НУДӔСӔМ СӔР
Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн
-
Кӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцауы уарзӕм?
-
Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Хуыцауы уарзтӕй нӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнӕм?
-
Йегъовӕ цы ӕрцӕттӕ кодта, чи йӕ уарзы, уыдонӕн?
1, 2. Абон ӕмбӕхсӕн бынат кӕм ис ссарӕн?
ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-ма ауайын кӕн, цыма асӕст, хъуынтъыз бон кӕдӕмдӕр фӕцӕуыс. Уӕдмӕ дымгӕ сыстад. Арв нӕры ӕмӕ ферттив-ферттив кӕны. Къӕвда дӕр ныккалдта. Ӕмӕ дӕ цыд фӕтагъддӕр кодтай, ракӕс-бакӕс кӕныс, агурыс, кӕм бамбӕхсай, ахӕм бынат. Ӕмӕ фӕндаджы был цавӕрдӕр агъуыст ауыдтай. Бӕрӕг у, хорз арӕзт кӕй у, мидӕгӕй дзы у хъарм, ӕмӕ дӕ цыма раст хонгӕ кӕны, ам фысым бакӕн, зӕгъгӕ. Куыннӕ цин кӕндзынӕ, ахӕм ӕдас бынат кӕй ссардтай, ууыл!
2 Абон мах дӕр тынг ӕвзӕр рӕстӕджы цӕрӕм. Дунейы уавӕртӕ ӕмӕ адӕмы цард бонӕй-бонмӕ кӕнынц фыддӕрӕй-фыддӕр. Фӕлӕ ис, цыфӕнды бӕллӕхӕй дӕр кӕдӕм у нӕ бон алидзын, ахӕм ӕмбӕхсӕн бынат. Ӕркӕс-ма, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, уымӕ: «Ӕз зӕгъдзынӕн Йегъовӕйӕн: „Ды дӕ ме ’мбӕхсӕн ӕмӕ мӕ фидар мӕсыг, ды дӕ мӕ Хуыцау, дӕуыл дардзынӕн мӕ зӕрдӕ“» (Псалом 91:2).
3. Кӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕ у не ’мбӕхсӕн?
3 Ахъуыды-ма кӕн: Дунедарӕг Стыр Иудӕйы 21). Ӕцӕгдӕр, хъуамӕ ӕппӕт хъарутӕй архайӕм, цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыдимӕ нӕ хӕлардзинад тыхджынӕй-тыхджындӕр кӕна ӕмӕ йӕ уарзтӕй нӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнӕм. Уӕд фидарӕй зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕ у не ’мбӕхсӕн. Фӕлӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕ нӕ хуыздӕр Хӕлар суа?
Хуыцау Йегъовӕ цӕттӕ у, цӕмӕй уа не ’мбӕхсӕн! Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ нӕ цыфӕнды бӕллӕхӕй дӕр бахъахъхъӕна, уымӕн ӕмӕ уымӕй тыхджындӕр ничи ис ӕмӕ йӕ ныхмӕ никӕй бон у фӕлӕууын. Исты бӕллӕх ныл куы ’рцӕуа, уӕддӕр Йегъовӕйӕн йӕ бон у афтӕ саразын, ӕмӕ уыцы бӕллӕхӕй фӕд дӕр мауал баззайа. Фӕлӕ кӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕ у не ’мбӕхсӕн? Нӕ зӕрдӕ йыл ӕгасӕй дӕр куы дарӕм, уӕд. Уымӕй уӕлдай ма нӕ Хуыцауы Ныхас разӕнгард кӕны: «Хуыцауы уарзтӕй уӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнут» (ХУЫЦАУЫ УАРЗТӔН АРГЪ КӔН
4, 5. Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый куыд равдыста?
4 Цӕмӕй Хуыцауы уарзтӕй нӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, йӕ уарзондзинад нӕм куыд ӕвдисы, уымӕ. Ахъуыды-ма кӕн, Библийӕ цы базыдтай, уыдӕттыл. Не Сфӕлдисӕг Йегъовӕ нын балӕвар кодта диссаджы хӕдзар – Зӕхх. Йегъовӕ зӕхх афтӕ скодта, ӕмӕ йыл хӕринаг ӕмӕ дон ис парахат, ӕрдзы хъӕздыгдзинӕдтӕн кӕрон дӕр нӕй. Стӕй зӕххыл сфӕлдыста алы ӕмӕ алыхуызон цӕрӕгойтӕ. Ӕрдзы нывтӕм адӕймаг кӕсынӕй нӕ фефсӕды. Йӕ Ныхас Библийы та нын раргом кодта йӕ ном ӕмӕ йӕ рӕсугъд миниуджытӕ. Стӕй ма йӕ Ныхасӕй базыдтам, йӕ уарзон Фырт Йесойы зӕхмӕ кӕй ӕрӕрвыста, ӕмӕ ам зӕххыл Йесо бирӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзӕрста ӕмӕ мах тыххӕй йӕ цард кӕй радта (Иоанны 3:16). Уый стыр лӕвар куыннӕ у! Уый фӕрцы нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы цард.
