Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ ныфс Хуыцауыл дардзынӕ?

Дӕ ныфс Хуыцауыл дардзынӕ?

ЗӔГЪӔМ, иу хорз ӕмбал дын ис. Бирӕ хорз миниуджытӕ йӕм ис, фӕлӕ цыдӕр сарӕзта, ӕмӕ йӕ нӕ бамбӕрстай, афтӕ цӕмӕн бакодта, уый. Иннӕтӕ йӕм, чи зоны, фаутӕ хӕссын райдыдтой, дурзӕрдӕ ӕмӕ ӕгъатыр адӕймаг у, зӕгъгӕ. Семӕ сразы уыдзынӕ ӕви банхъӕлмӕ кӕсдзынӕ, де ’мбал афтӕ цӕмӕн бакодта, уый тыххӕй дын йӕхӕдӕг цы зӕгъдзӕн, уымӕ? Фӕлӕ дын куы ницы зӕгъа, уӕд дӕр ӕм хорз зӕрдӕ дардзынӕ ӕмӕ, цалынмӕ алцыдӕр нӕ рабӕрӕг уа, уӕдмӕ банхъӕлмӕ кӕсдзынӕ?

Дзуапп раттыны размӕ дӕ, ӕвӕццӕгӕн, бафӕнддзӕн фылдӕр базонын. Чи зоны ахъуыды кӕнай: «Ме ’мбалы хорз зонын? Афтӕ тынг ӕй цӕмӕн уарзын?» Ӕмӕ уый раст у. Уӕдӕ Хуыцау ӕгъатыр у ӕви нӕу, уый бамбарыны тыххӕй дӕр хорз нӕ уаид уыдӕттыл ахъуыды кӕнын?

Хуыцауы хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕ, чи зоны, не ’мбарыс кӕнӕ, цавӕрдӕр хабар ӕрцӕуын цӕмӕн бауагъта, ууыл дис кӕныс. Хуыцау ӕгъатыр у, зӕгъгӕ дын чи дзурдзӕн ӕмӕ дӕу дӕр ахӕм зондыл чи ардаудзӕн, ахӕмтӕ бирӕ ис. Баууӕнддзынӕ сыл ӕви банхъӕлмӕ кӕсдзынӕ, цалынмӕ хабар бӕстон базонай, уӕдмӕ? Ацы фарстайӕн цавӕр дзуапп ратдзынӕ, уый кӕнгӕ у, Хуыцауы хорз зоныс ӕви нӕ, уымӕй. Ахъуыды кӕн: «Хуыцау мӕ хорз ӕмбал у?»

Кӕд дӕ цард уӕззау у, уӕд, чи зоны, зӕгъдзынӕ, Хуыцау мын цӕй ӕмбал у, зӕгъгӕ. Фӕлӕ, дӕ царды ӕвзӕрӕй цы ис, уый у Хуыцауӕй ӕви, хорзӕй цы ис, уый? Куыд базыдтам, афтӕмӕй «ацы дунейы хицау» Йегъовӕ нӕу, фӕлӕ Хӕйрӕг (Иоанны 12:31). Уымӕ гӕсгӕ ӕппӕт бӕллӕхты ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгты Хӕйрӕг у аххосджын. Уымӕй уӕлдай ма зындзинӕдтӕ февзарӕм, ӕнӕххӕст кӕй стӕм ӕмӕ, кӕд кӕуыл цы ӕрцӕудзӕн, уый кӕй нӕ зонӕм, уый тыххӕй дӕр.

Дӕ царды ӕвзӕрӕй цы ис, уый у Хуыцауӕй ӕви, хорзӕй цы ис, уый?

Уӕдӕ уӕд Хуыцауӕй та цы зӕгъӕн ис? Библийы фыст ис, Хуыцау кӕй у «арв ӕмӕ зӕхх Скӕнӕг», йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр, ӕмӕ нӕ буар дӕр, «диссаджы конд» кӕй сты ӕмӕ Йегъовӕ кӕй у, «нӕ царды улӕфт... кӕй къухы ис, уыцы Хуыцау» (Псалом 124:8; 139:14; Данел 5:23). Ӕппӕт уыдӕттӕ цӕуыл дзурӕг сты?

Мах цӕргӕ дӕр ӕмӕ улӕфгӕ дӕр не Сфӕлдисӕджы фӕрцы кӕнӕм (Хъуыддӕгтӕ 17:28). Нӕ цард, ӕрдзы рӕсугъддзинӕдтӕ, уарзын кӕй зонӕм ӕмӕ нын хорз ӕмбӕлттӕ кӕй ис, хӕринаджы ад кӕй ӕмбарӕм, уарзон адӕймаджы фӕлмӕн бавнӕлд нын ӕхсызгон кӕй у, музыкӕмӕ хъусын ӕмӕ нын дидинджыты тӕфмӕ смудын циндзинад кӕй хӕссы – ӕппӕт уыдӕттӕ сты Хуыцауы лӕвӕрттӕ (Иаковы 1:17). Уӕдӕ куыд хъуыды кӕныс, Хуыцау, ӕууӕндӕн кӕуыл ис ӕмӕ аргъ кӕмӕн хъуамӕ кӕнӕм, ахӕм хорз ӕмбал нӕу?

Хуыцауыл дын дӕ ныфс дарын зын кӕй у, уым диссагӕй ницы ис. Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ йӕ бынтон хорз нӕма зоныс, цӕмӕй йыл ӕууӕндай. Ӕмӕ уый бамбарӕн ис. Адӕм Хуыцауы ӕгъатыр цӕмӕн хонынц, ӕппӕт уыцы аххосӕгтӕ ацы цыбыр статьяты ранымайӕн нӕй. Фӕлӕ цымӕ хъуыддаг уый аргъ нӕу, цӕмӕй Хуыцауы хуыздӕр базонӕм? * Мах ӕй фидарӕй зонӕм, куы архайай, уӕд Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад базондзынӕ. Уӕдӕ цы зӕгъӕн ис, Хуыцау ӕгъатыр у? Нӕу! «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоанны 4:8).

^ 8 абз. Зӕгъӕм, Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй, «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 11 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.