Галаады скъолайы 131 кълас
«Сымахмӕ кӕсгӕйӕ Йегъовӕйы цӕсгомыл мидбылхудт хъаздзӕн»
ФАРОН, 2011 азы, 10 сентябры Галаады скъолайы 131-ӕм кълас чи фӕци, уыцы студенттӕн сӕ бинонтӕ, се ’мбӕлттӕ ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр адӕм ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй сын сӕ циныл бацин кодтаиккой. Уыцы бон студенттӕ ӕмӕ, фембӕлды раныхӕстӕ кӕмӕн уыд, уыдон тыхсгӕ дӕр кодтой ӕмӕ цин дӕр. Фӕлӕ программӕ куы фӕци, уӕд иууылдӕр – 9063 адӕймаджы – тынг райгондӕй баззадысты. Бӕрӕг уыд, раныхӕстӕ, равдыстытӕ ӕмӕ интервьютӕ сӕ зӕрдӕмӕ тынг кӕй фӕцыдысты.
Программӕйы сӕрдариуӕггӕнӕг уыд Стивен Летт, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советӕй. Райдианы ӕфсымӕр Летт аныхас кодта, Хуыцауы «буары» уӕнгты тыххӕй, зӕгъӕм, йӕ цӕстыты, йӕ хъусты ӕмӕ йӕ къухты тыххӕй Библийы цы фыст ис, ууыл. Стӕй та бамбарын кодта, Йегъовӕ куыд кӕсы, куыд хъусы ӕмӕ куыд архайы, уыдӕттӕ.
Фыццаг уал аныхас кодта 2 Азфыстыты 16:9 стихыл. Уым фыст ис: «Йегъовӕйы цӕстытӕ фӕлгӕсынц ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдиса». Ацы раныхасы фӕрцы студентты ноджы тынгдӕр бафӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ макуы сивой. Стивен Летт бамбарын кодта, ног миссионертӕ адӕмӕн сӕйраджыдӕр сӕ хорз миниуджытӕ куы уыной, уӕд афтӕмӕй Йегъовӕйы кӕй фӕзмдзысты. Уый фӕстӕ та аныхас кодта 1 Петры 3:12 стихыл. Уыцы стихӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты куывдтытӕм лӕмбынӕг кӕй хъусы. Студенттӕн ма загъта, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕппынӕдзух кувой, уымӕн ӕмӕ йын ӕхсызгон у йӕ лӕггадгӕнджыты куывдтытӕм хъусын.
Стивен Летт ма аныхас кодта Исайы 41:13 стихыл. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн зӕрдӕ ’вӕры: «Ӕз дын хӕцын дӕ рахиз къухыл, ӕз, дӕ Хуыцау Йегъовӕ, ӕмӕ дын дзурын: „Ма тӕрс“». Се ’ппӕты зӕрдӕтӕ дӕр бацагайдтой йӕ ныхӕстӕ: «Ахъуыды-ма кӕнут, Йегъовӕ цы диссаджы ныхӕстӕ загъта, ууыл. Йегъовӕ нын йӕ фидар къухӕй нӕ къухыл ныххӕцы». Стӕй студенттӕн загъта, зӕгъгӕ уӕм Йегъовӕ йе ’ххуысы къух куы бадары, уӕд-иу ӕй райсут. Уымӕй уӕлдай ма сӕ хъӕуы уыцы хъуыддаджы Йегъовӕйы фӕзмын – иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын.
Фӕстагмӕ ӕфсымӕр Летт бакаст Исайы 40:11 стих ӕмӕ ныхасмӕхъусджытӕн загъта, цӕмӕй сӕ цӕстытыл ауайын кӕной, Йегъовӕ нӕ куыд тынг уарзы, уый. Ӕфсымӕр Летт загъта: «Йегъовӕ нӕ ӕрбамбырд кӕны ӕмӕ нӕ йӕ хъӕбысы фӕхӕссы». Ӕмӕ мах та цы хъуамӕ аразӕм? Студенттӕн загъта, зӕгъгӕ уӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй уӕ Йегъовӕ йӕ хъӕбысы хӕсса, уӕд хъуамӕ гыццыл уӕрыччытау сабыр уат.
