Косметикӕ раджы заманты
Сылгоймаг йӕхи ныннадта ӕмӕ йӕ фӕлмӕн буар хӕрздӕф сойӕ байсӕрста. Уый фӕстӕ байгом кодта гыццыл рӕсугъд къопп. Йӕ хуылфы ис гыццыл ӕвгтӕ, банкӕтӕ ӕмӕ авгӕй, пылы стӕгӕй, денджызон сӕтӕлджыты хъузджытӕй ӕмӕ дурӕй конд дурынтӕ. Уыцы мигӕнӕнты йын ис алыхуызон хӕрздӕф сойтӕ ӕмӕ духитӕ. Духитӕ кӕнынц бальзамы, кардамоны, корицӕйы, буды, мыды, миррӕйы тӕф ӕмӕ ӕндӕр ахӕм дзӕбӕх тӕфтӕ.
Йӕ къоппӕй ма сылгоймаг систа цалдӕр гыццыл рӕсугъд уидыджы, стӕй цалдӕр тӕбӕгъы ӕмӕ къусы. Уыдон ӕй хъӕуынц, йӕхи сахорынӕн цы равзӕрста, уыдӕттӕ сызмӕнтынӕн. Уый фӕстӕ бронзӕ кӕсӕнмӕ кӕсгӕйӕ йӕхи арӕхстгай ахорын райдыдта.
КУЫД зыны, афтӕмӕй рагӕй фӕстӕмӕ дӕр сылгоймӕгтӕ тынг уарзтой сӕхи рӕсугъд кӕнын. Рагон зӕппӕдзты цы нывтӕ ис, стӕй-иу къултыл цы нывтӕ уыд кӕнӕ гыццыл хъулон-мулон дуртӕй кӕй кодтой, уыцы нывтӕй бӕрӕг у, раджы заманты Месопотамийы ӕмӕ Египеты косметикӕйӕ бирӕтӕ кӕй пайда кодтой. Египетаг сылгоймӕгтӕ-иу сӕ цӕстытӕ афтӕ сахуырстой, цӕмӕй-иу сын дӕргъӕццон зындаиккой, ӕмӕ уый нымад уыд тынг рӕсугъдыл.
Цымӕ израилаг сылгоймӕгтӕ дӕр косметикӕйӕ пайда кодтой? Кӕд о, уӕд цавӕрӕй? Израилӕгтӕ зӕппӕдзты ӕмӕ къултыл нывтӕ кӕй нӕ кодтой, уымӕ гӕсгӕ уый зын зӕгъӕн у. Фӕлӕ Библийы цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдонмӕ гӕсгӕ, стӕй, археологтӕ цытӕ ссардтой, уыдоны фӕрцы ацы фарстатӕн нӕ бон у дзуапп базонын.
Цавӕр мигӕнӕнтӕй пайда кодтой?
Археологтӕ Израилы ссардтой, сылгоймӕгтӕ-иу сӕхи ахоргӕйӕ кӕмӕй пайда кодтой, бирӕ ахӕм дзауматӕ, зӕгъӕм, ахорӕнтӕ-иу кӕм ныллыстӕг кодтой ӕмӕ кӕм сызмӕстой, ахӕм дурӕй конд гыццыл къустӕ, дӕргъӕццон ӕвгтӕ духитӕн, алебастр мигӕнӕнтӕ хӕрздӕф сойтӕн ӕмӕ ӕрттиваг гыццыл бронзӕ кӕсӕнтӕ. Пылы стӕгӕй конд уидгуытӕй иуӕн йӕ хӕцӕнӕн йӕ иу фарсыл уыд пальмӕйы къалиуы ныв, иннӕ фарсыл та – сылгоймаджы цӕсгом, йӕ алыварс бӕлӕттӕ, афтӕмӕй.
Хъӕздгуытӕн та-иу сӕ ахорӕнтӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕвӕрд уыдысты нывӕфтыд денджызон сӕтӕлджыты хъузджыты. Уымӕй уӕлдай ма рагон Египеты ӕмӕ Ханааны ссардтой пылы стӕгӕй ӕмӕ хъӕдӕй конд хӕрзгыццыл рӕсугъд уидгуытӕ. Иуӕй-иутӕ дзы уыдысты тынг диссаджы конд, зӕгъӕм, йӕхи чи найы, ахӕм чызджы хуызӕн. Ӕппӕт уыдӕттӕй бӕрӕг у, уӕды рӕстӕджыты сылгоймӕгтӕй бирӕтӕ косметикӕйӕ кӕй пайда кодтой.
Цӕстытӕ ахорӕнтӕ
Библийы фыст ис, Иовы чызджытӕй иуӕн йӕ ном Керенгаппух кӕй хуынд. Ацы ном дзуттаг ӕвзагыл нысан кӕны «сыкъа сау ахорӕнимӕ (цӕстытӕн)». Уыцы мигӕнӕны-иу дардтой, цӕстытӕ-иу кӕмӕй ахуырстой, ахӕм сау ахорӕн (сурьма) (Иов 42:14). Ӕвӕццӕгӕн, Иовы чызгӕн йӕ ном ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ тынг рӕсугъд уыд. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай, уый амоны уымӕ дӕр, ӕмӕ уыцы заман дӕр сылгоймӕгтӕ сӕхи кӕй ахуырстой.
