Де стыр тыхӕн нӕй кӕрон
Рафыссын
1. Йегъовӕ, ды уыныс мӕ тыхст,
Куыд не ’нцайы мӕ зӕрдӕйы рыст.
Ӕмӕ мӕхи кӕнын дӕ бар.
Мӕ фарсмӕ дӕ,
Дӕумӕ у мӕ каст.
БАЗАРДЫ РАЗМӔ
Курӕг дӕн,
Дӕ сыгъдӕг тыхӕй хайджын кӕн.
БАЗАРД
Ды мӕнӕн мӕ ныфс дӕ,
Дӕ тыхӕн нӕй ӕмбал ’мӕ йын нӕй кӕрон.
Раст цӕргӕсау айтындзын мӕ базыртӕ,
Ӕмӕ стӕхын хӕрдмӕ, бӕрзонд.
Нӕй де стыр тыхӕн кӕрон!
2. Дӕ хъару мӕн кӕны уӕнгрог,
’Мӕ иннӕтӕн свӕййын ӕз дӕр ныфсы хос.
Уӕд фенкъарынц дӕ фӕлмӕн уарзт.
Сӕ фарсмӕ дӕ, дӕуӕн сты зынаргъ.
БАЗАРДЫ РАЗМӔ
Курӕг дӕн,
Дӕ сыгъдӕг тыхӕй хайджын кӕн.
БАЗАРД
Ды мӕнӕн мӕ ныфс дӕ,
Дӕ тыхӕн нӕй ӕмбал ’мӕ йын нӕй кӕрон.
Раст цӕргӕсау айтындзын мӕ базыртӕ,
Ӕмӕ стӕхын хӕрдмӕ, бӕрзонд.
Нӕй де стыр тыхӕн кӕрон!
БАЗАРД
Ды мӕнӕн мӕ ныфс дӕ,
Дӕ тыхӕн нӕй ӕмбал ’мӕ йын нӕй кӕрон.
Раст цӕргӕсау айтындзын мӕ базыртӕ,
Ӕмӕ стӕхын хӕрдмӕ, бӕрзонд.
Нӕй де стыр тыхӕн кӕрон!
Нӕй де стыр тыхӕн кӕрон!
Нӕй де стыр тыхӕн кӕрон!