УӔЛӔМХАСӔН
Йесо Чырысти – Хуыцауы ӕрвыст Мессийӕ
ЦӔМӔЙ адӕмӕн сӕ бон уыдаид, Мессийӕ чи у, уый базонын, уый тыххӕй Йегъовӕ йӕ пехуымпартӕн Библийы ныффыссын кодта бирӕ пехуымпарӕдтӕ. Зӕгъӕм, уыцы пехуымпартӕ бирӕ лыстӕг хабӕрттӕ ныффыстой Хуыцауы ӕрвыст Ирвӕзынгӕнӕгӕн йӕ райгуырд, йӕ лӕггад ӕмӕ йӕ мӕлӕты
тыххӕй. Уыцы пехуымпарӕдтӕ иууылдӕр сӕххӕст сты Йесо Чырыстийыл. Адӕймаджы дисы ӕфтауы, уыцы пехуымпарӕдтӕ лыстӕг хабӕртты онг куыд сӕххӕст сты, уый. Ӕркӕсӕм-ма, Мессийӕйӕн йӕ райгуырд ӕмӕ йӕ сабибонты тыххӕй бирӕ раздӕр цы хабӕрттӕ уыд загъд, уыдонмӕ.Пехуымпар Исай йӕ рӕстӕджы загъта, Мессийӕ кӕй уыдзӕн паддзах Давиды байзӕддаг (Исай 9:7). Ӕмӕ Йесо ӕцӕгдӕр рацыд Давиды хӕдзарвӕндагӕй (Матфейы 1:1, 6–17).
Михей 5:2). Йесойы райгуырды заман Израилы уыди дыууӕ Вифлеемы. Уыцы горӕттӕй иу уыди цӕгатырдыгӕй, Назаретмӕ хӕстӕг, иннӕ та – Иудӕйы, Иерусалиммӕ хӕстӕг. Иерусалиммӕ хӕстӕг цы Вифлеем уыди, уый кӕддӕр хуыдтой Ефрафӕ. Йесо райгуырд уыцы горӕты – пехуымпар куыддӕриддӕр загъта, афтӕ! (Матфейы 2:1).
Михей дӕр уыди Хуыцауы пехуымпар, ӕмӕ уый та загъта, уыцы саби кӕй райгуырдзӕн «Вифлеем Ефрафӕйы» ӕмӕ кӕй суыдзӕн хицау (Библийы ма фыст ӕрцыд ахӕм пехуымпарад дӕр, зӕгъгӕ, Хуыцау йӕ Фырты «Египетӕй» ракӕндзӕн. Йесо гыццыл куы уыди, уӕд ӕй йӕ ныййарджытӕ Египетмӕ ахастой. Ӕмӕ, паддзах Ирод куы амард, уӕд фӕстӕмӕ йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ ӕрыздӕхтысты. Афтӕ сӕххӕст ацы пехуымпарад дӕр (Оси 11:1; Матфейы 2:15).
Хуыцауы Ныхасы Мессийӕйы тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ ӕрцыд фыст, уыдон куыд сӕххӕст сты, уый дӕ бон фенын у таблицӕйы « Пехуымпарӕдтӕ Мессийӕйы тыххӕй». Уыцы таблицӕйы ис дзырдтӕ «Пехуымпарад» ӕмӕ «Йӕ сӕххӕст», сӕ бынмӕ та – Библийӕ стихтӕ. Кӕрӕдзиимӕ сӕ куы абарай, уӕд фендзынӕ, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый алкӕддӕр кӕй сӕххӕст вӕййы. Ӕмӕ уый фӕрцы дӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр бафидар уыдзӕн.
Уыцы стихтыл куы хъуыды кӕнай, уӕд-иу дӕ рох ма уӕд, Йесойы райгуырдӕй ӕнустӕ раздӕр кӕй ӕрцыдысты фыст. Йесо афтӕ загъта: «Моисейы закъоны, Пехуымпарты чингуыты ӕмӕ Псаломты мӕн тыххӕй цы фыст ис, уыдон иууылдӕр... хъуамӕ сӕххӕст уой» (Лукайы 24:44). Ӕмӕ Библи куыд ӕвдисы, афтӕмӕй дзы иу дӕр нӕ фӕмӕнг – иууылдӕр лыстӕг хабӕртты онг сӕххӕст сты!