Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

5 СӔР

Йегъовӕ раарфӕ кодта Авраамӕн ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн

Йегъовӕ раарфӕ кодта Авраамӕн ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн

Авраамы цот сбирӕ сты ӕмӕ схъӕздыг сты. Хуыцау Египеты Иосифӕн ӕххуыс кодта

ЙЕГЪОВӔ зыдта, ӕппӕты тынгдӕр кӕй уарзы, уый кӕй хъуамӕ фӕхъизӕмар кӕна ӕмӕ кӕй хъуамӕ амӕла. Афтӕ кӕй уыдзӕн, уымӕ амыдта, Райдианы 3:15 стихы цы фыст ис, уый. Цымӕ Хуыцау адӕмӕн куыд бамбарын кодта, йӕ Фырты нывондӕн куы ’рхӕсса, уӕд ын куыд зын уыдзӕн, уый? Библийы ныффыссын кодта иу зӕрдӕмӕхъаргӕ хабар. Хуыцау Авраамӕн загъта, цӕмӕй йӕ уарзон фырт Исахъы нывондӕн ӕрхастаид.

Авраам стыр уырнындзинады хицау уыд. Хъуыды ма кӕныс, Хуыцау ын зӕрдӕ кӕй бавӕрдта, зӕгъгӕ, Исахъӕй рацӕудзӕн Ирвӕзынгӕнӕг кӕнӕ Байзӕддаг? Авраам Хуыцауы коммӕ бакаст ӕмӕ йӕ фырты акодта, цӕмӕй йӕ нывондӕн ӕрхастаид. Авраам фидарӕй ӕууӕндыд, куы бахъӕуа, уӕд Хуыцау Исахъы кӕй райгас кӕндзӕн. Авраам йӕ къухмӕ кард куы райста, уӕд ӕй Хуыцауы зӕд баурӕдта. Йӕ фырты нывондӕн ӕрхӕссынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, уымӕн Хуыцау стыр аргъ скодта, ӕмӕ йын загъта, зӕрдӕ йын цӕмӕй бавӕрдта, уый ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст кӕндзӕн.

Фӕстӕдӕр Исахъӕн райгуырд дыууӕ фырты – Исав ӕмӕ Иаков. Исавӕй уӕлдай, Иаков Хуыцауы хъуыддӕгтӕн стыр аргъ кодта ӕмӕ арфӕгонд ӕрцыд. Хуыцау Иаковӕн радта ӕндӕр ном,– Израил, ӕмӕ йӕ 12 фыртӕй рацыдысты израилӕгты мыггӕгтӕ. Фӕлӕ цымӕ Иаковы бинонтӕй бирӕ адӕм куыд равзӕрд?

Иаковы фырттӕ сӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Иосифмӕ хӕлӕг кӕнын райдыдтой. Цагъарӕй йӕ ауӕй кодтой ӕмӕ афтӕмӕй Египетмӕ бахауд. Фӕлӕ Хуыцау арфӕ кодта уыцы коммӕгӕс ӕмӕ ныфсджын лӕппуйӕн. Иосиф бирӕ зындзинӕдтӕ баййӕфта, фӕлӕ йӕ ӕппынфӕстаг Египеты фараон стыр хицауӕй сӕвӕрдта. Раст уыцы рӕстӕг Иаков йӕ фыртты Египетмӕ хойраг ӕлхӕнынмӕ арвыста, уымӕн ӕмӕ ӕххормаг рӕстӕг скодта. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй Египеты хойраг иууылдӕр уыд Иосифы къухы. Иосиф куы федта, йӕ ’фсымӕртӕ кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уӕд сын ныххатыр кодта ӕмӕ йӕ бинонты се ’ппӕты дӕр Египетмӕ цӕрынмӕ ӕркодта. Ӕрцардысты ӕппӕты хуыздӕр зӕххытыл, ӕмӕ уым сбирӕ сты ӕмӕ схъӕздыг сты. Иосиф бамбӕрста, уыцы хабӕрттӕ Хуыцауӕй кӕй уыдысты, цӕмӕй йӕ ныхас сӕххӕст кодтаид.

Зӕронд Иаков йӕ царды фӕстаг бонтӕ арвыста Египеты йе ’стыр бинонты ’хсӕн. Йӕ мӕлӕты размӕ загъта, зӕрдӕвӕрд Ирвӕзынгӕнӕг, кӕнӕ Байзӕддаг, йӕ фырт Иудӕйӕ кӕй рацӕудзӕн ӕмӕ стыр Паддзах кӕй суыдзӕн. Цасдӕры фӕстӕ Иосиф йӕ мӕлӕты размӕ загъта, Хуыцау Иаковы бинонты Египетӕй кӕй ракӕндзӕн.

Райдианы 20–50 сӕртӕ; Дзуттӕгтӕм 11:17–22.