5 Цӕмӕй уыцы цард фенӕм, уый тыххӕй ма Хуыцау ноджыдӕр иу хъуыддаг сарӕзта. Уый сфидар кодта уӕларвон хицауад – Чырысти йӕ сӕргъы кӕмӕн лӕууы, уыцы Паддзахад. Тагъд уыцы хицауад кӕрон скӕндзӕн адӕмы хъизӕмӕрттӕн ӕмӕ ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр скӕндзӕн Дзӕнӕт. Ахъуыды-ма кӕн, уым ӕнустӕм фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй цӕрдзыстӕм! (Псалом 37:29). Фӕлӕ нын Хуыцау абон дӕр разамынд дӕтты, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон у царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндагыл цӕуын. Стыр лӕвар ма нын у, нӕ бон ӕм кувын кӕй у, уый дӕр. Ахъуыды-ма кӕн, нӕ бон у Хуыцауимӕ сӕрибарӕй ныхас кӕнын! Йегъовӕ ӕппӕт адӕмы дӕр ӕмӕ дӕу дӕр кӕй уарзы, уый цы хъуыддӕгтӕй равдыста, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр иуӕй-иутӕм ӕркастыстӕм. Фӕлӕ йын йӕ хорздзинӕдтӕ иууылдӕр чи банымайдзӕн.
6. Йегъовӕ дӕм цы уарзондзинад равдыста, уый дӕ бон цӕмӕй у бафидын?
6 Ныр та дӕ ахъуыды кӕнын хъӕуы ахӕм фарстайыл: Йегъовӕ мӕм цы уарзондзинад равдыста, уый ӕз та цӕмӕй бафидон? Бирӕтӕ зӕгъдзысты: «Мӕ уарзондзинадӕй». Ды дӕр афтӕ хъуыды кӕныс? Чырысти загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй» (Матфейы 22:37). Чырыстийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, адӕймаг Йегъовӕйы уарза, уый у ӕппӕты ахсджиагдӕр фӕдзӕхст. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй куыннӕ хъуамӕ уарзай. Фӕлӕ, уыцы уарзондзинад дӕ зӕрдӕйы уа, уый фаг у?
7. Уарзондзинад дӕ зӕрдӕйы уа, уый фаг цӕуылнӕ у? Бамбарын ӕй кӕн.
7 Библимӕ гӕсгӕ, уый фаг нӕу. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уарзондзинад зӕрдӕйы райгуыры, фӕлӕ уый ӕцӕг уарзондзинад нӕма у. Зӕгъӕм, фӕткъуыбӕлас гыццыл аппӕй сырӕзы. Фӕлӕ дӕ фӕткъуы куы хъӕуа ӕмӕ дын исчи фӕткъуыйы апп куы радта, уӕд дын уый фаг уыдзӕн? Кӕцӕй! Апп дыргъ нӕма у. Афтӕ у, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый дӕр. Библийы фыст ис: «Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм. Ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ та зынӕххӕстгӕнӕн не сты» (1 Иоанны 5:3). Цӕмӕй нӕ уарзондзинад ӕцӕг уарзондзинад уа, уый тыххӕй хъуамӕ ӕрмӕст нӕ зӕрдӕйы ма уа, фӕлӕ сырӕза ӕмӕ хорз дыргъ хӕсса. Хъуамӕ бӕрӕг уа хъуыддӕгтӕй (Матфейы 7:16–20).
8, 9. Хуыцауы кӕй уарзӕм ӕмӕ дзы бузныг кӕй стӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?
