом 121:5 стихы та ахӕм ныхӕстӕ ис: «Йегъовӕ дын аууон дары дӕ рахиз фарс». Аууон хуры судзгӕ тынтӕй куыд хъахъхъӕны, афтӕ Йегъовӕйӕн дӕр йӕ бон у йӕ лӕггадгӕнджыты йӕ «къухы» кӕнӕ йӕ «базырты аууоны» бахъахъхъӕнын бӕллӕхы рӕстӕг (Исай 51:16; Псалом 17:8; 36:7).

Фӕсномыг ныхӕстӕ Чырыстийы тыххӕй

Библи Чырыстийы арӕх хоны «Хуыцауы Фырт» (Иоанны 1:34; 3:16–18). Чырыстон диныл хӕст чи нӕу, уыдонӕй иуӕй-иутӕн уый зын бамбарӕн у, уымӕн ӕмӕ Хуыцау адӕймаг нӕу ӕмӕ йын ус нӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауӕн йӕ фырт, адӕмӕн куыд райгуырынц, афтӕ нӕ райгуыд. Ацы ныхӕстӕ комкоммӕ ӕмбаргӕ не сты, уый фӕсномыг ныхас у. Библи Чырыстийы «Хуыцауы Фырт» кӕй хоны, уый фӕрцы хуыздӕр ӕмбарӕм, кӕрӕдзийыл фыд ӕмӕ фыртау ӕнувыд кӕй сты. Стӕй ма нын ӕмбарын кӕны, Чырыстийӕн цард Йегъовӕ кӕй радта. Фыццаг адӕймаг Адамы дӕр Библи «Хуыцауы фырт» уый тыххӕй хоны (Лукайы 3:38).

Чырысти фӕсномыг ныхӕстӕй ӕмбарын кодта, Хуыцауы фӕндтӕ куыд ӕххӕст кӕндзӕн, уый. Зӕгъӕм, загъта: «Ӕз дӕн ӕцӕг сӕнӕфсиры бӕлас, мӕ Фыд та – сӕнӕфсиры куыстгӕнӕг». Ам Йесо йӕхи абарста сӕнӕфсиры бӕласимӕ (Иоанны 15:1, 4). Ацы фӕсномыг ныхасӕн йӕ хъуыды цы у? Къалиу ӕнӕ бӕласӕй бахус уыдзӕн ӕмӕ йыл дыргътӕ нӕ уыдзӕн. Афтӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр сӕ Ахуыргӕнӕгимӕ хъуамӕ ӕнгом баст уой. Йесо загъта: «Ӕнӕ мӕнӕй уӕ бон ӕппындӕр ницы у» (Иоанны 15:5). Сӕнӕфсиры куыст чи кӕны, уый дыргътӕм куыд ӕнхъӕлмӕ кӕсы, афтӕ Йегъовӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ «дыргъ» кӕй хӕсдзысты, ома йӕ сӕ хъуыддӕгтӕй кӕй кадджын кӕндзысты (Иоанны 15:8).

Темӕ ӕмӕ фӕлгонц ӕмхуызон цӕмӕй сты, уый базон

Темӕ ӕмӕ фӕлгонц ӕмхуызон цӕмӕй сты, уый куы нӕ сбӕрӕг кӕнай, уӕд фӕсномыг ныхасы хъуыды бамбарын зын у. Дзырдӕн, ӕркӕсӕм Ромӕгтӕм 12:20 стихмӕ: «Де знаг ӕххормаг куы уа, уӕд ын бахӕрын кӕн, дойны куы уа, уӕд ын дон ратт. Афтӕ куы кӕнай, уӕд ын йӕ зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кӕндзынӕ, раст цыма йын йӕ сӕрыл судзгӕ цӕхӕртӕ ӕркалдтай, афтӕ». Цымӕ ам маст исыны кой ис? Нӕ, ацы ныхӕсты хъуыды бамбарынӕн хъӕуы, темӕ ӕмӕ фӕлгонц ӕмхуызон цӕмӕй сты, уый сбӕрӕг кӕнын. Ацы фӕсномыг ныхасӕй базонӕн ис, раджы заманты ӕрзӕт (руда) куыд дон кодтой, уый. Ӕрзӕт-иу сӕвӕрдтой донгӕнӕн пецы ӕвзалыйыл, стӕй йын-иу йӕ сӕрыл дӕр ӕвзалы ӕркалдтой. Ӕрзӕт-иу тад, йӕ сӕрыл чи уыд, уыцы судзгӕ ӕвзалыйы фӕрцы ӕмӕ йе ’нӕпайда уӕлдӕйттӕ хицӕн кодтой. Афтӕ мах дӕр не знаджы сӕрыл судзгӕ цӕхӕртӕ куы калӕм, ома йын хорздзинад куы аразӕм, уӕд фӕфӕлмӕндӕр уыдзӕн ӕмӕ йӕ хорз миниуджытӕ рабӕрӕг уыдзысты.