2 Паддзӕхты 9:30; Йереми 4:30; Йезекил 23:40). Археологтӕ авгӕй ӕмӕ дурӕй конд мигӕнӕнтӕ ӕмӕ лыстӕг къӕцӕлтӕ цӕстытӕ ахорынӕн бирӕ кӕй ссардтой, уымӕй бӕрӕг у, Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи сивта, уыцы Израилы сылгоймӕгтӕй дӕр бирӕтӕ – уӕлдайдӕр та зындгонд ӕмӕ хъӕздыг чи уыд, уыдон – иннӕ адӕмтӕм гӕсгӕ сӕхи тынг ахорын кӕй райдыдтой.
Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Библийы цӕстытӕ ахорыны тыххӕй кӕм фыст ис, уым алы хатт дӕр дзырд фӕцӕуы, хорз ном кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм сылгоймӕгтыл, зӕгъӕм, налат Йезавелыл, стӕй, пехуымпар Йереми ӕмӕ Йезекил хӕтаг сылгоймагимӕ кӕй абарстой, уыцы мӕнгард Иерусалимыл (Хӕрздӕф сойтӕ
Израилы рагӕй фӕстӕмӕ дӕр оливӕйы сойӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ арӕзтой ӕмӕ сӕ пайда кодтой. Библийы Рацыды чиныджы фыст ис, сауджынтӕ-иу кувӕндоны лӕггадгӕнгӕйӕ цы хӕрздӕф сойӕ пайда кодтой, уый куыд аразын хъуыди, уый. Кодтой йӕ корицӕ, миррӕ ӕмӕ ӕндӕр хӕрздӕфгӕнаг зайӕгойтӕй (Рацыд 30:22–25). Иерусалимы археологтӕ ссардтой, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, н. э. фыццаг ӕнусы кувӕндоны пайда кӕнынӕн хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕмӕ буд кӕм арӕзтой, ахӕм бынат. Библийы бирӕ рӕтты ис бакӕсӕн, адӕм хӕрздӕф сойӕ кӕй пайда кодтой, Хуыцауы раз сыл цы хӕстӕ уыд, уыдон ӕххӕст кӕнгӕйӕ дӕр ӕмӕ ӕнӕуи дӕр (2 Азфыстыты 16:14; Лукайы 7:37–46; 23:56).
Уыцы бӕсты дон фаг кӕй нӕ уӕд ӕмӕ дзы тынг тӕвд кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ хӕрздӕфгӕнаг сойтӕй адӕм пайда кодтой сӕ буармӕ зилынӕн дӕр. Сой-иу царм хъахъхъӕдта, цӕмӕй-иу ма ныххус уыдаид ӕмӕ рӕсугъд уыдаид (Руф 3:3; 2 Самуилы 12:20). Паддзах Ахашверошмӕ бацӕуыны размӕ дзуттаг чызг Есфиры ӕхсӕз мӕйы фӕсӕрстой миррӕйы сойӕ, ӕхсӕз мӕйы та бальзамы сойӕ (Есфир 2:12).
Хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, кӕнӕ хӕрздӕф сойтӕ, уыдысты ӕвзист ӕмӕ сызгъӕринау зынаргъ. Савӕйы ус-паддзах дард ранӕй паддзах Соломонмӕ куы ’рцыд, уӕд ын лӕварӕн ӕрласта сызгъӕрин, зынаргъ дуртӕ ӕмӕ бальзамы сой (1 Паддзӕхты 10:2, 10). Паддзах Езеки Вавилонӕй ӕрвыст лӕгтӕн сӕрыстырӕй йӕ хӕдзары хӕзнатӕ куы ӕвдыста, уӕд ын ӕрмӕст ӕвзист, сызгъӕрин ӕмӕ хӕцӕнгӕрзтӕ нӕ фенын кодта, фӕлӕ ма «бальзамы сой ӕмӕ ӕндӕр зынаргъ сой» дӕр (Исай 39:1, 2).
Бирӕ алыхуызон дидинджытӕй, дыргътӕй, сыфтӕй, чъиуӕй кӕнӕ бӕласы цъарӕй хӕрздӕфгӕнӕнтӕ кӕнӕ сой иу гыццыл йеддӕмӕ нӕ рауайы. Библийы цы хӕрздӕфгӕнаг зайӕгойты кой ис, уыдон сты, зӕгъӕм, алой, бальзам, бӕласы хӕрздӕф чъиу, аир, касси, корицӕ, урс буд, миррӕ, шафран ӕмӕ нард. Иуӕй-иутӕ дзы задысты Иорданы дӕлвӕзы, иннӕтӕ та базаргӕнджытӕ ластой Индийӕ, Хуссар Аравийӕ ӕмӕ ӕндӕр рӕттӕй.