8 Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй равдисдзыстӕм, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ нӕ цард йӕ Исай 48:17, 18). Нӕ уӕларвон Фыды зондмӕ куы хъусӕм, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, йӕ хорздзинӕдтӕн ын кӕй аргъ кӕнӕм. Хъыгагӕн, абон ахӕм адӕм бирӕ нӕй. Фӕлӕ мах нӕ фӕнды, цӕмӕй, Йесойы заман хорздзинадӕн аргъ кӕнын чи нӕ зыдта, уыдоны хуызӕн уӕм. Иухатт Йесо дӕс хъотырджыны сдзӕбӕх кодта, фӕлӕ йӕм дзы фӕстӕмӕ бузныг зӕгъынмӕ иу йеддӕмӕ нӕ раздӕхт (Лукайы 17:12–17). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах фӕнды, цӕмӕй, уыцы дӕс адӕймагӕй бузныг чи уыд, уый хуызӕн уӕм!
Ныхасмӕ гӕсгӕ куы аразӕм. Ӕмӕ уый та зын нӕу, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ уӕззау уаргъы хуызӕн не сты. Уый тыххӕй нын сӕ радта, цӕмӕй амондджын уӕм ӕмӕ нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ рухс кӕна (9 Уӕдӕ нын Йегъовӕ цавӕр фӕдзӕхстытӕ радта? Уыцы фӕдзӕхстытӕй бирӕтыл ныхас кодтам, фӕлӕ ма сӕм иу хатт ӕркӕсӕм. Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд йӕ уарзтӕй нӕхи ӕнӕхай никуы фӕкӕндзыстӕм.
ЙЕГЪОВӔМӔ ӔВВАХС КӔН
10. Бамбарын кӕн, Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтай, уый фаг цӕуылнӕ у.
10 Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнай, уӕд, нырмӕ цы базыдтай, ууыл Ӕмбисӕндтӕ 2:1–5).
ма ӕрлӕуу. Дӕ зонындзинӕдтыл алы бон дӕр ӕфтау. Зӕгъӕм, уазал ӕхсӕв ӕддейӕ арты фарсмӕ бадыс. Хуыссын кӕнын ӕй бауадздзынӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ йӕ бауадздзынӕ, фӕлӕ дзы ӕдзухдӕр сугтӕ ӕппардзынӕ, цӕмӕй дзӕбӕх судза ӕмӕ дӕ тава. Ахӕм уавӕры дӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр артыл баст у! Артӕн суг куыд хъӕуы, афтӕ мах та хъӕуы «Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ», цӕмӕй нӕ уарзондзинад ма ӕруазал уа (11. Йесойы ныхӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты зӕрдӕтӕ куыд бацагайдтой?
11 Йесойы фӕндыд, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ Йегъовӕйы дӕр ӕмӕ йӕ Ныхас дӕр алкӕддӕр уарзтаиккой ӕмӕ цӕмӕй уыцы уарзт сӕ зӕрдӕты цыренӕй сыгъдаид. Мӕрдтӕй куы райгас, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕйӕн бамбарын кодта, Дзуттаг Фыстыты цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон ыл куыд сӕххӕст сты, уый. Уыцы хабар сын сӕ зӕрдӕтӕ афтӕ бацагайдта, ӕмӕ фӕстӕдӕр загътой: «Немӕ фӕндагыл куы ныхас кодта ӕмӕ нын Фыстад куы ’мбарын кодта, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ нӕ риуы нӕ сыгъдысты?» (Лукайы 24:32).
12, 13. а) Адӕмӕн сӕ фылдӕр Хуыцаумӕ ӕмӕ Библимӕ цы цӕстӕй кӕсынц? ӕ) Цӕмӕй нӕ уарзондзинад ма ӕруазал уа, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?
12 Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ куы базыдтай, уӕд дӕуӕн дӕр, ӕвӕццӕгӕн, фырцинӕй дӕ зӕрдӕ дӕ риуы сыгъди ӕмӕ дӕ фӕндыди, цы базыдтай, уый иннӕтӕн дӕр дзурын. Ахӕм зынг бирӕты зӕрдӕты ссыгъд. Фӕлӕ цӕмӕй Хуыцауы дарддӕр дӕр афтӕ уарзай ӕмӕ дӕ уарзт ноджы тыхджындӕр кӕна, уый тыххӕй дӕ хъӕуы фыдӕбон кӕнын. Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй ацы дунейы адӕмы хуызӕн уӕм. Йесо нӕ рӕстӕджы тыххӕй афтӕ загъта: «Адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн» (Матфейы 24:12). Уӕдӕ дӕ цы аразын хъӕуы, цӕмӕй дӕ уарзондзинад ма ӕруазал уа?
