Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, кӕм ӕмбырд кӕнынц, уыцы бынат аргъуан цӕуылнӕ хонынц?
Библийы, хатт «аргъуан»-ӕй кӕй ратӕлмац кӕнынц, уыцы грекъаг дзырд амоны, Хуыцауӕн чи кувы, ахӕм адӕмы къордмӕ, кӕм ӕрӕмбырд вӕййынц, уыцы агъуыстмӕ нӕ, фӕлӕ.
Ахъуыды кӕн цӕвиттоныл: Апостол Павел Ромы цӕрӕг чырыстӕттӕм писмо куы фыста, уӕд дзы салӕмттӕ ’рвыста иу бинонтӕн, Акилӕ ӕмӕ Прискӕйӕн ӕмӕ ма ныффыста: «Саламтӕ раттут, сӕ хӕдзары цы аргъуан ӕмбырд кӕны, уымӕн дӕр» (Ромӕгтӕм 16:4, «Ног Фӕдзӕхст», 2004). Павел цавӕрдӕр бынатӕн салӕмттӕ не ’рвыста, фӕлӕ сӕ ’рвыста адӕмӕн – уыцы хӕдзары-иу чи ӕмбырд кодта, уыдонӕн a.
Уымӕ гӕсгӕ мах дӕр, Хуыцауӕн кӕм фӕкувӕм, уыцы бынат аргъуан нӕ хонӕм, фӕлӕ «Паддзахады зал».
«Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Паддзахады зал» – афтӕ цӕмӕн хуыйны?
Афтӕ йӕ хонӕм цалдӕр хъуыддаджы тыххӕй:
Уый вӕййы зал, ома, ӕмбырд ауадзӕн кӕм ис, ахӕм агъуыст
Мах дзы ӕрӕмбырд вӕййӕм, цӕмӕй Йегъовӕйӕн, Библийы кӕй кой ис, уыцы Хуыцауӕн кувӕм ӕмӕ уый тыххӕй ныхас кӕнӕм (Псалом 83:18; Исай 43:12).
Стӕй ма ӕрӕмбырд вӕййӕм, цӕмӕй фылдӕр базонӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, Чырысти арӕх кӕй кой кодта, уыцы Паддзахады тыххӕй (Матфейы 6:9, 10; 24:14; Лукайы 4:43).
Зӕрдиагӕй дӕ хонӕм, ӕввахс дӕм чи у, уыцы Паддзахады залмӕ, цӕмӕй дӕхӕдӕг фенай, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдты цы фӕкусынц.
a Ӕндӕр ахӕм цӕвиттонтӕ ма фенӕн ис (1 Коринфӕгтӕм 16:19; Колоссӕгтӕм 4:15; Филимонмӕ 2).