БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД
Алы фарстайӕн дӕр мын дзуапп лӕвӕрдтой Библийӕ!
РАЙГУЫРД: 1950 АЗ
БӔСТӔ: ИСПАНИ
РАЗДӔР: КАТОЛИК-МОЛАДЗАН
МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД.
Куы райгуырдтӕн, уӕд мӕ ныййарджытӕн уыд гыццыл фермӕ Галисийы, Испанийы цӕгат-ныгуылӕн хайы. Аст сывӕллонӕй ӕз уыдтӕн цыппӕрӕм. Нӕ бинонтӕ кӕрӕдзийыл тынг ӕнувыд уыдысты. Уыцы рӕстӕг Испанийы алы бинонтӕй дӕр иу сывӕллон уӕддӕр хъуамӕ бацыдаид дины скъоламӕ кӕнӕ та моладзандонмӕ. Дыууӕйӕ нӕ бацыдысты моладзандонмӕ, иу та – дины скъоламӕ.
13 азы мыл куы цыд, уӕд ӕз дӕр ацыдтӕн Мадридмӕ, мӕ хо кӕм уыд, уыцы моладзандонмӕ. Моладзандоны иууылдӕр уыдысты тызмӕг. Адӕймаг дзы искӕимӕ балымӕн уыдаид, уымӕн гӕнӕн нӕ уыд – ӕрмӕстдӕр моладзандоны ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕн, кув ӕмӕ циндзинадыл хъуыды дӕр ма кӕн. Райсомӕй раджы-иу кувӕндоны ӕрӕмбырд стӕм, цӕмӕй-иу Хуыцауыл хъуыды кодтаиккам, кӕд-иу арӕх мӕ бон ницӕуыл уыди хъуыды кӕнын, уӕддӕр. Уый фӕстӕ та-иу Хуыцауы кадӕн зарджытӕ зарыдыстӕм ӕмӕ-иу мессӕ бӕрӕг кодтам – алцыдӕр латинаг ӕвзагыл. Раст зӕгъгӕйӕ сын ӕппындӕр ницы ӕмбӕрстон ӕмӕ мӕм афтӕ каст, цыма Хуыцау дард кӕмдӕр ис. Моладзандоны мӕ бонтӕ ӕнӕдзургӕйӕ ӕрвыстон. Мӕ хойыл куы амбӕлдаин, уӕддӕр нын ныхас кӕныны бар нӕ уыд, ӕрмӕст-иу кӕрӕдзийӕн афтӕ бакодтам, «табу Сыгъдӕг Мады Майрӕмӕн», зӕгъгӕ. Хӕрды фӕстӕ-иу не ’ппӕтӕн дӕр сахаты ’рдӕг радтой аныхас кӕнынӕн. Куыд тынг хицӕн кодта уыцы цард, нӕ хӕдзары цы хъӕлдзӕг цард кодтам, уымӕй! Цыма зыбыты иунӕг дӕн, афтӕ мӕм каст ӕмӕ-иу арӕх фӕкуыдтон.
Кӕд афтӕ никуы хъуыды кодтон, ӕмӕ Хуыцау ме ’ввахс хӕлар у, уӕддӕр мӕ ныхас сӕххӕст кодтон ӕмӕ 17-аздзыдӕй моладзан сдӕн. Иннӕты цы фӕндыд, уый бӕргӕ бакодтон, фӕлӕ уый фӕстӕ дызӕрдыг кӕнын райдыдтон, ӕцӕгдӕр мӕ Хуыцау равзӕрста, ууыл. Моладзантӕ-иу дзырдтой, чи дызӕрдыг кӕны, уыдон зындоны арты судздзысты, зӕгъгӕ. Фӕлӕ мӕ уӕддӕр дызӕрдыг хъуыдытӕ уӕгъд нӕ уагътой. Зыдтон ӕй, Йесо Чырысти йӕхи иннӕтӕй дард кӕй нӕ ласта, фӕлӕ сӕ ӕдзух кӕй ахуыр кодта ӕмӕ сын кӕй ӕххуыс кодта (Матфейы 4:23–25). 20 азы мыл куы цыд, уӕд ӕй бамбӕрстон, моладзан кӕй дӕн, уымӕй кӕй ницы пайда ис. Диссаг, фӕлӕ мын мад-моладзан загъта, зӕгъгӕ, дам, кӕд дызӕрдыг кӕныс, уӕд цас раздӕр ацӕуай, уыйас хуыздӕр. Мӕнмӕ гӕсгӕ, мӕ зондахаст иннӕтыл дӕр кӕй фӕзындзӕн, уымӕй тарст. Ӕмӕ уӕд моладзандонӕй ацыдтӕн.
Хӕдзармӕ куы ӕрыздӕхтӕн, уӕд мын мӕ ныййарджытӕ иу уайдзӕф дӕр нӕ бакодтой. Фӕлӕ нӕ хъӕуы куыст кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ Германимӕ ацыдтӕн. Уым цард ме ’фсымӕртӕй иу ӕмӕ уыд испайнаг эмигрантты коммунистон къорды. Уыдон тох кодтой кусджыты бартыл, стӕй ма ууыл дӕр, цӕмӕй сылгоймӕгтӕн дӕр нӕлгоймӕгтимӕ ӕмхуызон бартӕ уыдаид. Семӕ мын тынг ӕнцон уыд. Цыбырдзырдӕй, ӕз дӕр коммунист сдӕн ӕмӕ фӕстӕдӕр нӕ къордӕй иу лӕппумӕ смой кодтон. Коммунистон литературӕ кӕй парахат кодтон ӕмӕ демонстрациты кӕй архайдтон, уый мӕм раст каст.