13 Дарддӕр дӕр архай Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийы хуыздӕр базоныныл (Иоанны 17:3). Хуыцауы Ныхасӕй цы базоныс, ууыл лӕмбынӕг хъуыды кӕн. Библи кӕсгӕйӕ-иу ахъуыды кӕн: цы бакастӕн, уымӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтон? Ацы ныхӕстӕ мын куыд ӕххуыс кӕнынц Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй уарзынӕн? (1 Тимофеймӕ 4:15). Хуыцауы Ныхасыл арф куы хъуыды кӕнай, уӕд дӕ уарзондзинад дӕ зӕрдӕйы алкӕддӕр цыренӕй судздзӕн.
14. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕдзухдӕр куы кувӕм, уӕд нӕ уарзондзинад не ’руазал уыдзӕн?
14 Йегъовӕмӕ ӕдзухдӕр куы кувӕм, уӕд нын уый дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ уарзондзинад ма ӕруазал уа (1 Фессалоникӕгтӕм 5:17). Ацы чиныджы 17-ӕм сӕрӕй базыдтам, Хуыцаумӕ кувыны фадат нын кӕй ис, уый стыр лӕвар кӕй у. Дыууӕ ӕмбалы кӕрӕдзийыл ӕнувыд вӕййынц, ӕдзухдӕр ӕргом ӕмӕ зӕрдӕбын ныхас кӕй фӕкӕнынц, уый фӕрцы. Уӕдӕ цӕмӕй мах дӕр Йегъовӕмӕ ӕввахс уӕм ӕмӕ нӕ уарзондзинад ма ӕруазал уа, уый тыххӕй йӕм хъуамӕ ӕдзухдӕр кувӕм ӕмӕ афтӕмӕй йемӕ ныхас кӕнӕм. Хъуамӕ нӕ куывдтытыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй уыцы иу ныхӕстӕ ма дзурӕм, фӕлӕ нӕ куывдтытӕ зӕрдӕйӕ цӕуой. Йегъовӕимӕ хъуамӕ ныхас кӕнӕм, сывӕллон йӕ зынаргъ фыдимӕ куыд фӕныхас кӕны, афтӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауимӕ ныхас кӕндзыстӕм уӕзданӕй, фӕлӕ ӕргом, ӕнӕхин ӕмӕ зӕрдӕбынӕй (Псалом 62:8). Уӕдӕ цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ йӕм зӕрдӕбынӕй кувын. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд йӕ уарзтӕй нӕхи ӕнӕхай никуы фӕкӕндзыстӕм.
ХУЫЦАУӔН ЦИНГӔНГӔЙӔ ЛӔГГАД КӔН
15, 16. Хъусын кӕныны хъуыддаг стыр кад ӕмӕ стыр хӕзна цӕмӕн у?
15 Нӕхӕдӕг Библи куы фӕахуыр кӕнӕм ӕмӕ Хуыцаумӕ куы фӕкувӕм, уӕд уый арӕх уынгӕ дӕр ничи фӕкӕны. Фӕлӕ ныр та аныхас кӕнӕм, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй адӕмимӕ куы фӕныхас кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауӕн ӕргом куы фӕлӕггад кӕнӕм, ууыл. Библийӕ цы базыдтай, уый тыххӕй ды дӕр иннӕтӕн фӕдзурыс? Кӕд о, уӕд уый стыр кад у (Лукайы 1:74). Йегъовӕ Хуыцауы тыххӕй цы базыдтам, уый иннӕтӕн куы фӕдзурӕм, уӕд мах феххӕст кӕнӕм, ӕцӕг чырыстӕттӕй алкӕмӕн дӕр цы ахсджиаг хъуыддаг бахӕс кодта, уый. Мах фӕхъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар (Матфейы 24:14; 28:19, 20).
