ФАРОН ЦЫ АХСДЖИАГ ХАБӔРТТӔ ӔРЦЫД
«Нӕ интернет-телеуынынад тынг уарзӕм!»
2014 азы 6 октябры йӕ куыст кӕнын райдыдта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты интернет-телеуынынад англисаг ӕвзагыл. 2015 азы августӕй фӕстӕмӕ программӕтӕ тӕлмац кӕнынц 70 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ, ӕмӕ йӕм уый фӕрцы фылдӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн у сӕ бон кӕсын. Нӕ интернет-телеуынынадмӕ чи фӕкӕсы, уыдон нӕм алы бӕстӕтӕй фыссынц, уыцы диссаджы ног мадзалы тыххӕй тынг бузныг кӕй сты. Фӕлӕ цымӕ цы хъуыд саразын, цӕмӕй интернет-телеуынынад йӕ куыст кӕнын райдыдтаид?
Фыццаг уал хъуыди студийӕн бынат ссарын. Уымӕн сбӕззыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады агъуыстытӕй иу (Бруклин, Нью-Йорк, Колумбия-Хайтс, 30). Цы дзауматӕ дзы уыд, уыдон иууылдӕр иу къуыримӕ рахастой,
ӕмӕ цалцӕггӕнӕн куыстыты хайад йӕ куыстмӕ бавнӕлдта. Уыцы рӕстӕг кусын райдыдтой студийы проектыл – хъуамӕ уыдаид аив, фӕлӕ, Хуыцауы хъуыддӕгтыл ныхас кӕнӕн кӕм уыдаид, ахӕм. Иугонд Штаттӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ уыцы проектыл ӕхсӕвӕй-бонӕй куыстой ӕмӕ, цыбыр рӕстӕгмӕ уыцы куыстытӕ куыд ис бакӕнӕн, уый пълан кодтой. Ӕнӕуи уыдӕттыл цалдӕр мӕйы ацӕуы, фӕлӕ ӕфсымӕртӕ цалдӕр бонмӕ алцыдӕр спълан кодтой, ӕмӕ амал кӕныны хайад уайтагъд заказ кӕнын райдыдта, студийӕн цыдӕриддӕр хъуыд, уый.Ӕфсымӕртӕ бирӕ километртӕ телтӕ ауагътой ӕмӕ сбӕрӕг кодтой, алцыдӕр рӕстмӕ кусы ӕви нӕ. Уыцы рӕстӕг та Паттерсоны нӕ оркестр аудио- ӕмӕ видеостудиты программӕйӕн музыкӕ фыста. Уый тыххӕй алы бӕстӕтӕй фӕхуыдтой, ӕдзухдӕр нӕ музыкӕ чи фӕфыссы, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты. Ӕфсымӕртӕ фыццаг цалдӕр мӕйӕн программӕты сценаритӕ ныффыстой, ӕцӕгдӕр чи ӕрцыд, ахӕм хабӕрттӕн сценаритӕ бацӕттӕ кодтой, ӕмӕ Иугонд Штатты (Бруклин, Паттерсон, Уолкилл) ӕмӕ иннӕ бӕстӕты звуко- ӕмӕ видеооператортӕ видеороликтӕ исын райдыдтой. Студи куы сарӕзтой ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр хъуыд, уый куы сӕвӕрдтой, уӕд райдыдтой программӕтӕ цӕттӕ кӕнын.
Ацы куыст хорз чи зоны, иу ахӕм адӕймаджы куы бафарстам, ахӕм стыр студи саразынӕн цас рӕстӕг бахъӕуы, уӕд нын загъта, ӕнӕуи, дам, иу афӕдз ӕмӕ ӕрдӕг бахъӕуы. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ та афтӕ бафыдӕбон кодтой, ӕмӕ уыцы куыст фесты дыууӕ мӕймӕ!
Сӕ фыдӕбон уый аргъ уыд! Программӕ рацӕуы алы мӕй дӕр, мӕйы фыццаг къуырисӕры, ӕмӕ йӕм бакӕсынц дыууӕ милуан хаттӕй фылдӕр. Ӕндӕр видеороликтӕм та алы мӕй дӕр бакӕсынц дӕс милуан хаттӕй фылдӕр.
