Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НЫХАС КӔНӔМ БИБЛИЙЫЛ

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Чырыстийыл ӕууӕндынц?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Чырыстийыл ӕууӕндынц?

Дӕлдӕр бакӕсӕн ис, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмимӕ арӕхдӕр куыд фӕныхас кӕнынц, уый. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, Артур, ӕрбацыд иу нӕлгоймагмӕ, йӕ ном Эрик, ӕмӕ ныхас кӕнынц.

ЧЫРЫСТИЙЫЛ ӔУУӔНДЫН АХСДЖИАГ У

Артур: Дӕ бон хорз, Эрик.

Эрик: Салам.

Артур: Мӕнӕ дын «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы фӕстаг номыр ӕрбахастон. Цы статьятӕ дзы ис, уыдон дӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕудзысты.

Эрик: Бузныг! Хорз у, кӕй ӕрбацыдтӕ. Цӕмӕйдӕр дӕ афӕрсинаг уыдтӕн.

Артур: Цӕмӕй?

Эрик: Ӕрӕджы ме ’мкусӕгимӕ ныхас кодтон, ӕмӕ йын загътон, журналтӕ мын кӕй ӕрбахӕссыс ӕмӕ мӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуынц. Фӕлӕ мын уый афтӕ зӕгъы, ма, дам, сӕ кӕс, уымӕн ӕмӕ, дам, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Чырыстийыл не ’ууӕндынц. Ӕмӕ йын загътон, зӕгъын мӕм иннӕ хатт куы ’рбацӕуа, уӕд ӕй бафӕрсдзынӕн.

Артур: Мӕхи мын кӕй фӕрсыс, уый мын ӕхсызгон у. Адӕймаг цӕуыл ӕууӕнды, уымӕй йын йӕхицӕй хуыздӕр кӕй хъуамӕ бафӕрсай!

Эрик: Разы дӕн.

Артур: Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕууӕндынц Чырыстийыл. Цӕмӕй адӕймаг фервӕза, уый тыххӕй хъуамӕ ӕнӕмӕнгӕй ӕууӕнда Чырыстийыл.

Эрик: Ӕз дӕр афтӕ хъуыды кодтон, фӕлӕ мын ме ’мкусӕг куы загъта, Чырыстийыл, дам, не ’ууӕндынц, зӕгъгӕ, уӕд тынг бадис кодтон. Ӕнхъӕлдӕн, ууыл нырма никуы ныхас кодтам.

Артур: О. Чырыстийыл ӕууӕндын ӕнӕмӕнг хъуыддаг кӕй у, уый тыххӕй дын Библийӕ цалдӕр стихы равдисдзынӕн. Адӕмимӕ ныхас кӕнгӕйӕ сӕ арӕх фӕпайда кӕнӕм.

Эрик: Хорз.

Артур: Зӕгъӕм, Иоанны 14:6 стих. Ацы ныхӕстӕ Чырысти загъта йӕ апостолтӕй иуӕн: «Ӕз дӕн фӕндаг, рӕстдзинад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ мӕн уылты йеддӕмӕ ӕрцӕуӕн никӕуылты ис». Ацы стихмӕ гӕсгӕ, Фыдмӕ ӕрмӕстдӕр кӕй уылты ис ӕрцӕуӕн?

Эрик: Чырыстийы уылты.

Артур: О. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ууыл фидарӕй ӕууӕндынц. Ӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд алы хатт дӕр фӕкувӕм Чырыстийы номӕй.

Эрик: Уый нӕ зыдтон.

Артур: Иннӕ стих та у Иоанны 3:16 стих. Чырыстийы зӕххон царды ӕмӕ лӕггады тыххӕй цы фыст ис, уыдӕттӕ иууылдӕр куы баиу кӕниккам ӕмӕ йӕ цыбыртӕй куы зӕгъиккам, уӕд дзы ацы стих рауаид. Бакӕсдзынӕ йӕ?

Эрик: О. «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа».

Артур: Ацы стих зыдтай?

Эрик: О, аргъуаны йӕ арӕх фехъусын.

Артур: Бирӕтӕ йӕ зонынц. Кӕс-ма, Чырысти цы загъта, уымӕ: Хуыцау адӕмы кӕй уарзы, уый фӕрцы сын ис фадат, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрой. Фӕлӕ сӕ уый тыххӕй цы хъӕуы?

