Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут

Сим федта, ӕвзӕрдзинад куыд фесӕфт ӕмӕ та куыд фӕзынд

Сим федта, ӕвзӕрдзинад куыд фесӕфт ӕмӕ та куыд фӕзынд

НОЙЫ фырт Сим федта, Доны хъаймӕты размӕ ӕмӕ уый фӕстӕ цы цард уыд, уый. Зоныс ӕй, Симы рӕстӕджы адӕм цӕмӕн фесӕфтысты ӕмӕ йӕхӕдӕг та йӕ бинонтимӕ куыд фервӕзт? * ~ Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.

Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, Сим ӕрыгон куы уыд, уӕд «адӕм бынысӕфт» кӕй уыдысты. Сӕ хъуыдытӕ иууылдӕр «уыдысты ӕрмӕст ӕвзӕрдзинадыл». Зоныс ӕй, Хуыцау сын цы бакодта? ~ Рауагъта Доны хъаймӕт ӕмӕ фесӕфта ӕвзӕргӕнджыты. Апостол Петр уый тыххӕй ныффыста: «Уӕдыккон дуне сӕфт ӕрцыди, доны бын куы фӕци, уӕд» (Райд. 6:5; 2 Пет. 3:6).

Куыд дӕм кӕсы, Хуыцау уыцы дуне цӕмӕн фесӕфта? ~ Уыцы адӕм уыдысты ӕвзӕр ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ дӕр «уыдысты ӕрмӕст ӕвзӕрдзинадыл». Чырысти дӕр уыцы рӕстӕджы тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, «доны хъаймӕты размӕ» адӕм сӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн цардысты, «хордтой ӕмӕ нуӕзтой, устытӕ куырдтой ӕмӕ моймӕ цыдысты». Стӕй ма загъта: «Ӕмӕ сӕм нымады дӕр ницы уыд, цалынмӕ доны хъаймӕт нӕ райдыдта ӕмӕ се ’ппӕты дӕр нӕ фӕласта» (Матф. 24:37–39).

Цы сӕм нӕ уыд нымады ӕмӕ цӕуыл нӕ хъуыды кодтой? ~ Симы фыд Ной уыд «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг», фӕлӕ адӕм нӕ хъуыстой, цы сын дзырдта, уымӕ. Ной байхъуыста Хуыцаумӕ ӕмӕ сарӕзта ковчег, йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр Доны хъаймӕты кӕм аирвӕзтысты, ахӕм стыр нау. Ӕрмӕстдӕр Ной, йӕ ус, се ’ртӕ фырты – Сим, Хам, Иафет ӕмӕ сӕ устытӕ хъуыстой Хуыцаумӕ ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кодтой. Иннӕ адӕм та, сӕхи цы фӕндыди, уый арӕзтой ӕмӕ Доны хъаймӕты фесӕфтысты (2 Пет. 2:5; 1 Пет. 3:20).

Доны хъаймӕтӕй иу аз куы рацыди, уӕд Сим ӕмӕ йӕ бинонтӕ рахызтысты ковчегӕй. Уӕдмӕ зӕхх бахус. Ӕвзӕргӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр фесӕфтысты, фӕлӕ та уавӕр тагъд фӕивта. Симы ’фсымӕр Хамы фырт Ханаан иу ӕвзӕр хъуыддаг сарӕзта, ӕмӕ уый тыххӕй Ной загъта: «Ӕлгъыст фӕуӕд Ханаан!» Хамы фырты фырт Нимрод дӕр уыд ӕвзӕр адӕймаг. Уый ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйы ныхмӕ рацыд ӕмӕ адӕмӕн загъта, цӕмӕй бӕрзонд мӕсыг самадтаиккой ӕмӕ сӕхицӕн Хуыцауӕй стырдӕр кад скодтаиккой. Уыцы мӕсыг схуыдтой Вавилоны мӕсыг. Сим ӕмӕ йӕ фыд цы хъуыды кодтой, адӕм уыцы мӕсыг кӕй арӕзтой, уый тыххӕй? (Райд. 9:25; 10:6–10; 11:4, 5).

Уыдонӕн дӕр ӕмӕ Йегъовӕйӕн дӕр уыцы хъуыддаг зын уыди. Зоныс ӕй, Йегъовӕ цы бакодта, уый? ~ Адӕмы ’взаг схӕццӕ кодта, цӕмӕй кӕрӕдзийы мауал ӕмбӕрстаиккой. Уымӕ гӕсгӕ сӕ бон нал уыд мӕсыг аразын ӕмӕ алырдӕмты ныппырх сты (Райд. 11:6–9). Фӕлӕ Хуыцау Симы ӕмӕ йӕ бинонты ’взаг нӕ фӕивта. Уымӕ гӕсгӕ уыдон цардысты иумӕ ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кодтой Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн. Зоныс ӕй, Сим Йегъовӕйӕн цал азы лӕггад кодта? ~

Сим фӕцард 600 азы. Доны хъаймӕты размӕ фӕцард 98 азы, уый фӕстӕ та – 502 азы. Нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, Нойӕн ковчег аразынӕн кӕй ӕххуыс кодта ӕмӕ адӕмы кӕй фӕдзӕхста, Доны хъаймӕт кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй. Куыд хъуыды кӕныс, Доны хъаймӕты фӕстӕ Сим 500 азы дӕргъы цы арӕзта? ~ Ной Йегъовӕйы схуыдта «Симы Хуыцау». Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Сим лӕггад кодта Йегъовӕйӕн ӕмӕ уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кодта йӕ бинонтӕн дӕр. Фӕстӕдӕр Симы бинонтӕй рацыдысты Авраам, Саррӕ ӕмӕ Исахъ (Райд. 9:26; 11:10–31; 21:1–3).

Ныр та ахъуыды кӕнӕм абоны дунейы тыххӕй. Ныртӕккӕйы дуне у Симы рӕстӕгӕй ӕвзӕрдӕр. Куыд хъуыды кӕныс, цы йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы? ~ Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, дуне йӕ кӕронмӕ фӕцӕуы. Фӕлӕ ма дзы афтӕ дӕр фыст ис: «Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый та цӕрдзӕн ӕнустӕм». Мах дӕр Хуыцауы фӕндон куы ’ххӕст кӕнӕм, уӕд фервӕздзыстӕм ӕмӕ бацӕудзыстӕм ног дунемӕ. Ӕмӕ уӕд Хуыцауы фӕрцы зӕххыл ӕнустӕм амондджынӕй цӕрдзыстӕм! (1 Иоан. 2:17; Пс. 37:29; Ис. 65:17).

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Дӕ сывӕллонимӕ куы кӕсай, уӕд ацы нысан (~) цы хъуыдыйады фӕстӕ лӕууа, уым хъӕуы иу гыццыл ӕрлӕууын, цӕмӕй сывӕллон дзуапп ратта.

Фарстатӕ:

○ Доны хъаймӕты размӕ цавӕр цард уыди ӕмӕ йӕ Хуыцау цавӕр дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй фесӕфта?

○ Сим цас фӕцард ӕмӕ цавӕр адӕймаг уыд?

○ Тагъд ацы дунейыл цы ’рцӕудзӕн?

○ Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй, ацы дуне куы сӕфа, уӕд фервӕзӕм?