Фӕлтӕрдджын чырыстон
Алы чырыстон дӕр фӕлтӕрддзинадмӕ цӕмӕн хъуамӕ тырна?
Библийы ахуырӕдтӕ куы зонӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ суӕм?
Фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ ӕрмӕстдӕр ацӕргӕтӕ вӕййынц?
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Дан 1:6–20. Кӕд Данел ӕмӕ йе ’ртӕ ӕмбалы ӕрыгӕттӕ уыдысты, уӕддӕр сӕ уырнындзинад уыд фидар ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдысты.
-
Хъд 16:1–5. Тимофейӕн ӕмбырды ахсджиаг хъуыддаг куы бахӕс кодтой, уӕд ыл, ӕвӕццӕгӕн, 20 азы кӕнӕ къаддӕр цыди.
-
Фӕлтӕрдджын чырыстӕттыл нӕхи куы бӕттӕм, уӕд ныл уый куыд фӕзындзӕн?
Цӕмӕй бӕрӕг у, фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ кӕй стӕм?
Фӕлтӕрдджын чырыстоны цӕмӕн хъуамӕ фӕнда ӕмбырды фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын?
Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ суӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсӕм?
Кӕс ма Лк 11:13
-
Цӕвиттон Библийӕ
-
Мф 10:19, 20. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта, Хуыцауы сыгъдӕг тых сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй зоной, тӕрхонгӕнджыты раз цы зӕгъой, уый.
-