Дзӕнӕт къӕсӕрыл ис
Рафыссын:
1. Хъуысы алкӕм цъиуты зарын,
Мигътӕй асыгъдӕг ис арв.
Дӕлвӕз адардта цъӕх-цъӕхид,
Дуне хуры рухс тынтӕй ысхъарм.
Сты де ’мбӕлттӕ дӕ фарсмӕ,
’Мӕ дӕ цинӕн нӕй кӕрон.
Ацы ног цард, ацы бон
Уыд къӕсӕрыл, хӕстӕг уыд.
2. Уӕртӕ иу хӕдзар дӕлейӕ,
Иннӕ къуыбырыл лӕууы.
Хъуысы цӕугӕдонӕй зарын
Ӕмӕ куыройы уынӕр цӕуы.
Фӕбур ысты нӕ хуымтӕ,
Афон у хуым кӕрдынӕн.
Ныр цы дунейы цӕрӕм,
Уый уыд къӕсӕрыл, хӕстӕг уыд.
БАЗАРД
Ӕнусон цард, ӕгӕрон фарн –
Мах ацы ныфсӕй цардыстӕм.
Ныр ферох ис цӕссыг ’мӕ рис.
Кӕддӕрау та ӕвзонг ыстӕм.
3. Дардӕй хъуысы хъӕлдзӕг зарын,
Ног карст хосы тӕф кӕлы.
Хоныс де ’мбӕлтты дӕхимӕ,
Алы ног бон дӕр уын цин хӕссы.
Бузныг дзурӕм мах Хуыцауӕн,
’Нувыд уарзтӕй уарзы мах.
Ацы арфӕгонд рухс цард
Уыд къӕсӕрыл, хӕстӕг уыд.
БАЗАРД
Куыд ӕхсызгон у алы бон
Дӕ хъӕлдзӕг цӕстытӕм кӕсын.
Кӕддӕр та ’рмӕст бӕллыдтӕн ӕз
Дӕу акӕнын мӕ хъӕбысы.
4. Ралӕудзӕни тынг тагъд,
Ӕз цы дунемӕ бӕллын.
Уымӕй ныфс дӕтты Йегъовӕ,
’Мӕ нӕ дызӕрдыг кӕнын ӕппын.
Сты мӕ хъуыдытӕ дзӕнӕтыл
’Мӕ мӕ зӕрдӕ цин кӕны.
Ӕз цы фидӕнмӕ кӕсын,
Уый ис къӕсӕрыл, хӕстӕг у.