Фӕсномыг ныхӕсты фӕрцы ӕрмӕст цавӕрдӕр хъуыды нӕ бамбарӕм, фӕлӕ ма нӕ зӕрдӕмӕ дӕр бахъары. Зӕгъӕм, тӕригъӕд ныл уӕззау уаргъау кӕй фӕуӕз кӕны, уый барст цӕуы хӕсимӕ (Лукайы 11:4, фиппаинаг). Фӕлӕ нын Йегъовӕ нӕ тӕригъӕд куы ныххатыр кӕны, уӕд нӕ цыма нӕ хӕсӕй фервӕзын кӕны, афтӕ нын фенцондӕр вӕййы, науӕд нын уыцы хӕс фидинаг уыдаид. Библийы куы фӕкӕсӕм, нӕ тӕригъӕдтӕ нын «ныббарста» ӕмӕ нӕ «ссыгъдӕг» кодта,– мелӕй фыст ныхӕстӕ куыд ныссӕрфай, афтӕ – уӕд фидарӕй фӕзонӕм, уыцы тӕригъӕдты тыххӕй нӕ кӕй нал бафхӕрдзӕн (Псалом 32:1, 2; Хъуыддӕгтӕ 3:19). Йегъовӕйӕн йӕ бон у, цӕмӕй нын нӕ тӕригъӕдтӕ, сӕнтсырх хъуымацы хуызӕн чи у, уыдон къуымбилау сурс кӕна (Исай 1:18). Цы стыр удӕнцой нын хӕссы уый!

Мах ӕркастыстӕм, Хуыцауы Ныхас Библийы цы бирӕ фӕсномыг ныхӕстӕ ис, уыдонӕй ӕрмӕст цалдӕрмӕ. Дӕхӕдӕг Библи куы кӕсай, уӕд-иу сӕм дӕ хъус дар. Сбӕрӕг-иу кӕн темӕ, фӕлгонц ӕмӕ ӕмхуызон цӕмӕй сты, уый, стӕй-иу сыл ахъуыды кӕн. Ӕмӕ уӕд ноджы хуыздӕр ӕмбардзынӕ Библи ӕмӕ йын тынгдӕр аргъ кӕндзынӕ.

[Фиппаинаг]

^ 6 абз. Стыр ӕххуыс у энциклопеди «Понимание Писания» (2 томы), ис бирӕ ӕвзӕгтыл. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Рамкӕ 13 фарсыл]

Фӕсномыг ныхӕстӕ куыд ӕххуыс кӕнынц?

Фӕсномыг ныхӕстӕ нын бирӕ цӕмӕйдӕрты ӕххуыс кӕнынц. Уыдоны фӕрцы зынӕмбарӕн хъуыды ӕнцондӕрӕй бамбарӕм. Цалдӕр фӕсномыг ныхасӕй нӕ бон у цавӕрдӕр хъуыды алырдыгӕй бамбарын кӕнын. Фӕсномыг ныхасы фӕрцы сӕйраг хъуыдытӕ ирддӕрӕй разынынц ӕмӕ адӕймаджы ӕргом сӕхимӕ раздахынц.

[Рамкӕ 14 фарсыл]

Фӕсномыг ныхас цавӕр хӕйттӕй конд у

ФӔСНОМЫГ НЫХАС: «Сымах стут зӕххы цӕхх» (Матфейы 5:13).

ТЕМӔ: сымах (Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ).

ФӔЛГОНЦ: цӕхх.

ӔМХУЫЗОН ЦӔМӔЙ СТЫ: цыдӕр сӕфын нӕ уадзы.

ЗОНДЗОНӔН: Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ цы хабар дзырдтой, уымӕн йӕ бон уыд адӕмы цард бахъахъхъӕнын.

[Хицӕнгонд текст 15 фарсыл]

«Йегъовӕ у мӕ Фыййау. Ӕз ницы цух уыдзынӕн» (ПСАЛОМ 23:1)