Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
Цымӕ ӕнустӕм цӕрӕн ис?
Фыццаг нӕлгоймаг, Адам, фӕцард цалдӕр ӕнусы. Фӕлӕ ӕппынфӕстаг базӕронд ӕмӕ амард. Уӕдӕй нырмӕ адӕм цынӕ аразынц, цӕмӕй ма зӕронд кӕной, фӕлӕ уӕддӕр иу адӕймаг дӕр мӕлӕтӕй нӕ аирвӕзт. Цӕуылнӕ? Адам базӕронд ӕмӕ амард, Хуыцауы коммӕ кӕй нӕ бакаст, уый тыххӕй. Мах та уымӕн зӕронд кӕнӕм, ӕмӕ Адамӕй нӕ туджы рахастам тӕригъӕд, стӕй, тӕригъӕд цӕмӕ кӕны, уый – мӕлӕт. (Бакӕс Райдиан 5:5; Ромӕгтӕм 5:12.)
Цӕмӕй нӕ бон ӕнустӕм цӕрын уа, уый тыххӕй хъуамӕ исчи ахӕсты аргъ бафида (Иов 33:24, фиппаинаг, 25). Ахӕсты аргъ бафидын фӕхъӕуы кӕйдӕр ссӕрибар кӕныны тыххӕй. Мах та хъӕуы мӕлӕтӕй ссӕрибар кӕнын (Рацыд 21:29, 30). Йесо ахӕсты аргъ бафыста, мах тыххӕй йӕ цард куы радта, уӕд. (Бакӕс Иоанны 3:16.)
Ӕнустӕм цӕй фӕрцы цӕрдзыстӕм?
Се ’ппӕтмӕ ахӕм фидӕн не ’нхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй сӕ низтӕй фервӕзой ӕмӕ цӕрӕнбонтӕм ӕрыгон уой. Хуыцауы коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕн ахӕм фидӕнӕй ныфс нӕй. Йӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕмӕн ӕрцӕудзысты, ӕрмӕстдӕр уыдон цӕрдзысты ӕнустӕм. (Бакӕс Исайы 33:24; 35:3–6.)
Фӕлӕ цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой, уый тыххӕй хъӕуы архайын. Хъуамӕ Хуыцауы хуыздӕр базонӕм, ӕмӕ уый тыххӕй та хъӕуы ахуыр кӕнын Библи, Хуыцауы Ныхас. Уыцы чиныгӕй базондзыстӕм, нӕ цардӕй райгонд цӕй фӕрцы уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ цы аразын хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх ссарӕм ӕмӕ ӕнусон цардӕй хайджын уӕм. (Бакӕс Иоанны 17:3; Хъуыддӕгтӕ 3:19.)