Эрик: Хъуамӕ йыл ӕууӕндой.

Артур: О, хъуамӕ ӕууӕндой Хуыцауы иунӕг Фырт Йесо Чырыстийыл. Адӕймаг Чырыстийыл куы ӕууӕнда, уӕд ын уыдзӕн ӕнустӕм цӕрыны фадат. Цы журнал дын ӕрбахастон, уымӕн йӕ дыккаг фарсыл фыст ис, зӕгъгӕ, ацы журнал «адӕмы разӕнгард кӕны, цӕмӕй ӕууӕндой Йесо Чырыстийыл. Йесо амард мах тыххӕй, цӕмӕй нӕ бон уа ӕнустӕм цӕрын, ӕмӕ ныр у Хуыцауы Паддзахады Паддзах».

Эрик: Уӕ журналӕй дӕр бӕрӕг у, Чырыстийыл кӕй ӕууӕндут.

Артур: Раст зӕгъыс.

Эрик: Уӕдӕ иннӕтӕ афтӕ цӕмӕн дзурынц, нӕ йыл ӕууӕндут, зӕгъгӕ?

Артур: Адӕм афтӕ кӕй дзурынц, уымӕн ис цалдӕр аххосаджы. Чи зоны, уый кӕмӕйдӕр фехъуыстой. Кӕнӕ та сын афтӕ сӕ аргъуаны фӕдзурынц.

Эрик: Стӕй ма, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн, ӕмӕ уӕхи Йесо Чырыстийы Ӕвдисӕнтӕ нӕ хонут, фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Артур: Чи зоны, уый тыххӕй дӕр.

Эрик: Ӕмӕ ӕдзух Йегъовӕйы тыххӕй цӕмӕн фӕдзурут?

«ӔЗ [СЫН] ДӔ НОМ РАРГОМ КОДТОН»

Артур: Уый тыххӕй, ӕмӕ Хуыцауы ном дзурын тынг ахсджиаг у. Йӕ Фырт Йесо дӕр ӕм йӕ номӕй дзырдта. Иоанны 17:26 стихы фыст ис, Чырысти йӕ Фыдмӕ куы куывта, уӕд ын цы загъта, уый. Бакӕс-ма йӕ, дӕ хорзӕхӕй.

Эрик: «Ӕмӕ сын ӕз дӕ ном раргом кодтон ӕмӕ сын ӕй ноджыдӕр раргом кӕндзынӕн, цӕмӕй, ды мӕн куыд бауарзтай, уыдон дӕр афтӕ уарзой иннӕты, ӕмӕ цӕмӕй ӕз уон семӕ иудзинады».

Артур: Дӕ хъус-ма ӕрдар, Чырысти афтӕ кӕй загъта, дӕ ном дын раргом кодтон, зӕгъгӕ. Куыд хъуыды кӕныс, цӕмӕн ӕй раргом кодта?

Эрик: Ӕмӕ-гъа.

Цӕмӕй адӕймаг фервӕза, уый тыххӕй хъуамӕ ӕнӕмӕнгӕй Чырыстийыл ӕууӕнда

Артур: Уӕдӕ йӕ цӕмӕй базонӕм, уый тыххӕй та ӕркӕсӕм Хъуыддӕгтӕ 2:21 стихмӕ: «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уый фервӕздзӕн». Ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, цӕмӕй адӕймаг фервӕза, уый тыххӕй Йегъовӕмӕ йӕ номӕй кӕй хъуамӕ кува. Ӕмӕ Чырысти, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый зыдта.

Эрик: Афтӕ у.

Артур: Уӕдӕ уый у иу аххосаг, Чырыстийы цӕмӕн фӕндыд, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ Хуыцауы ном базыдтаиккой ӕмӕ йӕм йӕ номӕй куывтаиккой. Ӕмӕ мах дӕр Йегъовӕйы ном афтӕ арӕх уымӕн дзурӕм. Уыцы ном зонын тынг ахсджиаг кӕй у, уый мах фидарӕй уырны. Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй адӕм дӕр Хуыцауы ном базоной ӕмӕ йӕм йӕ номӕй кувой.

Эрик: Омӕ уӕдӕ кӕд адӕм Хуыцаумӕ йӕ номӕй нӕ фӕкувынц, уӕддӕр ӕй сӕхӕдӕг нӕ фӕзонынц, Хуыцаумӕ кӕй кувынц, уый?