«Уыцы хӕзна ис ӕлыг мигӕнӕнты»
Дейвид Сплейн Разамонӕг советӕй аныхас кодта 2 Коринфӕгтӕм 4:7 стихыл. Цавӕр хӕзнайы кой дзы цӕуы? Мыййаг дзы зонындзинӕдтӕ кӕнӕ зонды кой ис? Ӕфсымӕр Сплейн бамбарын кодта, уый афтӕ кӕй нӕу. Стӕй загъта: «Апостол Павел цы хӕзнайы кой кодта, уый у, рӕстдзинад чи ӕргом кӕны, уыцы куыст» (2 Коринфӕгтӕм 4:1, 2, 5). Ӕфсымӕр Сплейн студентты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, фондз мӕймӕ цы базыдтой, уый фӕрцы цӕттӕ кӕй сты ахсджиаг куыст кӕнынмӕ, ӕмӕ уыцы куыстӕн кӕй хъӕуы стыр аргъ кӕнын.
Дейвид Сплейн бамбарын кодта, дзырдбаст «ӕлыг мигӕнӕнтӕ» кӕй амоны зӕххон адӕймагмӕ. Кӕрӕдзиимӕ абарста, зӕххӕй, кӕнӕ ӕлыгӕй, конд ӕмӕ сызгъӕринӕй конд мигӕнӕнтӕ. Ӕлыгӕй конд дзаумайӕ уӕлдай, сызгъӕрин дзаумайӕ арӕх нӕ фӕпайда кӕнынц. Стӕй, зӕгъӕм, исты хӕзна сызгъӕрин мигӕнӕны куы сӕвӕрӕм, уӕд йӕ мидӕг цы хӕзна ис, уымӕ нӕ кӕсдзыстӕм, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр мигӕнӕнмӕ. Ӕфсымӕр Сплейн загъта: «Адӕмы ’ргом уӕхимӕ ма здахут. Сымах стут миссионертӕ ӕмӕ хъуамӕ адӕмы ’ргом здахат Йегъовӕмӕ. Сымах стут хуымӕтӕг ӕлыг мигӕнӕнтӕ».
Ӕфсымӕр Сплейн ма загъта, раджы заманты ӕлыгӕй конд мигӕнӕнтӕй иуӕй-иутӕ арты дӕр кӕй нӕ сыгъдысты. Иуӕй-иуты дзы ӕддейӕ цӕмӕйдӕр байсӕрстой, ӕмӕ-иу хъӕбӕр цъар сӕвӕрдтой, цӕмӕй-иу ма асастаиккой.
Миссионерты уый цӕуыл ахуыр кӕны? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕм лӕггад кӕндзысты, уырдӕм куы ’рцӕуой, уӕд фыццаг цалдӕр мӕйы алыхуызон фӕлварӕнтыл ӕмбӕлдзысты ӕмӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр уыдзысты. Зӕгъӕм, иннӕтӕ сӕ куы ’фхӕрой, уӕд ууыл ӕгӕр тынг нал мӕт кӕндзысты, исчи-иу сӕ куы фӕхъыг кӕна, уӕд та-иу сӕм хӕрам нӕ кӕндзысты. Ӕфсымӕр Сплейн загъта: «Уӕхӕдӕг дӕр бадис кӕндзыстут, куыд фидар разындзыстут, ууыл». Йегъовӕ уыцы хӕзна, ома хъусын кӕныны хъуыддаг, зӕдтӕн нӕ бахӕс кодта, фӕлӕ ӕлыгӕй конд мигӕнӕнтӕн. Йӕ ныхас та фӕци афтӕ: «Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыл Йегъовӕ йӕ зӕрдӕ дары».«Адӕмимӕ згъоргӕйӕ... бӕхтимӕ дугъ кӕнынмӕ куыд хъавыс?»
Сэмюэл Хёрд Разамонӕг советӕй йӕ раныхасы радта ахӕм фарста: «Уӕ бон бирӕ ӕмӕ тагъд згъорын у?». Цымӕ студентты афтӕ цӕмӕн бафарста? Ӕфсымӕр Хёрд студентты абарста пехуымпар Йеремиимӕ. Йереми Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста, фӕлӕ ма йӕм разӕй ноджы стырдӕр фӕлварӕнтӕ ӕнхъӕлмӕ каст. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ бафарста: «Адӕмимӕ згъоргӕйӕ фӕллайгӕ куы бакодтай, уӕд бӕхтимӕ дугъ кӕнынмӕ куыд хъавыс?» (Йереми 12:5).
Ӕфсымӕр Хёрд ацы хабар студенттӕн афтӕ бамбарын кодта: «Экзаментӕ уын кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ уӕм, чи зоны, афтӕ фӕкаст, ӕмӕ бӕхтимӕ дугъ кӕнут, фӕлӕ сымах нырма адӕмимӕ згъорут. Кӕм хъусын кӕндзыстут, уырдӕм куы ӕрцӕуат, уӕд та райдайдзыстут бӕхтимӕ дугъ кӕнын, ома сӕмбӕлдзыстут, нырмӕ хъуыды дӕр кӕуыл нӕ акодтат, ахӕм фӕлварӕнтыл. Цы уын баххуыс кӕндзӕн? Галаады скъола уӕ бӕхтимӕ дугъ кӕнын сахуыр кодта ӕмӕ, цӕмӕй ма бафӕллайат, уый фаг хъарутӕ уӕ бауагъта». Сэмюэл Хёрд студентты сразӕнгард кодта, цӕмӕй ӕппынӕдзух сӕ уырнындзинад фидар кӕныныл архайой, Библи лӕмбынӕг иртасой ӕмӕ Хуыцаумӕ кувой.
Ӕфсымӕр Хёрд куыд загъта, афтӕмӕй иуӕй-иу миссионертӕм, чи зоны, хъусгӕ дӕр ма кӕной ӕмӕ сӕ ныфс дӕр асӕтта. Чидӕр та, чи зоны, рынчын фӕуа, кӕмӕдӕр та афтӕ фӕкӕсдзӕн, ӕмӕ йыл цы хӕс ӕвӕрд ис, уый, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕххӕст кӕнын йӕ бон нӕу. Фӕлӕ студентты ныфсыл ныфс бафтыдта, зӕгъгӕ, ӕххуыс кӕмӕй ракурат, уый уын алкӕддӕр ис ӕмӕ уӕ бон кӕй бауыдзӕн цыфӕнды зындзинӕдты рӕстӕг дӕр ӕвӕллайгӕйӕ згъорын. Сэмюэл Хёрд ма загъта: «Фӕнды адӕмимӕ згъорат, фӕнды бӕхтимӕ дугъ кӕнат, уӕддӕр уӕ ныфс ууыл дарут, Хуыцау уын кӕй баххуыс кӕндзӕн, ӕмӕ уӕд кӕронмӕ азгъорын бафӕраздзыстут. Уӕ зӕрдӕ Хуыцауыл куы дарат, уӕд уын ӕнтысгӕ дӕр бирӕ бакӕндзӕн ӕмӕ Хуыцауы дӕр скадджын кӕндзыстут».
Ӕндӕр ахсджиаг хъуыдытӕ программӕйӕ
«Цас фылдӕр, уыйас хуыздӕр». Джон Экрен, Америкӕйы Иугонд Штатты филиалы комитетӕй, аныхас кодта пехуымпар Елисей ӕмӕ идӕдз усы хабарыл. Уыцы идӕдз ус смӕгуыр ӕмӕ хъуамӕ йӕ фыртты цагъартӕй ауӕй кодтаид (2 Паддзӕхты 4:1–7). Идӕдз усмӕ уыд ӕрмӕстдӕр иу гыццыл сойы дурын. Елисей йын загъта, цӕмӕй ма йӕ сыхӕгтӕй дурынтӕ ракуырдтаид, «цас фылдӕр, уыйас хуыздӕр», зӕгъгӕ. Йегъовӕ Елисейы уылты афтӕ бакодта, ӕмӕ дурынтӕ сойӕ байдзаг сты. Ӕмӕ уӕд идӕдз ус уыцы сой ауӕй кодта, йӕ хӕстӕ бафыста ӕмӕ ма йӕ бинонты цӕмӕй фӕдардтаид, уый фаг дӕр ма йын дзы баззад.
Цымӕ миссионертӕн ацы хабар куыд баххуыс кӕндзӕн? Идӕдз ус дурынтӕ ӕмбырд кӕнынмӕ куы ацыд, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, нӕ равзар-бавзар кодта, ай цӕуы мӕ зӕрдӕмӕ, ай та нӕ цӕуы, зӕгъгӕ. Ӕфсымӕр Экрен загъта: «Хъуамӕ ӕрӕмбырд кодтаид, сой ныккӕнӕн кӕм уыдаид, ахӕм дурынтӕ, ӕмӕ цас стырдӕр уыдаиккой, уыйас хуыздӕр». Ӕфсымӕр Экрен студенттӕн загъта, цӕмӕй-иу сӕхимӕ цавӕрфӕнды хӕс дӕр исой – стыр дӕр ӕмӕ гыццыл дӕр. Уый фӕстӕ загъта: «Равзар-бавзар ма кӕнут». Ӕмӕ студенттӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Йегъовӕ идӕдз усӕн йӕ арфӕдзинӕдтӕй цас бахай кодтаид, уый йӕ коммӕгӕсдзинадӕй кӕнгӕ кӕй уыд – Елисей йын цы загъта, уый зӕрдиагӕй сӕххӕст кодтаид ӕви нӕ. Ног миссионертӕн уый цӕуыл дзурӕг хъуамӕ уа? Йегъовӕ нын йӕ арфӕдзинӕдтӕй цас бахай кӕндзӕн, уый нӕхицӕй кӕнгӕ у. Зынгзӕрдӕйӕ йын куы лӕггад кӕнӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидар куы уа, уӕд нын рӕдауӕй арфӕ кӕндзӕн. «Уӕдӕ уӕхиуыл ма ауӕрдут»,– загъта Джон Экрен.
«Ӕнцонтӕй сыл фӕуӕлахиз уыдзыстӕм». Уильям Сэмюэлсонӕн, Библион скъолаты хайады разамонӕгӕн, уыд Нымӕцты 14:9 стихыл арӕзт раныхас. Ӕфсымӕр Сэмюэлсон аныхас кодта, Йесо Навин ӕмӕ нын Халев фӕзминаг цӕмӕй сты, ууыл. Дзырдбаст «ӕнцонтӕй сыл фӕуӕлахиз уыдзыстӕм» дзуттаг ӕвзаджы комкоммӕ у «уыдон махӕн сты дзул». Ацы ран йӕ хъуыды у, израилӕгтӕ Ханааны цӕрджытыл ӕнцонтӕй кӕй фӕуӕлахиз уыдаиккой ӕмӕ сӕ уый ноджы тынгдӕр бафидар кодтаид ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс бафтыдтаид. Ног миссионертӕн уыцы хабар зонды хос куыд хъуамӕ фӕуа? Ӕфсымӕр Сэмюэлсон загъта: «Уӕ лӕггады цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлдзыстут, уыдонмӕ раст цӕстӕй куы кӕсат, уӕд уӕ ӕнӕмӕнгӕй бафидар кӕндзысты».