Фӕлӕ та цасдӕры фӕстӕ ногӕй мӕ ныфс асаст. Ӕмбӕрстон ӕй, коммунисттӕ дзургӕ цы кодтой, уый арӕх сӕхӕдӕг кӕй нӕ арӕзтой. Тынгдӕр та дызӕрдыг кӕнын райдыдтон, 1971 азы нӕ къорды фӕсивӕдӕй цалдӕр Франкфурты Испанийы консульствойыл арт куы бандзӕрстой, уӕд. Афтӕ уымӕн бакодтой, ӕмӕ Испанийы хицауад цы ӕнӕраст хъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдонимӕ разы нӕ уыдысты. Фӕлӕ, мӕнмӕ гӕсгӕ, раст нӕ бакодтой.
Фыццаг сывӕллон мын куы райгуырд, уӕд мӕ цардӕмбалӕн загътон, коммунистты ӕмбырдтӕм нал цӕудзынӕн, зӕгъгӕ. Мӕ раздӕры ӕмбӕлттӕй нӕ мӕ сывӕллонимӕ ничи абӕрӕг кодта. Афтӕ мӕм каст, цыма ӕппындӕр никӕй хъӕуын, ӕмӕ хъуыды кӕнын райдыдтон, адӕймаг цӕмӕн цӕры, ууыл. Цымӕ адӕмы цард фӕхуыздӕр кӕныныл кӕй тох кодтон, уый, ӕцӕгдӕр, исты пайда уыд?
БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА.
1976 азы мын дыууӕ испайнаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕны мӕ дуар ӕрбахостой ӕмӕ мын Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ ныууагътой. Дыккаг хатт мӕм куы ӕрбацыдысты, уӕд сӕ фарстаты бын фӕкодтон. Фарстон сӕ, адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц, ӕмхуызон бартӕ сын цӕуылнӕ ис ӕмӕ ӕнӕраст хъуыддӕгтӕ цӕмӕн цӕуы, уыдӕттӕй. Тынг диссаг мӕм фӕкаст, мӕ алы фарстайӕн дӕр мын дзуапп Библийӕ кӕй лӕвӕрдтой, уый. Ӕз уайтагъд сразы дӕн Библи ахуыр кӕныныл.
Библи фыццаг ахуыр кодтон, цӕмӕй йӕ хуыздӕр базыдтаин, уый тыххӕй. Фӕлӕ алцыдӕр фӕивта, мӕ цардӕмбалимӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕуын куы райдыдтам, уӕд. Уыцы рӕстӕг нын уыд дыууӕ сывӕллоны. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ-иу нӕ ӕмбырдмӕ баластой ӕмӕ-иу нын ӕмбырды рӕстӕг нӕ сывӕллӕттӕм фӕкастысты. Уыцы адӕм мӕ зӕрдӕмӕ тынгӕй-тынгдӕр цыдысты.
Фӕлӕ уӕддӕр дины ахуырӕдтыл дызӕрдыг кодтон. Иухатт сфӕнд кодтон Испанимӕ ацӕуын ӕмӕ мӕ хиуӕтты бабӕрӕг кӕнын. Мӕ фыдыфсымӕр уыд сауджын ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй Библи ахуыр кодтаин. Фӕлӕ мын бынӕттон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ тынг баххуыс кодтой. Мӕ фарстатӕн мын дзуапп лӕвӕрдтой Библийӕ – Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Германийы куыд кодтой, раст афтӕ. Гъемӕ фидарӕй аскъуыддзаг кодтон, Германимӕ куы ӕрыздӕхон, уӕд ногӕй Библи ахуыр кӕнын кӕй райдайдзынӕн. Кӕд мӕ лӕджы Библи ахуыр кӕнын нал фӕндыд, уӕддӕр ӕз мӕ фӕнд нал аивтон. 1978 азы донаргъуыд райстон ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сдӕн.
АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН.
Библийӕ цы базыдтон, уый фӕрцы ӕмбарын райдыдтон, цӕмӕн цӕрын ӕмӕ куыд хъуамӕ цӕрон, уый. Зӕгъӕм, 1 Петры 3:1–4 стихты сылгоймӕгтӕн ис ахӕм уынаффӕ, цӕмӕй сӕ лӕгты «нымайой» ӕмӕ «сӕ... коммӕ кӕсой», стӕй, «Хуыцауы цӕсты тынг зынаргъ чи у, уыцы сабыр ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕдыл» кусой. Ацы ӕмӕ ма мын ӕндӕр ахӕм уагӕвӕрдтӕ баххуыс кодтой, цӕмӕй мӕ цардӕмбалӕн хорз ус уыдаин, мӕ сывӕллӕттӕн та – хорз мад.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы сдӕн, уӕдӕй нырмӕ рацыд 35 азы. Мӕхи амондджын хонын, ӕгас дунейы мын цы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ис, уыдонимӕ ӕз дӕр Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнын. Ӕмӕ мын тынг ӕхсызгон у, мӕ фондз сывӕллонӕй дӕр цыппар Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнынц.