2 ФАРСТА
Ме ’ддаг бакастыл цӕмӕн мӕт кӕнын?
ДЫ КУЫД БАКӔНИС?
Дӕ цӕстытыл-ма ахӕм хабар ауайын кӕн. Юлия йӕхимӕ кӕсӕнмӕ кӕсы ӕмӕ хъуыды кӕны, ӕгӕр нард дӕн, зӕгъгӕ. Кӕд ын йӕ ныййарджытӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ афтӕ фӕзӕгъынц, къӕцӕлы хуызӕн мӕллӕг дӕ, зӕгъгӕ, уӕддӕр йӕхицӕн дзуры: «Хъуамӕ смӕллӕг уон».
Ӕрӕджы Юлия хъуыды кодта диетӕйыл сбадыныл, цӕмӕй «цалдӕр килӕйы» уӕддӕр аппара. Уый тыххӕй йӕ бахъӕудзӕн йӕхи цалдӕр бонмӕ хӕринагӕй фӕцух кӕнын...
Юлияйы бынаты ды куыд бакӕнис?
ӔРЛӔУУ ӔМӔ АХЪУЫДЫ КӔН!
Де ’ддаг бакастыл кӕй фӕхъуыды кӕныс, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Библийы дӕр фыст ис, рӕсугъд чи уыд, бирӕ ахӕм сылгоймӕгтӕ ӕмӕ нӕлгоймӕгты тыххӕй, зӕгъӕм, Саррӕ, Рахил, Авигейӕ, Иосиф ӕмӕ Давиды тыххӕй. Библийы ма цӕуы, «ӕмбисонды рӕсугъд» чи уыди, иу ахӕм чызджы кой дӕр, Ависагӕ, зӕгъгӕ (1 Паддзӕхты 1:4).
Фӕлӕ ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ се ’ддаг бакастыл ӕгӕр фӕмӕт кӕнынц. Ӕмӕ сӕ уый хорзӕй ницӕмӕ ӕркӕны. Ахъуыды-ма кӕнӕм:
-
Бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ Иугонд Штатты чызджытӕй 58 проценты афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ ӕгӕр нард сты, афтӕмӕй та, йӕхи смӕллӕг кӕнын кӕй хъӕуы, ахӕм чызджыты нымӕц 17 проценты йеддӕмӕ нӕу.
-
Иугонд Штатты ӕндӕр бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ та, ӕгӕр мӕллӕг чи у, уыцы сылгоймӕгтӕй 45 проценты афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ сты ӕгӕр нард!
-
Йӕхи смӕллӕг кӕныныл чи архайдта, уыцы ӕрыгӕттӕй кӕмӕдӕрты фӕзынд анорекси. Анорекси кӕмӕн вӕййы, ахӕм адӕймаг йӕхи барӕй ӕххормагӕй фӕмары, ӕмӕ уый у цардӕн тӕссаг низ.
Кӕд анорекси кӕнӕ ӕндӕр ахӕм низӕй рынчын дӕ, уӕд ӕххуыс бацагур. Хабар уал дӕ ныййарджытӕн кӕнӕ, хорз кӕимӕ дӕ, уыцы хистӕртӕй искӕмӕн зӕгъ. Библийы фыст ис: «Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы. Уый у, зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 17:17).
ӔЦӔГДӔР ДӔ ФӔИВЫН ЦЫ ХЪӔУЫ?
Адӕймаг зӕрдӕмӕдзӕугӕ уыдзӕн ӕви нӕ, уый йе ’ддаг бакастӕй кӕнгӕ нӕу. Паддзах Давиды фырт Авессаломы хабарыл-ма ахъуыды кӕнӕм. Библийы фыст ис:
«Авессаломы хуызӕн рӕсугъд нӕлгоймаг нӕ уыди. Къахӕй сӕрмӕ йӕм иу хъӕндзинад дӕр нӕ уыд ссарӕн» (2 Самуилы 14:25).
Фӕлӕ Авессалом уыди тынг сӕрбӕрзонд, кадмондаг ӕмӕ йыл ӕууӕнк нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ Библи Авессаломы ӕвдисы зӕрдӕмӕдзӕугӕ адӕймагӕй нӕ, фӕлӕ лӕгмарӕй, ӕдзӕсгом ӕмӕ, ӕууӕнк кӕуыл нӕй, ахӕм адӕймагӕй.
Библи нын дзӕгъӕлы нӕ дзуры:
«Уӕ удыхъӕд ногмӕ раивут» (Колоссӕгтӕм 3:10).
«Уӕ фидауц дзыккуты быд, сызгъӕринтӕ кӕнӕ уӕлӕдарӕс ма уӕд, фӕлӕ, уӕ зӕрдӕйы цы ис, уый» (1 Петры 3:3, 4).
Де ’ддаг бакаст зӕрдӕмӕдзӕугӕ уа, уый дӕ кӕй фӕнды, уым ӕвзӕрӕй ницы ис, фӕлӕ уымӕй бирӕ ахсджиагдӕр у, цавӕр адӕймаг дӕ, уый. Адӕм дӕ уый тыххӕй нӕ уарздзысты, ӕмӕ рӕсугъд дӕ, фӕлӕ дӕ хорз миниуджыты тыххӕй. Иу чызг, Аннӕ, зӕгъгӕ, загъта: «Рӕсугъд адӕймагыл адӕм сӕ цӕст куыннӕ ӕрӕвӕрынц, фӕлӕ адӕймаджы бахъуыды кӕнынц йӕ хорз миниуджыты тыххӕй».
ДӔХИМӔ ЦЫ ЦӔСТӔЙ КӔСЫС?
Де ’ддаг бакаст дӕ зӕрдӕмӕ арӕх нӕ фӕцӕуы?
Де ’ддаг бакасты дӕ зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый фӕивыны тыххӕй, мыййаг, операцийыл кӕнӕ карз диетӕйыл никуы хъуыды кодтай?
Дӕ бон куы уаид, уӕд де ’ддаг бакасты цы фӕивис? (Цы равзардзынӕ?)
-
АС
-
УӔЗ
-
СӔРЫХЪУЫНТӔ
-
ФИГУРӔ
-
ЦӔСГОМ
-
ӔНДӔР ИСТЫ
Кӕд фыццаг дыууӕ фарстайӕн, о, зӕгъгӕ, загътай, ӕмӕ ӕртыккаг фарстайы та дыууӕ ныхасӕй фылдӕр бахахх кодтай, уӕд ахъуыды кӕн: чи зоны, дӕхӕдӕг дӕхимӕ цы цӕстӕй кӕсыс, иннӕтӕ дӕм ахӕм цӕстӕй нӕ кӕсынц. Адӕймаг ӕй ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕны, афтӕ хъуыддаг ӕгӕр ныддиссаг кӕны ӕмӕ йе ’ддаг бакастыл ӕгӕр мӕт кӕнын райдайы (1 Самуилы 16:7).