«Фӕлварӕнты рӕстӕг сӕ уырнындзинады нау нӕ ныппырх уыдзӕн?» Галаады скъолайы ахуыргӕнджытӕй иу, Сэм Роберсон, аныхас кодта апостол Павелы ныхӕстыл, кӕмӕндӕрты «сӕ уырнындзинады нау ныппырх», зӕгъгӕ (1 Тимофеймӕ 1:19). Ӕфсымӕр Роберсон студентты сразӕнгард кодта, цӕмӕй иннӕтӕн ӕххуыс кӕной сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн, ома сахуыр уой сӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарын. Уӕд сын цыфӕнды фӕлварӕнты дӕр фӕцудынӕй тӕссаг нӕ уыдзӕн, тыхдымгӕйы рӕстӕг науӕнгуыры фӕрцы науӕн фӕдӕлдон кӕнынӕй тӕссаг куыд нӕ вӕййы, афтӕ. Стӕй загъта: «Сымахӕн уӕ куыст абарӕн ис куырды куыстимӕ». Уый куыд ӕмбаргӕ у? Куырд науӕнгуыры рӕхысы цӕгтӕ кӕрӕдзиуыл куыд бафидар кӕны, афтӕ миссионертӕ дӕр, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнынц, уыдонӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй сӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы ӕмӕ сӕ ирвӕзындзинад кӕмӕй кӕнгӕ у, ахӕм миниуджытӕ фӕзына.
Сэм Роберсон рӕхысы цӕгтӕ абарста, 2 Петры 1:5–8 цы аст миниуӕджы кой ис, уыдонимӕ. Ӕфсымӕр Роберсон загъта, зӕгъгӕ, миссионертӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнынц, уыдонӕн куы бамбарын кӕной, Йегъовӕ йӕхӕдӕг уыцы миниуджытӕ куыд ӕвдисы, уый, уӕд йемӕ дыууӕ ӕнувыд ӕмбалау ӕнгом уыдзысты. Ӕмӕ уӕд цыфӕнды зындзинӕдты рӕстӕг дӕр сӕ уырнындзинад нӕ фӕцуддзӕн.
Хабӕрттӕ уацамындӕй ӕмӕ интервьютӕ
Галаады скъолайы ахуыргӕнӕг Майкл Бернетт ног миссионертӕй райста интервьютӕ ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй сыл ӕрӕджы уацамынды цы цаутӕ ӕрцыд, уыдонӕй иуӕй-иутӕ радзырдтаиккой ӕмӕ равдыстаиккой. Уыцы фембӕлды чи уыд, уыдонӕн ӕхсызгон уыд фехъусын, студенттӕ Хуыцауы ныхас дуканиты, аэропорты ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куыд хъусын кодтой, уый. Ахӕм хабар дӕр радзырдтой, ӕмӕ иу адӕймаг телефонӕй кӕмӕ дзуринаг уыд, уымӕ нӕ бахауд, фӕлӕ Галаады скъолайы студенттӕй иумӕ, ӕмӕ уый руаджы Хуыцауы тыххӕй аныхас кодтой.
Майкл Хансен, Америкӕйы Иугонд Штатты филиалӕй, интервью райста, бирӕ азты дӕргъы миссионертӕй чи лӕггад кодта, ахӕм ӕртӕ ӕфсымӕрӕй – Стивен Макдаууелӕй (лӕггад кӕны Панамӕйы), Марк Нумарӕй (лӕггад кодта Кенийы) ӕмӕ Уильям Ясовскийӕ (лӕггад кодта Парагвайы). Сӕ интервьюты цы радзырдтой, уый руаджы ноджы тынгдӕр раргом программӕйы хӕйттӕй иуы сӕйраг темӕ. Уыцы хай хуынди «Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын дын цины хос уӕд», зӕгъгӕ (Псалом 40:8). Зӕгъӕм, Марк Нумар радзырдта, йӕ бинойнагимӕ сын миссионертӕй лӕггад кӕнын ӕхсызгон цӕмӕн уыд, уыцы хъуыддӕгты тыххӕй. Стыр циндзинад сын ӕрхаста, бынӕттон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй бирӕтимӕ кӕй балымӕн сты, уый. Уымӕй уӕлдай ма сын тынг ӕхсызгон уыд, ӕфсымӕртӕ Хуыцауы разамындмӕ кӕй хъуыстой ӕмӕ сӕ цард хуыздӕрырдӕм кӕй ивтой, уый тыххӕй сын Йегъовӕ кӕй арфӕ кодта. Марк Нумар студенттӕн загъта, се стыр цины хабӕрттӕ нырма разӕй кӕй сты.