Бальзамы сой
Бальзамы сойы кой Библийы ӕмбӕлы, ус-паддзах Есфир, Савӕйы ус-паддзах ӕмӕ паддзах Езекийы тыххӕй кӕм ис фыст, уыцы рӕтты. 1988 азы Мард денджызы хурныгуылӕн былгӕрон иу лӕгӕты, Курманмӕ хӕстӕг, ссардтой иу гыццыл дурын соимӕ. Цавӕр сой уыд, уый фӕдыл ахуыргӕндтӕм бирӕ алыхуызон хъуыдытӕ уыди. Йӕ рӕстӕджы тынг кадджын чи уыди, уыцы бальзамы сой у ӕви нӕ, уый сӕ бон бӕлвырд базонын не сси. Зайӕгойты куыст чи кӕны, уыцы ахуыргӕндтӕ абоны онг дӕр архайынц, цӕмӕй та ногӕй сбирӕ кӕной, кӕддӕр стыр кад кӕмӕн уыди, уыцы бальзамбӕлӕстӕ.
Библийы цы бальзамы сойы кой цӕуы, уый, ӕвӕццӕгӕн, кодтой Ен-Гедимӕ хӕстӕг. Археологтӕ ссардтой пецтӕ, дурынтӕ ӕмӕ ӕфсӕйнаг ӕмӕ стӕгӕй конд алыхуызон дзауматӕ. Ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыдон сарӕзтой н. э. размӕ 4 ӕнусы ӕмӕ сты, ӕндӕр рӕтты хӕрздӕфгӕнӕнтӕ аразынӕн кӕмӕй пайда кодтой, уыцы дзауматы хуызӕн. Ахуыргӕндтӕн сӕ фылдӕр зӕгъынц, зӕгъгӕ, бальзамбӕлас фыццаг ӕрбаластой Аравийӕ кӕнӕ Африкӕйӕ. Бальзамы сой кодтой, бӕласы мидӕг цы дон вӕййы, уымӕй. Уыцы сой афтӕ кадджын уыди, ӕмӕ бальзамбӕлӕстӕм куыд зилын хъуыд ӕмӕ сӕ сой куыд аразын хъуыд, уый никӕмӕн хъӕр кодтой.
Бальзам ма цыд ӕхцайы бӕсты дӕр политикӕимӕ баст хъуыддӕгтӕ скъуыддзаг кӕнгӕйӕ. Историк Иосиф Флавий куыд зӕгъы, афтӕмӕй Египеты ус-паддзах Клеопатрӕйӕн йӕ уарзон Марк Антоний балӕвар кодта, бальзамбӕлӕстӕ кӕм зад, ахӕм дыргъдон. Ромаг историк Хистӕр Плиний та ныффыста, н. э. 1 ӕнусы иудейаг хӕсты рӕстӕджы иудейтӕ, цыдӕриддӕр сӕм бальзамбӕлӕстӕ уыди, уыдон акалынмӕ кӕй хъавыдысты, цӕмӕй ромӕгтӕн ма баззадаиккой. Куыд уынӕм, афтӕмӕй Библийы фыст хабӕртты ӕмӕ, археологтӕ цы ссардой, уыдӕтты фӕрцы нӕ бон у цыдӕртӕ базонын, раджы заманты адӕм цавӕр косметикӕйӕ пайда кодтой, уый тыххӕй. Библи афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ сылгоймагӕн йӕхи ахорын не ’мбӕлы, фӕлӕ дзы фыст ис, йӕхи-иу афтӕ кӕй хъуамӕ срӕсугъд кӕна, цӕмӕй бӕрӕг уа, хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй у, уый (1 Тимофеймӕ 2:9). Апостол Петр загъта, «Хуыцауы цӕсты тынг зынаргъ» кӕй у «сабыр ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕд». Модӕ ӕппынӕдзух кӕй ивы, уымӕ гӕсгӕ ацы уынаффӕ тынг ахсджиаг у, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыцы сылгоймӕгтӕн – ӕрыгӕттӕн дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕн дӕр (1 Петры 3:3, 4).
[Ныв 24, 25 фӕрстыл]
Раджы заманты сылгоймӕгтӕ косметикӕйӕ пайда кодтой сӕ цӕстытӕ ӕмӕ сӕ цӕсгом ахорынӕн ӕмӕ сӕ буармӕ зилынӕн
[Ныв 25 фарсыл]
Чъырдурӕй конд къус ахорӕнтӕ змӕнтынӕн, Израил
[Ныв 25 фарсыл]
Ӕлыгӕй конд дурын хӕрздӕфгӕнӕн сойӕн, Израил
[Ныв 25 фарсыл]
Пылыстӕгӕй конд мигӕнӕн ахорӕнтӕн, Израил
[Ныв барлӕвӕрдӕй 25 фарсыл]
All artifacts: Erich Lessing/Art Resource, NY