Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йесойы фӕзм, ӕмӕ...

Йесойы фӕзм, ӕмӕ...

У ТӔРИГЪӔДГӔНАГ

Йесо ӕххӕст адӕймаг кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ, иннӕ адӕм цы зындзинӕдтӕ ӕвзӕрстой, уый ахӕм зындзинӕдтӕй бирӕ цыдӕртӕ нӕ бавзӕрста. Фӕлӕ уӕддӕр адӕмы зын йӕ зӕрдӕмӕ арф иста. Йӕ хъарутӕ ӕмӕ сын йӕ рӕстӕг не ’вгъау кодта. Цы хъуыди, уымӕй дӕр-иу сын фылдӕр сарӕзта, уымӕн ӕмӕ сын тӕригъӕд кодта. Ахъуыды кӕн, Йесо ацы миниуӕг куыд ӕвдыста, ууыл. Уымӕн цӕвиттонтӕ ис 32, 37, 57, 99 сӕрты.

ИННӔТӔН ДЕМӔ ӔНЦОН УӔД

Цавӕрфӕнды кары адӕм дӕр – ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕ дӕр – Йесомӕ бацӕуын нӕ тарстысты, уымӕн ӕмӕ йӕхи афтӕ никуы дардта, цыма йӕ уыдонмӕ не ’вдӕлы кӕнӕ уыдонӕй уӕлдӕр у. Алкӕуыл дӕр сӕ зӕрдӕйӕ тыхсти, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ йемӕ ӕнцон уыд. Уый тыххӕй бакӕсӕн ис 25, 27, 95 сӕрты.

АЛКӔДДӔР КУВ

Йесо уарзта йӕ Фыдимӕ ныхас кӕнын. Зӕрдӕбынӕй-иу ӕм куывта иунӕгӕй дӕр ӕмӕ-иу иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытимӕ куы уыд, уӕд дӕр. Ӕрмӕст хӕрды размӕ-иу нӕ куывта, фӕлӕ алы уавӕрты дӕр. Йӕ Фыдӕн-иу бузныг дзырдта, кадджын-иу ӕй кодта ӕмӕ-иу дзы разамынд куырдта ахсджиаг хъуыддӕгты уынаффӕ рахӕссыны размӕ. Уый тыххӕй дзырд цӕуы 24, 34, 91, 122, 123 сӕрты.

ӔРМӔСТ ДӔХИУЫЛ МА ХЪУЫДЫ КӔН

Йесойы-иу хъуыди йӕ фӕллад суадзын дӕр. Фӕлӕ-иу ахӕм рӕстӕг дӕр, иннӕты йе ’ххуыс кӕй хъӕуы, уый куы федта, уӕд-иу йӕхи мӕт нал кодта. Афтӕ нӕ хъуыды кодта, фыццаг уал мӕхи удӕн хъуамӕ уон, зӕгъгӕ. Ӕмӕ нын уымӕй дӕр равдыста, куыд хъуамӕ цӕрӕм, уый. Уый тыххӕй бакӕс 19, 41, 52 сӕрты.

У ХАТЫРГӔНАГ

Хатыр кӕнын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй Йесо ӕрмӕст дзургӕ нӕ кодта – йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмӕ иннӕ адӕмӕн куыд уыди, уымӕй йӕ равдыста. Ахъуыды кӕн йӕ цардӕй цалдӕр цӕвиттоныл. Фыст сты 26, 40, 64, 85, 131 сӕрты.

ЗЫНГЗӔРДӔЙӔ ЛӔГГАД КӔН

Хуыцауы Ныхасы бирӕ раздӕр фыст ӕрцыд, дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕр Мессийӕйыл кӕй нӕ баууӕнддзысты ӕмӕ йӕ йе знӕгтӕ кӕй амардзысты. Уӕдӕ Йесойӕн йӕ бон уыди, ӕмӕ уыцы адӕмы тыххӕй йӕхи уӕлдай мацӕмӕй батыхсын кодтаид. Фӕлӕ уый Хуыцауы хъуыддаджы йӕ удӕй арт цагъта. Абон йӕ фӕдылдзӕуджытӕм дӕр бирӕтӕ нӕ фӕхъусынц ӕмӕ ма сӕ ныхмӕ дӕр фӕцӕуынц. Фӕлӕ Йесо куыд зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта, уымӕй фӕзминаг у не ’ппӕтӕн дӕр. Кӕс 16, 72, 103 сӕртӕ.

У СӔРНЫЛЛӔГ

Йесо, зӕгъӕн ис, ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕнӕххӕст адӕмӕй уӕлдӕр уыди, зӕгъӕм, цас зыдта ӕмӕ цы куырыхон зонды хицау уыд, уымӕй. Ӕххӕст адӕймаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йын хъаруйӕ ӕмӕ зондӕй ӕмбал нӕ уыд. Фӕлӕ уӕддӕр иннӕтӕн сӕрныллӕгӕй лӕггад кодта. Уый тыххӕй дӕ бон бакӕсын у 10, 62, 66, 94, 116 сӕрты.

У ФӔРАЗОН

Йесойы апостолтӕ дӕр ӕмӕ-иу иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр уайтагъд нӕ райдыдтой архайын, уый куыд цард ӕмӕ сын цы амыдта, уымӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ Йесо семӕ алкӕддӕр уыди фӕразон. Ногӕй ӕмӕ та-иу сын ногӕй равдыста ӕмӕ бацамыдта, цы сӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кодтаиккой. Йесойы фӕразондзинады тыххӕй дзырд цӕуы 74, 98, 118, 135 сӕрты.