Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БАВВАХС У ХУЫЦАУМӔ

Йегъовӕ «никӕй хъулон кӕны»

Йегъовӕ «никӕй хъулон кӕны»

Иннӕтӕй дӕ буары хуызӕй кӕй хицӕн кӕныс кӕнӕ ӕндӕр адӕмыхаттӕй кӕй дӕ, йе та ӕхсӕнады цы бынат ахсыс, уый тыххӕй дӕм, мыййаг, иннӕтӕ ’взӕр цӕстӕй кӕсынц? Кӕнӕ дын дӕ бартӕ ссӕндынц ӕмӕ дӕ ницӕмӕ дарынц? Кӕд о, уӕд ӕй зон, ӕрмӕст ды кӕй нӕ дӕ ахӕм уавӕры. Ахӕм хъуыддӕгтӕ зӕххыл арӕх сты, фӕлӕ уӕлӕрвты та хъуыддаг бынтон ӕндӕрхуызон у. Петр, Чырыстийы апостолтӕй иу, фидарӕй загъта: «Хуыцау... никӕй хъулон кӕны». (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35.)

Ацы ныхӕстӕ апостол Петр загъта, хъуыды дӕр кӕуыл ничи акодтаид, ахӕм бынаты – ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи уыд, иу ахӕм нӕлгоймаг Корнилийы хӕдзары. Петр уыд дзуттаг. Ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи уыд, уыдон та Петры заман дзуттӕгты цӕсты сыгъдӕг нӕ уыдысты, стӕй сӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕныны аккагыл нӕ нымадтой. Уӕдӕ цымӕ Петр Корнилийы хӕдзары цы куыста? Цыбыртӕй йӕ куы зӕгъӕм, уӕд Йегъовӕ бакодта афтӕ, цӕмӕй Петр Корнилимӕ бацыдаид. Хуыцау Петрӕн цӕстылуайӕны загъта: «Хуыцау цы ссыгъдӕг кодта, уый чъизи мауал хон». Петр нӕ зыдта, уыцы хабарӕй иу бон раздӕр Корнили кӕй федта цӕстылуайӕн ӕмӕ йын зӕд кӕй загъта, цӕмӕй Петрмӕ фӕдзырдтаид (Хъуыддӕгтӕ 10:1–15). Петр куы бамбӕрста, уыцы хъуыддаг Йегъовӕйӕ кӕй уыд, уӕд семӕ ныхас кӕнын райдыдта.

Петр загъта: «Ныр ӕй ӕцӕг бамбӕрстон, Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны» (Хъуыддӕгтӕ 10:34). «Хъулон кӕнын»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый фӕдыл иу библииртасӕг афтӕ загъта: «Уый ахӕссӕн ис, адӕймагӕн йӕ цӕсгоммӕ чи кӕсы, ахӕм тӕрхонгӕнӕгмӕ. Уый тӕрхон рахӕссы, цы сарӕзта, уымӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ адӕймаг йӕ зӕрдӕмӕ цӕуы ӕви нӕ, уымӕ гӕсгӕ». Хуыцауӕн уӕлдай нӕу, адӕймагӕн йӕ буары хуыз цавӕр у, кӕцы адӕмыхаттӕй у ӕмӕ ӕхсӕнады цы бынат ахсы – се ’ппӕтмӕ дӕр иухуызон цӕстӕй кӕсы.

Йегъовӕ кӕсы, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уымӕ (1 Самуилы 16:7; Ӕмбисӕндтӕ 21:2). Апостол Петр дарддӕр загъта: «Алы адӕмӕй... [Хуыцауы] зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (Хъуыддӕгтӕ 10:35). Хуыцауӕй тӕрсын нысан кӕны нымайын ӕй, аргъ ын кӕнын, ӕууӕндын ыл ӕмӕ, йӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕй хи хизын. Рӕстӕй цӕрын та нысан кӕны, Хуыцауы цӕсты раст цы у, уый зӕрдиагӕй аразын. Йегъовӕйӕн тынг зынаргъ у, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йӕ чи уарзы ӕмӕ, раст цы у, уый чи аразы, ахӕм адӕймаг (Дыккаг закъон 10:12, 13).

Йегъовӕ уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ куы фӕкӕсы, уӕд дзы фӕуыны ӕрмӕстдӕр иу адӕмыхатт, кӕнӕ иу мыггаг – адӕмы мыггаг

Кӕд дӕм, мыййаг, иннӕтӕ истӕй тыххӕй ӕвзӕр цӕстӕй кӕсынц, уӕд дӕ ныфс бауадздзӕн, апостол Петр Хуыцауы тыххӕй цы загъта, уый. Йегъовӕ йӕхицӕн лӕггадгӕнджытӕ агуры алы адӕмыхӕттыты ’хсӕн (Иоанны 6:44; Хъуыддӕгтӕ 17:26, 27). Йегъовӕ хъусы йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕй куывд дӕр, ӕмӕ сын нӕ кӕсы нӕдӕр сӕ буары хуызмӕ, нӕдӕр, цы адӕмыхаттӕй сты, нӕдӕр, ӕхсӕнады цы бынат ахсынц, уымӕ (1 Паддзӕхты 8:41–43). Нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, Йегъовӕ уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ куы фӕкӕсы, уӕд дзы кӕй фӕуыны ӕрмӕстдӕр иу адӕмыхатт, кӕнӕ иу мыггаг – адӕмы мыггаг. Ахӕм Хуыцауы тыххӕй дӕ фылдӕр базонын нӕ фӕнды?

ИЮНЫ БИБЛИЙӔ ДӔ БОН У БАКӔСЫН:

Иоанны 17–21Хъуыддӕгтӕ 1–10