Артур: Уый, чи зоны, афтӕ у. Фӕлӕ Хуыцауы ном кӕй зонӕм, уый фӕрцы йӕм нӕ бон у ӕввахсдӕр кӕнын.

Эрик: Ома?

Артур: Зӕгъӕм, Моисейы ном куы нӕ зыдтаиккам, уӕддӕр цы? Фаг уыдаид зонын, иу лӕг Сырх денджыз кӕй адих кодта ӕмӕ йын Хуыцау Дӕс фӕдзӕхсты кӕй радта. Стӕй Нойы ном зонын дӕр цӕмӕн хъуыди? Иу чидӕр нау сарӕзта ӕмӕ йӕ бинонты ӕмӕ цӕрӕгойты фервӕзын кодта. Афтӕ Йесо Чырыстийы ном дӕр куы нӕ зыдтаиккам, фӕлӕ куы зыдтаиккам, чидӕр уӕлӕрвтӕй ӕрцыд ӕмӕ нӕ тӕригъӕдты тыххӕй амард, уӕд уый фаг нӕ уыдаид?

Эрик: Уыдаид.

Артур: Фӕлӕ Хуыцау афтӕ бакодта, цӕмӕй уыцы нӕлгоймӕгты нӕмттӕ базыдтаиккам. Кӕд Моисейы, Нойы ӕмӕ Чырыстийы никуы федтам, уӕддӕр сын сӕ нӕмттӕ кӕй зонӕм, уый фӕрцы нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, ӕцӕгдӕр кӕй цардысты, ууыл.

Эрик: Ууыл никуы ахъуыды кодтон.

Артур: Уый та у, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауы номы тыххӕй афтӕ арӕх цӕмӕн дзурынц, уымӕн йӕ дыккаг аххосаг. Мах фӕнды, цӕмӕй адӕм Хуыцауыл баууӕндой, базоной йӕ ӕмӕ йӕм баввахс уой. Стӕй ма мах зонӕм, нӕ ирвӕзындзинад, Чырысти йӕ цард мах тыххӕй кӕй радта, уымӕй кӕнгӕ кӕй у. Уый фӕдыл-ма иу стихмӕ ’ркӕсӕм.

Эрик: Хорз.

Артур: Фыццаг бакастыстӕм Иоанны 14:6 стих. Хъуыды-ма кӕныс, Чырысти афтӕ куы загъта, «ӕз дӕн фӕндаг, рӕстдзинад ӕмӕ цард», зӕгъгӕ. Ныр та ӕркӕсӕм Иоанны 14:1 стихмӕ. Йӕ дыккаг хай-ма йын бакӕс.

Эрик: «Ӕууӕндут Хуыцауыл, ӕмӕ мӕныл дӕр ӕууӕндут».

Артур: Куыд хъуыды кӕныс, адӕймаг ӕрмӕст Чырыстийыл кӕнӕ ӕрмӕст Йегъовӕйыл хъуамӕ ӕууӕнда?

Эрик: Нӕ, Йесо куыд загъта, афтӕмӕй хъуамӕ сӕ дыууӕйыл дӕр ӕууӕндӕм.

Артур: Раст зӕгъыс. Ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, ӕмӕ адӕймаг афтӕ дзура, ӕз Хуыцауыл дӕр ӕмӕ Чырыстийыл дӕр ӕууӕндын, зӕгъгӕ, уый фаг кӕй нӕу. Кӕй сыл ӕууӕнды, уый хъуамӕ йӕ цардӕй уа бӕрӕг.

Эрик: Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы.

Артур: Фӕлӕ адӕймаг Хуыцауыл ӕмӕ Чырыстийыл кӕй ӕууӕнды, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй уыдзӕн бӕрӕг? Ацы фарстайыл та иннӕ хатт аныхас кӕндзыстӕм *.

Эрик: Хорз.

Мыййаг дӕм Библийы фӕдыл исты фарста ис? Кӕнӕ дӕ фӕнды Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй фылдӕр базонын, зӕгъӕм, цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй? Кӕд о, уӕд ӕфсӕрмы ма кӕн, ӕмӕ сыл ӕндӕр хатт куы амбӕлай, уӕд-иу сӕ бафӕрс. Уыдонӕй дын чифӕнды дӕр дӕ фарстатӕн ӕхсызгонӕй дзуапп ратдзӕн.

^ 58 абз. Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?». Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.