Галаады 131-ӕм къласы студенттӕй иу къласы номӕй рӕсугъд, зӕрдӕмӕхъаргӕ арфӕйы писмо куы бакаст, уӕд ма ӕфсымӕр Летт программӕйы кӕрон студенттӕн загъта, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр зондӕй архайой. Афтӕ куы кӕнат, загъта Стивен Летт, уӕд «сымахмӕ кӕсгӕйӕ Йегъовӕйы цӕсгомыл мидбылхудт хъаздзӕн». Ног миссионертӕ иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕной, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ ӕнӕмӕнгӕй дӕр барухс кӕндзысты (Исай 65:19).
[Таблицӕ/Картӕ 31 фарсыл]
СТУДЕНТТӔ
Цал бӕстӕйӕ уыдысты: 10
Рӕстӕмбис нымадӕй сыл цал азы цӕуы: 35
Рӕстӕмбис нымадӕй цал азы сты донаргъуыд: 19
Рӕстӕмбис нымадӕй цал азы лӕггад кӕнынц ӕххӕстрӕстӕг: 14
[Картӕ]
(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)
Миссионерты арвыстой, дӕлдӕр цы бӕстӕтӕ амынд ис, уырдӕм
МИССИОНЕРТЫ КӔДӔМ АРВЫСТОЙ, УЫЦЫ БӔСТӔТӔ
БЕНИН
БРАЗИЛИ
БОЛГАРИ
БУРУНДИ
КАМЕРУН
КАНАДӔ
ЦЕНТРАЛОН-АФРИКАГ РЕСПУБЛИКӔ
ГЕРМАНИ
ГАНӔ
ГОНКОНГ
ИНДОНЕЗИ
КЕНИ
ЛИБЕРИ
ЛИТВА
МАЛАЙЗИ
МОЗАМБИК
НЕПАЛ
ПАНАМӔ
ПАРАГВАЙ
СЬЕРРӔ-ЛЕОНЕ
СЛОВАКИ
ХУССАР АФРИКӔ
АМЕРИКӔЙЫ ИУГОНД ШТАТТӔ
ВЕНЕСУЭЛӔ
[Ныв 30 фарсыл]
Галаады студенттӕ ӕвдисынц, уацамынды сыл цы цау ӕрцыд, уый
[Ныв 31 фарсыл]
Галаады скъолайы 131 кълас каст чи фӕци, уыдон
Ацы хыгъды рӕнхъытӕ амынд сты раззагӕй фӕстагмӕ, нӕмттӕ та – галиуырдыгӕй рахизырдӕм.
1) Леш. К.; Леш Н.; Шекерджиан П.; Шекерджиан Т.; Бадден Р.; Бадден К.; Наш Т.; Наш Л.
2) Тремблей Е.; Тремблей, К.; Гарви Д.; Гарви Г.; Гонт Р.; Гонт П.; Лау Ж.; Лау Д.
3) Девис Ш.; Девис С.; Сарджент Дж.; Сарджент Дж.; Фонсека Ч.; Фонсека С.; Танар Э.; Танар А.
4) Петрайотан А.; Петрайотан Р.; Рейес Н.; Рейес Н.; Изимингер Б.; Изимингер С.; Хакер Дж.; Хакер Ч.
5) Хартмен Э.; Хартмен Т.; Гулье У.; Гулье К.; Томас Дж.; Томас Э.; Оказаки Н.; Оказаки М.
6) Милз К.; Милз А.; Беннинг Л.; Беннинг Т.; Собески С.; Собески Т.; Геньон Л.; Геньон Е.
7) Хансен Б.; Хансен М.; Фахе А.; Фахе М.; Делгор Дж.; Делгор Дж.; Андерсон М.; Андерсон Р.