16 Апостол Павел хъусын кӕныны хъуыддагӕн афтӕ тынг аргъ кодта, ӕмӕ йӕ хуыдта «хӕзна» (2 Коринфӕгтӕм 4:7). Адӕмӕн Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй дзурай, уый у зӕххыл ӕппӕты хуыздӕр куыст. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй мах лӕггад кӕнӕм ӕппӕты хуыздӕр Хицауӕн. Стӕй иу куыст дӕр уымӕй стырдӕр арфӕдзинӕдтӕ нӕ хӕссы. Хъусын кӕнгӕйӕ ды сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕндзынӕ, цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыды базоной ӕмӕ, ӕнусон цардмӕ цы фӕндаг кӕны, ууыл слӕууой. Уымӕй стырдӕр циндзинад ма цавӕр куыст ӕрхӕссы адӕймагӕн? Уыцы хъуыддаджы куы архайай, уӕд уый стыр ӕххуыс уыдзӕн дӕхицӕн дӕр. Афтӕмӕй дӕ уырнындзинад кӕндзӕн фидардӕр, дӕ уарзондзинад та – тыхджындӕр. Стӕй дын Йегъовӕ дӕ фыдӕбон никуы ферох кӕндзӕн (Дзуттӕгтӕм 6:10). Уӕдӕ ӕдзухдӕр хъусын кӕныны хъуыддаджы куы архайай, уӕд Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай никуы фӕкӕндзынӕ (1 Коринфӕгтӕм 15:58).
17. Абон ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын цӕмӕн хъӕуы?
17 Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕныныл фӕстиат кӕнӕн кӕй нӕй. Библи афтӕ зӕгъы: «Хъусын кӕн Хуыцауы ныхас, уыцы хъуыддаг кӕн ӕвӕстиатӕй» (2 Тимофеймӕ 4:2). Абон афтӕ ӕвӕстиатӕй цӕмӕн хъӕуы хъусын кӕнын? Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Йегъовӕйы стыр бон хӕстӕг у. Хӕстӕг у ӕмӕ тынг тагъд кӕны» (Софони 1:14). Йегъовӕ ацы дуне цы бон фесафдзӕн, уыцы бон ӕцӕгдӕр хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕны. Ӕмӕ адӕмы хъӕуы бафӕдзӕхсын! Хъуамӕ зоной, абон сӕ кӕй хъӕуы сӕхи Йегъовӕйы дӕлбар бакӕнын. Кӕрон «нӕ байрӕджы кӕндзӕн» (Аввакум 2:3).
18. Йегъовӕйӕн йӕ адӕмимӕ иумӕ цӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕнӕм?
18 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын йӕ адӕмимӕ ӕргом лӕггад кӕнӕм. Йӕ Ныхасы фыст ис: «Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм, иуӕй-иутӕ куыд ахуыр сты, афтӕ не ’мбырдтӕ ма цух кӕнӕм, фӕлӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм, ӕмӕ, уыцы бон куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр» (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25). Ӕмбырдмӕ куы ’рбацӕуӕм, уӕд не ’муырнджытимӕ иумӕ нӕ зынаргъ Хуыцауы фӕкадджын кӕнӕм ӕмӕ йын иумӕ фӕкувӕм. Стӕй уый фӕрцы кӕрӕдзийы дӕр бафидар кӕнӕм ӕмӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс бафтауӕм.
19. Нӕ бон куыд у ӕмбырды уарзондзинад ӕмӕ хӕлардзинад фидар кӕнын?
19 Йегъовӕйы иннӕ лӕггадгӕнджытимӕ цас арӕхдӕр ӕмбӕлӕм, уыйас ӕмбырды уарзондзинад ӕмӕ хӕлардзинад фидардӕр кӕндзӕн. Йегъовӕ нын нӕ хорз миниуджытӕ куыд уыны, афтӕ мах дӕр хъуамӕ уынӕм, иннӕтӕм хорзӕй цы ис, уый. Колоссӕгтӕм 3:13). Йегъовӕйы тынг чи уарзы, уыдон де ’мбӕлттӕ куы уой, уӕд ӕм ды дӕр ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзынӕ. Йегъовӕйӕн ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ куы лӕггад кӕнай, уӕд дын уый дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнай. Фӕлӕ Йегъовӕ цы ӕрцӕттӕ кодта, иузӕрдионӕй йын чи лӕггад кӕны ӕмӕ йын йӕ уарзтыл фидар чи хӕцы, уыдонӕн?
Де ’муырнджытӕм, алцӕмӕй ӕххӕст уой, уымӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕс. Хуыцауы фӕндагыл дзы чидӕр раздӕр слӕууыд, чидӕр та – фӕстӕдӕр, ӕмӕ дзы чидӕр рӕстдзинад хуыздӕр ӕмбары, чидӕр та йӕ афтӕ хорз нӕма ӕмбары. Стӕй не ’ппӕт дӕр рӕдийӕм (ТЫРН «ӔЦӔГ ЦАРДМӔ»
20, 21. Цы у «ӕцӕг цард» ӕмӕ уыцы цард диссаг цӕмӕн уыдзӕн?