«Программӕйы фӕрцы Йегъовӕйы организацимӕ ӕмӕ Разамонӕг советмӕ ӕввахсдӕр кӕнын. Фидарӕй йӕ зонын, стыр уарзондзинад кӕм ис, уыцы бинонты ’хсӕн кӕй дӕн» (Кени)
Нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн нын ацы ног мадзал кӕй фӕзынд, уый тыххӕй Йегъовӕйы адӕм цы дзурынц? Бирӕ хотӕ ӕмӕ нӕм ӕфсымӕртӕ ӕрбарвыстой бузныджы ныхӕстӕ. Дӕлдӕр фыст сты иуӕй-иуты ныхӕстӕ.
-
«Уый уыд мӕ царды ӕппӕты амондджындӕр изӕртӕй иу! Дысон мӕ бинойнагимӕ бакастыстӕм нӕ интернет-телеуынынады 2015 азы майы программӕмӕ. Куыд амондджын дӕн, уый бамбарын кӕнынӕн мын ныхӕстӕ дӕр нӕ фаг кӕны. Уый у, Йегъовӕ мын цы зынаргъ лӕвӕрттӕ скодта, уыдонӕй иу. Стыр бузныг стӕм Разамонӕг советӕй ӕмӕ ма ацы диссаджы программӕ бацӕттӕ кӕныныл чи фыдӕбон кодта, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй се ’ппӕтӕй дӕр» (Индонези).
-
«Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ уый размӕ никуы фехъуыстой, Разамонӕг советы чи ис, уыдоны раныхӕстӕ. Ныр та уыцы ӕфсымӕрты ӕрмӕст хъусгӕ нӕ, фӕлӕ ма сӕ уынгӕ дӕр фӕкӕнӕм. Разамонӕг советимӕ ӕмӕ нын ӕнӕхъӕн дунейы цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уыдонимӕ афтӕ ӕнгом кӕй стӕм, уый ныр куыд ӕнкъарӕм, афтӕ никуыма» (Кени).
-
«Ис мын, рӕзгӕ кары чи ис, дыууӕ ахӕм сывӕллоны. Фӕлӕ мӕ сӕрыхицау Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй нӕу, уымӕ гӕсгӕ мын зын у бинонты ахуыр уадзын. Ӕмӕ мын нӕ интернет-телеуынынад уыцы хъуыддаджы у стыр ӕххуыс. Уый фӕрцы ӕмбарын, нӕ организаци цы стыр у ӕмӕ ӕз дӕр уыцы организацийӕ кӕй дӕн. Стӕй уыцы программӕтӕ мӕн дӕр ӕмӕ мӕ сывӕллӕтты дӕр тынг бафидар
кӕнынц. Уый ӕцӕгдӕр Йегъовӕйы арфӕдзинад у» (Великобритани). -
«Нӕ интернет-телеуынынад тынг уарзӕм! Программӕ фылдӕр ӕвзӕгтыл куы фӕзынд, уӕд бамбӕрстам, Хуыцау нын нӕ куывдтытӕ кӕй фехъуыста. Ӕфсымӕртӕ, стыр ныфс нӕ уадзы, Йегъовӕйы хъуыддагмӕ цы зӕрдӕ дарут ӕмӕ уын уӕ лӕггад цы циндзинад хӕссы, уый. Нӕ интернет-телеуынынад куы фӕзынд, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр банкъардтам, ӕцӕгдӕр Йегъовӕйы диссаджы организацийӕ кӕй стӕм» (Чехийы Республикӕ).
-
«Разамонӕг советы чи ис, уыцы ӕфсымӕрты мӕ мадӕлон ӕвзагыл дзургӕйӕ куы фехъусын, уӕд Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс вӕййын» (Бразили).
-
«Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын 16 азы, фӕлӕ, абон куыд цин кодтон, афтӕ ма цин кодтон, донаргъуыд куы райстон, ӕрмӕстдӕр уӕд. Бузныг уын, нӕ зынаргъ ӕфсымӕртӕ, нӕ интернет-телеуынынады тыххӕй» (Бразили).
Фидарӕй нӕ уырны, Йегъовӕйы ӕххуысӕй нӕ интернет-телеуынынад ӕнӕхъӕн дунейы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты уырнындзинад дарддӕр дӕр кӕй фидар кӕндзӕн ӕмӕ Йегъовӕйы номӕн кад кӕй хӕсдзӕн.