Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ: МОИСЕЙ ФӔЗМИНАГ ЦӔМӔЙ У?

Моисей чи уыд?

Моисей чи уыд?

Ном Моисей, зӕгъгӕ, куы фехъусыс, уӕд дӕ цӕстытыл чи ауайы:

  • Йӕ мад Нилы цӕугӕдоны чыргъӕды кӕй бамбӕхста, уыцы гыццыл сывӕллон?

  • Фараоны чызг кӕй схъомыл кодта ӕмӕ алцыдӕр кӕмӕн уыд, фӕлӕ дзуттаг кӕй уыд, уый чи нӕ рох кодта, уыцы лӕппу?

  • 40 азы дӕргъы Мадиамы зӕххыл фыййау чи уыд, уыцы нӕлгоймаг?

  • Судзгӕ къутӕры раз Йегъовӕимӕ * чи ныхас кодта, уыцы нӕлгоймаг?

  • Израилӕгты суӕгъд кӕныны тыххӕй-иу Египеты паддзахмӕ чи бацыд, уыцы хъӕбатыр нӕлгоймаг?

  • Египеты хивӕнд паддзахмӕ, йӕ бӕстӕйыл цы дӕс ӕфхӕрды хъуамӕ ӕрцыдаид, уыдон фехъусын кӕнынмӕ Хуыцау кӕй арвыста, уыцы нӕлгоймаг?

  • Израилӕгты Египетӕй чи ракодта, уыцы нӕлгоймаг?

  • Хуыцау Сырх денджыз дыууӕ дихы кӕй фӕрцы фӕкодта, уыцы нӕлгоймаг?

  • Хуыцау израилӕгтӕн Дӕс фӕдзӕхсты кӕй уылты радта, уыцы нӕлгоймаг?

АЦЫ хабӕрттӕ иууылдӕр, стӕй ма бирӕ ӕндӕр хабӕрттӕ дӕр ӕрцыдысты Моисейыл. Моисейӕн стыр кад кӕнынц ӕрмӕст чырыстӕттӕ нӕ, фӕлӕ иудейтӕ ӕмӕ пысылмӕттӕ дӕр.

Дзырд дӕр ыл нӕй, Моисей уыд, «стыр ӕмӕ хъомысджын хъуыддӕгтӕ» чи сарӕзта, ахӕм пехуымпар (Дыккаг закъон 34:10–12). Моисейы уылты Хуыцау стыр диссӕгтӕ сарӕзта. Фӕлӕ уӕддӕр Моисей уыд хуымӕтӕг адӕймаг. Пехуымпар Илийайау Моисей дӕр уыд «мах хуызӕн адӕймаг» (Иаковы 5:17). Уый дӕр ӕмбӕлд, абон мах кӕуыл сӕмбӕлӕм, бирӕ ахӕм зындзинӕдтыл, фӕлӕ-иу йӕ бон сӕ сӕрты ахизын баци.

Фӕнды дӕ базонын, цӕй фӕрцы? Уӕд аныхас кӕнӕм, Моисей цавӕр ӕртӕ хорз миниуӕджы равдыста ӕмӕ йӕ нӕ бон бафӕзмын куыд у, ууыл.

^ 7 абз. Библимӕ гӕсгӕ Хуыцауы ном у Йегъовӕ.