20 Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты схорзӕхджын кӕндзӕн цардӕй. Фӕлӕ цавӕр цардӕй, ныртӕккӕ дӕр цӕргӕ нӕ кӕнӕм? Нӕ фылдӕр зӕгъдзысты: куыннӕ цӕрӕм, уӕдӕ уый цы у – нӕ къахыл лӕууӕм, хӕрӕм, нуазӕм. Стӕй царды иуӕй-иу хатт афтӕ амондджын вӕййӕм, ӕмӕ фӕзӕгъӕм: «Гъе уый дын цард, ӕцӕг цард!» Фӕлӕ, Библи куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй ныртӕккӕ иу адӕймаджы цард дӕр ӕцӕг цард схонӕн нӕй.
21 Хуыцауы Ныхас нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй «фидар ныххӕцӕм ӕцӕг цардыл» (1 Тимофеймӕ 6:19). Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ «ӕцӕг цард» нырма разӕй ис. Ӕххӕст адӕймӕгтӕ куы суӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн зӕгъын, ӕмӕ, ӕцӕг цард цы у, уый базыдтам. Уӕд мах цӕрдзыстӕм, Хуыцауы ӕппӕты райдианӕй куыд фӕндыд, афтӕ. Зӕххыл Дзӕнӕты ӕнӕнизӕй, фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй куы цӕрӕм, уӕд уый уыдзӕн «ӕцӕг цард» – ӕнусон цард (1 Тимофеймӕ 6:12). Ӕвӕдза, цы диссаджы цард нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы!
22. Куыд у дӕ бон «ӕцӕг цардыл» фидар ныххӕцын?
22 Фӕлӕ «ӕцӕг цардыл» фидар куыд ныххӕцӕм? Павел ацы ныхӕстӕ куы загъта, уый размӕ чырыстӕтты сразӕнгард кодта, цӕмӕй «иннӕтӕн хорздзинад аразой» ӕмӕ «хъӕздыг уой хорз хъуыддӕгтӕй» (1 Тимофеймӕ 6:18). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ, Библийӕ цы базыдтам, уый аразгӕ дӕр кӕнӕм. Фӕлӕ цымӕ Павелы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ «ӕцӕг цардӕй» нӕ хорз хъуыддӕгты фӕрцы уыдзыстӕм хайджын? Нӕ, уый зӕгъынмӕ нӕ хъавыд. Уыцы диссаджы цард кӕнгӕ у, «Хуыцауы стыр хорзӕх» ссардзыстӕм ӕви нӕ, уымӕй (Ромӕгтӕм 5:15). Фӕлӕ Йегъовӕйӕн уымӕй ӕхсызгондӕр ницы ис, ӕмӕ йын иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдоны схорзӕхджын кӕна. Тынг ӕй фӕнды, цӕмӕй дӕхи цӕстӕй фенай «ӕцӕг цард» – ӕнусон цард. Уыцы диссаджы цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Хуыцауы уарзтӕй йӕхи ӕнӕхай чи нӕ фӕкӕна, уыдонмӕ.
23. Ӕппӕт хъарутӕй цӕмӕн хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй Хуыцауы уарзтӕй нӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнӕм?
23 Уӕдӕ нӕ алкӕй дӕр хъӕуы ахъуыды кӕнын: «Хуыцау Библийы куыд амоны, афтӕ йын лӕггад кӕнын?» Кӕд уый алы бон дӕр нӕ цардӕй бӕрӕг у, уӕд мах лӕууӕм раст фӕндагыл. Уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕ у не ’мбӕхсӕн. Йегъовӕ ацы фыддунейы фӕстаг бонты йӕ иузӕрдион адӕмы фесафын нӕ бауадздзӕн. Ӕмӕ нӕ тагъд рӕстӕджы йӕ диссаджы ног дунемӕ бакӕндзӕн. Уыцы рӕстӕг диссаг куыннӕ уыдзӕн! Куыд цин кӕндзыстӕм, ацы фӕстаг бонты раст фӕндаг кӕй равзӕрстам, ууыл! Уӕдӕ абон ды дӕр раст фӕндаг куы равзарай, уӕд «ӕцӕг цард» дӕхи цӕстӕй фендзынӕ. Ды цӕрдзынӕ ӕнустӕм – Йегъовӕ Хуыцауы ӕппӕты райдианӕй куыд фӕндыд, афтӕ!